Данел
12 Уыцы рӕстӕг сыстдзӕн Михаил+, дӕ адӕмы+ сӕрыл чи хӕцы+, уыцы номдзыд кънйаз+. Уӕд скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг, адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй суанг уыцы рӕстӕджы онг чи никуыма уыд, ахӕм+. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг дӕ адӕм фервӕздзысты+. Фервӕздзӕн, чиныджы чидӕриддӕр фыст уа, уый+. 2 Сыджыты чи фынӕй кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты+ – иутӕ ӕнустӕм цӕрынӕн+, иннӕтӕ та ӕгады ном хӕссынӕн, ӕмӕ уыдон ӕнустӕм уыдзысты ӕлгъаг+.
3 Ӕмбаргӕ чи у, уыдон арвы рухсау ӕрттивдзысты+, бирӕты рӕстдзинадмӕ чи ’рбакӕны+, уыдон стъалытау ӕрттивдзысты ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ.
4 Ды та, Данел, ацы ныхӕстӕ басусӕг кӕн ӕмӕ ацы чиныгыл мыхуыр сӕвӕр+ кӕроны рӕстӕджы онг+. Бирӕтӕ йӕ лӕмбынӕг иртасдзысты*, ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты»+.
5 Ӕз, Данел, федтон ноджыдӕр дыууӕ зӕды+: сӕ иу лӕууыд цӕугӕдонӕн ацы фарс, иннӕ та – иннӕ фарс+. 6 Уӕд уыдонӕй иу, цӕугӕдоны сӕрмӕ кӕттаг дарӕсы+ чи лӕууыд, уымӕн загъта: «Ацы диссаджы хабӕрттӕ кӕронмӕ куы сӕххӕст уой, уӕдмӕ ма цас хъӕуы?»+ 7 Ӕмӕ ӕз фехъуыстон, цӕугӕдоны сӕрмӕ кӕттаг дарӕсы чи лӕууыд, уый хъӕлӕс. Уый йӕ рахиз къух ӕмӕ йӕ галиу къух арвмӕ сдардта ӕмӕ, ӕнустӕм Чи цӕры+, уымӕй расомы кодта+: «Уӕдмӕ ма хъӕуы нысангонд рӕстӕг, нысангонд рӕстӕджытӕ ӕмӕ нысангонд рӕстӕджы ӕмбис+. Куыддӕр сыгъдӕг адӕмы хъару кӕронмӕ басӕттой+, афтӕ ӕппӕт адӕттӕ фӕуыдзысты».
8 Ӕз уыдӕттӕ фехъуыстон, фӕлӕ сӕ нӕ бамбӕрстон+ ӕмӕ загътон: «О мӕ буц хицау, уӕддӕр ацы хабӕрттӕн сӕ кӕрон цы уыдзӕн?»+
9 Ӕмӕ мын загъта: «Ацу, Данел, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ кӕроны рӕстӕджы онг сты сусӕг ӕмӕ сыл ис мыхуыр ӕвӕрд+. 10 Бирӕтӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕндзысты+, сӕхи сурс кӕндзысты+, ӕмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕудзысты+. Фыдгӕнджытӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕндзысты+, ӕмӕ ацы ныхӕстӕ иу фыдгӕнӕг дӕр нӕ бамбардзӕн+, ӕмбаргӕ чи уа, уыдон та сӕ бамбардзысты+.
11 Алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы нывӕндтӕ+ куы нал хӕссой+ ӕмӕ, бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад+ ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕгӕй рацӕудзӕн иу мин дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз боны.
12 Амондджын у+, иу мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын фондз боны кӕронмӕ фӕразонӕй чи банхъӕлмӕ кӕса, уый!
13 Ды та, Данел, кӕронмӕ фидар лӕуу+. Ды ӕрӕнцайдзынӕ+, фӕлӕ бонты кӕрон рабаддзынӕ, цӕмӕй дӕ хал райсай»+.