Райдиан
25 Авраам ногӕй ус ракуырдта. Йӕ ном уыд Хеттурӕ+. 2 Ӕмӕ Авраамӕн ныййардта Зимраны, Иокшаны, Меданы, Мадианы+, Ишбакы ӕмӕ Шуахы+.
3 Иокшанӕн райгуырдысты Савӕ+ ӕмӕ Дедан+.
Деданы фырттӕ уыдысты Ашурим, Летушим ӕмӕ Леюмим.
4 Мадианы фырттӕ та уыдысты Ефӕ+, Ефер, Ханох, Авидӕ ӕмӕ Елдагӕ+.
Адон иууылдӕр уыдысты Хеттурӕйы цот.
5 Цасдӕры фӕстӕ Авраам йӕ бынтӕ иууылдӕр радта Исахъӕн+. 6 Авраамӕн йӕ номылустытӕй цы лӕппутӕ райгуырд, уыдонӕн та скодта лӕвӕрттӕ+. Ӕмӕ ма ӕгас куы уыди, уӕд сӕ йӕ фырт Исахъы цурӕй арвыста+ скӕсӕнырдӕм, Скӕсӕны+ зӕхмӕ. 7 Авраам ӕдӕппӕтӕй фӕцард сӕдӕ ӕвдай фондз азы. 8 Ӕмӕ амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй, ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдӕлтӕм баиу+. 9 Йӕ фырттӕ Исахъ ӕмӕ Измаил ӕй бавӕрдтой Махпелӕйы лӕгӕты, хеттаг Цохары фырт Ефроны зӕххыл, Мамрейы раз+, 10 Авраам Хеты фырттӕй кӕй балхӕдта, уыцы зӕххыл. Уым бавӕрдтой Авраамы йӕ ус Саррӕйы фарсмӕ+. 11 Авраамы мӕлӕты фӕстӕ Хуыцау арфӕ кодта йӕ фырт Исахъӕн+. Исахъ царди Беер-Лахай-Роимӕ+ хӕстӕг.
12 Авраамӕн Саррӕйы лӕггадгӕнӕг, египетаг Агар кӕй ныййардта+, уыцы фырт Измаилы+ царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.
13 Адон сты Измаилы фырттӕ, адонӕй рацыдысты сӕ байзӕддӕгтӕ: Измаилӕн йӕ хистӕр фырт Наваиоф+, стӕй Кедар+, Адбеел, Мивсам+, 14 Мишмӕ, Думӕ, Массӕ, 15 Хадад+, Фемӕ+, Йетур, Нафиш ӕмӕ Кедмӕ+. 16 Уыдон сты Измаилы фырттӕ ӕмӕ дыууадӕс мыггаджы хистӕртӕ+. Кӕм ӕрцардысты ӕмӕ сӕ цӕрӕнбынӕтты алыварс дурӕй къултӕ кӕм самадтой, уыцы бынӕттӕ дӕр хӕссынц сӕ нӕмттӕ+. 17 Измаил фӕцард сӕдӕ ӕртын авд азы. Ӕмӕ амард, ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдӕлтӕм баиу+. 18 Йӕ байзӕддӕгтӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Хавилӕйӕ+ суанг Ассирийы онг. Хавилӕ ис Сурмӕ+ хӕстӕг, Египеты акомкоммӕ. Уыдон ӕрцардысты се ’фсымӕрты раз+.
19 Авраамы фырт Исахъы царды хабӕрттӕ та уыдысты афтӕ+.
Авраамӕн райгуырд Исахъ. 20 Исахъыл цыппор азы куы цыди, уӕд ракуырдта сириаг+ Вафуилы+ чызджы, сириаг Лаваны хо Ревеккӕйы, Паддан-Арамӕй. 21 Ӕмӕ Исахъ Йегъовӕйӕн тынг лӕгъстӕ кодта йӕ усы тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ йын зӕнӕг нӕ цыди+. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фехъуыста+, ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕ басывӕрджын. 22 Ӕмӕ йӕ гуыбыны цы лӕппутӕ уыд, уыдон кӕрӕдзийы цӕвын райдыдтой+. Ӕмӕ Ревеккӕ загъта: «Кӕд афтӕ тухӕн кӕндзынӕн, уӕд мӕ фӕлтау цард дӕр нӕ хъӕуы». Гъемӕ ацыд, Йегъовӕйы бафӕрсон, зӕгъгӕ+. 23 Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ гуыбыны ис дыууӕ адӕмы+, ӕмӕ дӕ хуылфӕй рацӕудзӕн дыууӕ хицӕн адӕмыхатты+. Иу адӕмыхатт дзы уыдзӕн иннӕйӕ тыхджындӕр+, ӕмӕ хистӕр лӕггад кӕндзӕн кӕстӕрӕн»+.
24 Уӕдмӕ ӕрхӕццӕ йӕ арыны афон, ӕмӕ йын райгуырд фаззӕттӕ+. 25 Фыццаг сӕ чи рацыд, уый уыди бурхил ӕмӕ йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр афтӕ хъуынджын уыди, цыма йыл цармӕй дарӕс уыд+, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой Исав*+. 26 Уый фӕстӕ та, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ+, рацыд йе ’фсымӕр. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой Иаков*+. Лӕппутӕ куы райгуырдысты, уӕд Исахъыл цыди ӕхсай азы.
27 Лӕппутӕ ралӕг сты. Исав сси дӕсны цуанон+ ӕмӕ арӕх цыди цуаны. Иаков та йӕ рӕстӕг фылдӕр ӕрвыста цатырты+, уый уыд сабыр* адӕймаг+. 28 Исахъ фылдӕр уарзта Исавы, уымӕн ӕмӕ йӕ сырды фыдӕй цух нӕ уагъта. Ревеккӕ та фылдӕр уарзта Иаковы+. 29 Иухатт Иаков фыхта хъӕрмхуыпп, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Исав цуанӕй фӕлладӕй ӕрбаздӕхт. 30 Ӕмӕ Исав Иаковӕн загъта: «Лӕгъстӕ дын кӕнын, рӕвдздӕр-ма мын уыцы сырхӕй, уыцы хъӕрмхуыппӕй иу уидыг авӕр! Фырфӕлладӕй мӕ бон нал у!» – Едом* дӕр ӕй уый тыххӕй схуыдтой+. 31 Иаков та йын дзуапп радта: «Ӕрмӕст мын раздӕр хистӕр фырты бартӕ рауӕй кӕн!»+ 32 Уӕд Исав загъта: «Ай мӕнӕ сыдӕй куы фӕмӕлын, уӕд мын цы пайда ис, хистӕр фырт кӕй дӕн, уымӕй?» 33 Иаков та йын загъта: «Раздӕр уал мын расомы кӕн!»+ Ӕмӕ йын Исав дӕр расомы кодта ӕмӕ хистӕр фырты бартӕ Иаковӕн ауӕй кодта+. 34 Ӕмӕ йын уӕд Иаков радта дзул ӕмӕ хъӕдуры* хъӕрмхуыпп, ӕмӕ уый дӕр бахордта ӕмӕ банызта+. Стӕй сыстад ӕмӕ ацыд. Афтӕмӕй Исав хистӕр фырты бартӕ ницӕмӕ ӕрдардта+.