Ромӕгтӕм
16 Уӕ бар уын кӕнын нӕ хо Фивӕйы. Уый лӕггад кӕны+ Кенхрейы+ ӕмбырды. 2 Нӕ Хицауы хатырӕй йӕ, сыгъдӕджыты куыд ӕмбӕлы, афтӕ суазӕг кӕнут+ ӕмӕ йӕ уӕ сӕр кӕм бахъӕуа, уым-иу ӕм фӕкӕсут+, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр бирӕты фарсмӕ балӕууыд, балӕууыд мӕ фарсмӕ дӕр.
3 Мӕ номӕй салӕмттӕ раттут Прискӕ* ӕмӕ Акилӕйӕн+, ме ’мкусджытӕн+ Йесо Чырыстийы хъуыддаджы. 4 Уыдон мӕн тыххӕй* сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ ӕппӕрстой+, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг+, фӕлӕ иннӕ адӕмты ӕмбырдтӕ иууылдӕр. 5 Салӕмттӕ раттут, сӕ хӕдзары чи ӕмбырд кӕны, уыдонӕн дӕр+. Афтӕ ма салӕмттӕ раттут мӕ уарзон ӕфсымӕр Епенетӕн – Азийы* фыццаг+ уый баууӕндыд Чырыстийыл. 6 Салӕмттӕ Марийӕйӕн дӕр, уый сымах тыххӕй бирӕ бафыдӕбон кодта. 7 Салӕмттӕ раттут мӕ хиуӕттӕ+ Андроник ӕмӕ Юнийӕн, сӕ дыууӕ дӕр мӕнау уыдысты ахст+. Уыдоны хорз зонынц апостолтӕ дӕр, ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ+ дӕр мӕнӕй раздӕр систы.
8 Салӕмттӕ+, нӕ Хицауы фӕрцы иудзинады кӕимӕ дӕн, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕр Амплийӕн. 9 Салӕмттӕ Урбанӕн, не ’мкусӕгӕн Чырыстийы хъуыддаджы, ӕмӕ мӕ уарзон ӕфсымӕр Стахийӕн. 10 Салӕмттӕ раттут+, Чырыстиимӕ иудзинады чи ис ӕмӕ иузӕрдион чи у, уыцы Апеллесӕн. Салӕмттӕ Аристовулы хӕдзаронтӕн. 11 Салӕмттӕ мӕ хӕстӕг Иродионӕн+. Салӕмттӕ, Наркисы хӕдзаронтӕй нӕ Хицауы фӕдылдзӕуӕг чи у, уыдонӕн+. 12 Салӕмттӕ Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйӕн. Уыцы сылгоймӕгтӕ тынг зӕрдиагӕй архайынц нӕ Хицауы хъуыддаджы. Салӕмттӕ нӕ уарзон хо Персидӕйӕн – уый нӕ Хицауы хъуыддаджы бирӕ сарӕзта. 13 Салӕмттӕ раттут нӕ Хицауы лӕггадгӕнӕг Руфӕн – уый хуызӕн лӕггадгӕнӕг нӕй. Ӕмӕ салӕмттӕ йӕ мадӕн дӕр, уый мӕнӕн дӕр мады хуызӕн сси. 14 Салӕмттӕ Асинкрит, Флегонт, Гермес, Патров ӕмӕ Ермийӕн, стӕй, семӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕн дӕр. 15 Салӕмттӕ Филолог ӕмӕ Юлиайӕн, Нирей ӕмӕ йӕ хойӕн, стӕй уӕд Олимпанӕн ӕмӕ, семӕ чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕн дӕр+. 16 Салам дӕтгӕйӕ-иу кӕрӕдзийӕн ӕфсымӕртау апъа кӕнут+. Чырыстийы ӕмбырдтӕ уын иууылдӕр салӕмттӕ ӕрвитынц.
17 Ме ’фсымӕртӕ, фӕдзӕхсын уын: уӕ хъус дарут, иуты иннӕты ныхмӕ+ чи кӕны ӕмӕ уӕ чи рӕдийын кӕны*, уыдонмӕ ӕмӕ сӕм хӕстӕг ма цӕут+, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ сты, цы ахуырад+ базыдтат, уый ныхмӕ. 18 Ахӕм адӕм нӕ Хицау Чырыстийы фӕдыл нӕ цӕуынц, фӕлӕ сӕ гуыбыны фӕдыл+, ӕмӕ, ӕнӕхин чи у, уыдоны рӕсугъд+, зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй сайынц+. 19 Коммӕгӕс кӕй стут, уый тыххӕй алчидӕр базыдта+, ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон у. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕнды, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтӕм уат сӕрӕн+, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм+ та ма арӕхсат+. 20 Фарндӕттӕг+ Хуыцау та тагъд Сайтаны+ уӕ къӕхты бын ныссӕнддзӕн. Уӕдӕ нӕ Хицау Йесойы стыр хорзӕхӕй хайджын ут+.
21 Салӕмттӕ ма уын ӕрвиты ме ’мкусӕг Тимофей, стӕй мӕ хӕстӕджытӕ Луций, Иасон ӕмӕ Сосипатр дӕр+.
22 Чырыстон салӕмттӕ уын ӕрвитын ӕз дӕр, Тертий, ацы фыстӕг кӕй къухӕй ӕрцыд фыст, уый.
23 Салӕмттӕ уын ӕрвиты мӕ фысым Гай+, ӕгас ӕмбырд дӕр кӕмӕ фембӕлы, уый. Салӕмттӕ уын ӕрвитынц горӕты+ хицау Ераст ӕмӕ йе ’фсымӕр Кварт дӕр. 24* ––
25 Кад Хуыцауӕн! Уымӕн+ йӕ бон у сымах сфидар кӕнын, ӕз адӕммӕ цы хорз хабар хӕссын ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй цы хъусын кӕнын, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы хорз хабар баст у, рагзамантӕй ӕмбӕхст чи уыд, уыцы сусӕгдзинады*+ тыххӕй цы раргом, уыимӕ. 26 Фӕлӕ ныр уыцы сусӕгдзинад раргом+, ӕмӕ пехуымпарты фыстыты фӕрцы уыцы сусӕгдзинад базыдтой ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. Уый у ӕнусон Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Йӕ фӕндон та у, цӕмӕй йыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр баууӕндой ӕмӕ йын коммӕгӕс уой+. 27 Гъемӕ уӕдӕ Йесо Чырыстийы+ номӕй иунӕг зондджын+ Хуыцауӕн кад+ уӕд ӕнустӕм. Аммен.