Иоил
2 «Сионыл сыкъайӕ уасут+, мӕ сыгъдӕг хохыл+ тохы хъӕр кӕнут+. Ацы зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр фыртӕссӕй ризӕнт+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы бон ӕрцӕуы+, хӕстӕг у! 2 Уыцы бон у талынг ӕмӕ тар бон+, хъуынтъыз ӕмӕ саудалынг бон. Уый у, сӕуӕхсиды рухс хӕхтӕй куыд нӕ фӕзыны, афтӕ+.
Ис тыхджын адӕм, нымӕц дӕр сын нӕй+. Ахӕм адӕм нырмӕ дӕр никуы уыд+ ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр нал уыдзӕн – иу фӕлтӕры дӕр. 3 Сӕ разӕй цӕуы арт+ ӕмӕ, цы ӕййафы, уый судзы, сӕ фӕстӕ та цӕуы пиллон арт ӕмӕ алцыдӕр ныхъуыры+. Сӕ разӕй – Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн бӕстӕ+, сӕ фӕстӕ та – ӕдзӕрӕг быдыр, ӕмӕ ӕппындӕр ницы баззайы сӕ фӕстӕ.
4 Бакастӕй сты бӕхты хуызӕн, хӕстон бӕхтау размӕ бырсынц+. 5 Хӕхты цъуппытыл гӕппытӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ хъӕлӕба у бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбуры хуызӕн+ ӕмӕ, хъӕмп куы фӕсудзы, уӕд куыд фӕкъӕрцц-къӕрцц кӕны, уый хуызӕн+. Уыдон сты, хӕстмӕ чи рацыд, ахӕм тыхджын адӕмы хуызӕн+. 6 Сӕ уындӕй адӕмтӕ зыр-зыр кӕндзысты*+. Фыртыхстӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕсгӕмттӕ ныссырх уыдзысты+.
7 Тыхджынтау згъорынц+, хӕстонтау къулыл схизынц. Алчи сӕ цӕуы йӕхи фӕндагыл ӕмӕ дзы никӕцырдӕм аздӕхы+. 8 Кӕрӕдзи нӕ хъыгдарынц. Тыхджын лӕгау цӕуынц сӕ фӕндагыл. Искӕуыл сӕ фат куы сӕмбӕлы ӕмӕ куы ’рхауы, уӕд дӕр иннӕтӕ не ’рлӕууынц.
9 Горӕтмӕ бабырсынц, къулыл сызгъорынц, хӕдзӕртты сӕрмӕ схизынц, абырджытау рудзгуытӕй бабырынц. 10 Сӕ разы зӕхх банкъуысы, уӕлӕрвтӕ базмӕлынц. Хур ӕмӕ мӕй баталынг вӕййынц+, стъалытӕ нал ферттивынц+. 11 Йегъовӕйы хъӕлӕс+ ныннӕрдзӕн йе ’фсады раз+. Йе ’фсӕдтӕ тынг бирӕ сты+, ӕмӕ, йӕ дзырд чи ӕххӕст кӕны, уый тыхджын у. Йегъовӕйы бон у стыр бон+, адӕймагыл тас ӕфтауы, ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»+
12 «Уӕдӕ мӕм ныр ӕппӕт зӕрдӕйӕ раздӕхут+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ком дарут+, кӕут ӕмӕ ӕрдиаг кӕнут+. 13 Уӕ уӕлӕдарӕс+ нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кӕнут+. Раздӕхут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, ӕмӕ, йӕ адӕмыл цы бӕллӕх ӕруадзинаг у, ууыл фӕфӕсмон кӕндзӕн+. 14 Чи зоны, йӕ фӕнд аива, чи зоны, фӕфӕсмон кӕна+ ӕмӕ ма уын ныууадза арфӕдзинад+ – уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозт.
15 Сионыл сыкъайӕ уасут+. Комдарӕн бонтӕ скӕнут+. Фехъусын кӕнут, сӕрмагонд ӕмбырд кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй+. 16 Адӕмы ӕрӕмбырд кӕнут. Ӕмбырды адӕмы ссыгъдӕг кӕнут+. Ӕрӕмбырд кӕнут зӕрӕдты, стӕй сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты дӕр+. Усгур дӕр йӕ уатӕй рацӕуӕд, ӕмӕ чындз – йӕ чындзы уатӕй.
