Йесо Навин
24 Йесо Израилы мыггӕгты се ’ппӕты дӕр Сихеммӕ+ ӕрӕмбырд кодта, фӕдзырдта Израилы хистӕр лӕгтӕм+, мыггӕгты хистӕртӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хицӕуттӕм, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы раз ӕрлӕууыдысты+. 2 Ӕмӕ уӕд Йесо ӕппӕт адӕмӕн дӕр загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕ+, сӕ иу – Фаррӕ, Авраамы ӕмӕ Нахоры+ фыд, цардысты Стыр цӕугӕдоны*+ фаллаг фарс ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куывтой.
3 Фӕлӕ уын ӕз уӕ фыдӕл Авраамы+ Стыр цӕугӕдоны+ фаллаг фарсӕй ракодтон, ӕгас Ханааны зӕххыл ӕй ӕрзилын кодтон ӕмӕ йын йӕ байзӕддӕгты сбирӕ кодтон+. Ӕз ын радтон Исахъы+. 4 Исахъӕн та радтон Иаков ӕмӕ Исавы+. Фӕстӕдӕр Исавӕн бынӕн радтон Сеиры хох+, Иаков ӕмӕ йӕ фырттӕ та ацыдысты Египетмӕ+. 5 Стӕй уӕм арвыстон Моисей ӕмӕ Аароны+, ӕмӕ Египетыл бӕллӕхтӕ ӕруагътон+ ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ уырдыгӕй ракодтон+. 6 Уӕ фыдӕлты уын Египетӕй куы кодтон+ ӕмӕ денджызы цурмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд египетӕгтӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхджын ӕфсадимӕ уӕ фыдӕлты фӕстейӕ расырдтой+ ӕмӕ сӕ фӕдыл цыдысты Сырх денджызы онг. 7 Ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сдзынӕзтой+. Уӕд ӕз сымах ӕмӕ египетӕгты ’хсӕн тар мигъ февзӕрын кодтон+, ӕмӕ сӕ денджызы дӕтты бын фӕкодтон+. Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, ӕз Египеты цытӕ бакодтон, уый+. Уый фӕстӕ дзӕвгар рӕстӕг цардыстут ӕдзӕрӕг быдыры+.
8 Ӕппынфӕстаг уӕ бакодтон, Иорданы фаллаг фарс чи цард, уыцы аморейты зӕхмӕ. Уыдон уемӕ схӕцыдысты+, фӕлӕ уын сӕ ӕз уӕ къухмӕ радтон, цӕмӕй сын сӕ зӕхх уӕхи бакодтаиккат, ӕмӕ сӕ фӕцагътон+. 9 Уый фӕстӕ Израилимӕ схӕцыд+ Сепфоры+ фырт Валак, Моавы паддзах. Уый арвыста Веоры фырт Валааммӕ, цӕмӕй уӕ ралгъыстаид+. 10 Фӕлӕ мӕн Валааммӕ+ хъусын нӕ бафӕндыд. Ӕз афтӕ бакодтон, ӕмӕ уын цалдӕр хатты раарфӕ кодта+. Гъемӕ уӕ йӕ къухӕй фервӕзын кодтон+.
11 Уый фӕстӕ Иорданыл+ ахызтыстут ӕмӕ Иерихоны+ цурмӕ ӕрцыдыстут. Иерихоны цӕрджытӕ, стӕй аморейтӕ, ферезейтӕ, ханаайнӕгтӕ, хеттӕ, гергесейтӕ, евейтӕ ӕмӕ йевусейтӕ уемӕ схӕцыдысты, фӕлӕ уын сӕ ӕз уӕ къухмӕ радтон+. 12 Цалынмӕ сӕм нӕ бахӕццӕ стут, уӕдмӕ сын ӕз сӕ ныфс асастон, ӕмӕ, аморейты дыууӕ паддзахау, уӕ разӕй лидзӕг фесты+. Уый уӕ хъама ӕмӕ уе ’рдыны фӕрцы нӕ бафтыд уӕ къухы+. 13 Афтӕмӕй уын ӕз радтон, кӕуыл нӕ фыдӕбон кодтат, уыцы зӕхх ӕмӕ, сымах кӕй нӕ сарӕзтат, уыцы горӕттӕ+, ӕмӕ дзы ӕрцардыстут. Цы сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ не скодтат, уыдоны дыргътӕ хӕрут“+.