17 Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыцы сауджынтӕ кувӕндоны мӕсыг ӕмӕ нывондхӕссӕны+ ’хсӕн кӕуӕнт ӕмӕ дзурӕнт: „О Йегъовӕ, дӕ адӕмӕн фӕтӕригъӕд кӕн, ма бауадз, цӕмӕй фӕхудинаг уой+ ӕмӕ сын иннӕ адӕмтӕ хицау суой. Цӕмӕн хъуамӕ дзурой адӕмтӕ: „Кӕм ис сӕ Хуыцау?“+ 18 Йегъовӕ йӕ зӕххы тыххӕй йӕ удӕй арт цӕгъддзӕн+ ӕмӕ йӕ адӕмӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+. 19 Йегъовӕ йӕ адӕмы фехъусдзӕн ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Хор, ног сӕн ӕмӕ уын сой ратдзынӕн, ӕмӕ бафсӕддзыстут+. Никуыуал бауадздзынӕн, цӕмӕй иннӕ адӕмты ’хсӕн фӕхудинаг уат+. 20 Цӕгатӕй уӕм чи ’рцӕуа, уый+ фӕсурдзынӕн ӕнӕдон ӕмӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ: йе ’фсӕдтӕй разӕй чи цӕуа, уыдоны фӕсурдзынӕн скӕсӕн денджызы*+ ’рдӕм, фӕстейӕ сӕ чи цӕуа, уыдоны та – ныгуылӕн денджызы*+ ’рдӕм. Ӕмӕ йӕ тӕф цӕудзӕн, йе смаг кӕлдзӕн+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау диссӕгтӕ сараздзӕн“.
21 Зӕхх, ма тӕрс. Цин кӕн ӕмӕ хъӕлдзӕг у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ диссӕгтӕ сараздзӕн+. 22 Ма тӕрсут, хъӕддаг сырдтӕ+, уымӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры хизӕнтӕ цъӕх адардзысты+. Бӕлӕстӕ дыргъ ратдзысты+. Легъуибӕлас ӕмӕ сӕнӕфсир дӕр хъӕздыг тыллӕг ратдзысты+. 23 Сионы фырттӕ, сымахӕн дӕр уӕ зӕрдӕ райӕд, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе стыр цин уӕд+, уымӕн ӕмӕ уын фӕззыгон къӕвдатӕ, цас хъӕуы, уыйбӕрц ратдзӕн+, раздӕрау уын рауадздзӕн тӕрккъӕвдатӕ, фӕззыгон къӕвда ӕмӕ уалдзыгон къӕвда+. 24 Ӕмӕ уӕ найгӕнӕн мустӕ сыгъдӕг хорӕй байдзаг уыдзысты, уӕ сӕндуцӕнты былтӕй кӕлдзӕн ног сӕн ӕмӕ сой+. 25 Ме стыр ӕфсад – мӕтыхтӕ, лӕппын мӕтыхтӕ, хъӕндилтӕ* ӕмӕ-иу уӕм къуыдыркӕлмытӕ куы арвыстон ӕмӕ-иу уын уӕ тыллӕг куы бахордтой, уыцы азты цы зиан баййӕфтат, уый уын бафиддзынӕн+. 26 Ӕмӕ сымах хӕрдзыстут, хӕрдзыстут ӕмӕ уӕхи ӕфсаддзыстут+, ӕмӕ ӕнӕмӕнг кадджын кӕндзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ном+, сымах тыххӕй ахӕм диссӕгтӕ чи сарӕзта, уыцы Хуыцауы ном+. Ӕмӕ мӕ адӕм никуыуал фӕхудинаг уыдзысты+. 27 Уӕд ӕй базондзыстут, ӕз Израилы ’хсӕн кӕй дӕн+ ӕмӕ ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй+. Ӕмӕ мӕ адӕм никуыуал фӕхудинаг уыдзысты.
28 Уый фӕстӕ ӕз мӕ тых*+ ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл+, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ+ пехуымпариуӕг кӕндзысты. Уӕ зӕронд лӕгтӕ фынтӕ уындзысты. Уе ’рыгон лӕппутӕ та уындзысты цӕстылуайӕнтӕ. 29 Уыцы бонты мӕ тых ӕруадздзынӕн суанг лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтыл дӕр+.
30 Ӕз арвыл ӕмӕ зӕххыл равдисдзынӕн диссӕгтӕ+: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ+. 31 Йегъовӕйы стыр бон, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы бон куы ’рцӕуа, уый размӕ+ хур баталынг уыдзӕн+ ӕмӕ мӕй туг фестдзӕн+. 32 Фӕлӕ Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый аирвӕздзӕн+, уымӕн ӕмӕ Сионы хохыл ӕмӕ Иерусалимы уыдзӕн, чи аирвӕздзӕн, ахӕмтӕ+, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уыдон уыдзысты, Йегъовӕ кӕй ӕвзары ӕмӕ удӕгасӕй чи баззайдзӕн, уыдоны ’хсӕн»+.