14 Уӕдӕ Йегъовӕйӕ тӕрсут+ ӕмӕ йын ӕнаиппӕй ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕнут+. Уӕ фыдӕлтӕ Стыр цӕугӕдоны фаллаг фарс ӕмӕ Египеты+ кӕмӕн куывтой, уыцы хуыцӕутты фесафут ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут. 15 Кӕд уӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ фӕнды, уӕд та равзарут абон, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут+: уӕ фыдӕлтӕ доны фаллаг фарс цы хуыцӕуттӕн куывтой, уыдонӕн+ ӕви, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморейты хуыцӕуттӕн+. Фӕлӕ ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн»+.
16 Уӕд ын адӕм загътой: «Нӕ! Уый никуы уыдзӕн, ӕмӕ мах Йегъовӕйы ныууадзӕм ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕм. 17 Нӕ Хуыцау Йегъовӕ мах ӕмӕ нӕ фыдӕлты ракодта Египеты зӕххӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстӕм, уырдыгӕй*+, нӕ цӕстыты раз стыр диссӕгтӕ сарӕзта+ ӕмӕ нӕ хъахъхъӕдта, цы фӕндагыл цыдыстӕм, ууыл, хъахъхъӕдта нӕ, кӕй зӕххытыл цыдыстӕм, уыцы адӕмтӕй+. 18 Йегъовӕ нӕ разӕй фӕсырдта ӕппӕт ацы адӕмты+, ацы зӕххыл чи цард, уыцы аморейты се ’ппӕты дӕр. Уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ Хуыцау»+.
19 Уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Уӕ бон нӕ бауыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый у сыгъдӕг Хуыцау+. Уый домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уат иузӕрдион+. Нӕ уын ныххатыр кӕндзӕн уӕ хивӕнд митӕ ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕ+. 20 Йегъовӕйы куы ныууадзат+ ӕмӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн куы куват+, уӕд уый дӕр уӕ ныхмӕ суыдзӕн, ӕмӕ уын кӕд раздӕр хорздзинад арӕзта, уӕд уын ныр та араздзӕн ӕвзӕрдзинад, ӕмӕ уӕ фӕцӕгъддзӕн»+.
21 Фӕлӕ та адӕм Йесойӕн дзуапп радтой: «Нӕ, мах лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн!»+ 22 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ стут ӕвдисӕн+ – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уӕхи бафӕндыд»+. Ӕмӕ уыдон дӕр сразы сты: «О, мах стӕм ӕвдисӕн».
23 «Уӕдӕ уӕм цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдоны фесафут+ ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ саразут Израилы Хуыцау Йегъовӕмӕ». 24 Ӕмӕ адӕм Йесойӕн загътой: «Мах лӕггад кӕндзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ хъусдзыстӕм!»+
25 Ӕмӕ уыцы бон Йесо адӕмимӕ бадзырд скодта ӕмӕ сын уым, Сихемы, радта уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+. 26 Уый фӕстӕ Йесо уыцы ныхӕстӕ Хуыцауы закъоны+ чиныджы ныффыста, стӕй райста стыр дур+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта, Йегъовӕйы кувӕн бынаты раз цы стыр бӕлас ис, уый бын+.
27 Ӕмӕ Йесо ӕппӕт адӕмӕн дӕр загъта: «Ацы дур уыдзӕн ӕвдисӕн нӕ ныхмӕ+, уымӕн ӕмӕ уый фехъуыста, Йегъовӕ нын цы ныхӕстӕ загъта, уыдон иууылдӕр. Уый уыдзӕн ӕвдисӕн уӕ ныхмӕ, уӕ Хуыцауы куы ныууадзат, уӕд». 28 Уый фӕстӕ Йесо адӕмы ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕхи зӕхмӕ ацыд+.
29 Уыцы хабӕртты фӕстӕ Навины фырт Йесо, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг, амард. Цыди йыл сӕдӕ дӕс азы+. 30 Ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, бынӕн кӕй райста, уыцы зӕххыл – Фамнаф-Сараийы+. Уый ис Ефремы хӕхбӕсты, Гаашы хохӕй цӕгатырдӕм. 31 Цалынмӕ Йесо ӕгас уыд, уӕдмӕ Израилы адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой. Лӕггад ын кодтой, Йесойы фӕстӕ дӕр ма чи цард ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи зыдта+, уыцы хистӕр лӕгты рӕстӕджы дӕр+.
32 Иосифы стджытӕ+ та, Израилы фырттӕ Египетӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, бавӕрдтой Сихемы – Иаков Сихемы фыд Емморы+ фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ+ цы зӕхх балхӕдта ӕмӕ уый фӕстӕ Иосифы фырттӕн бынӕн чи баззад+, уым.
33 Амард Аароны+ фырт Елеазар дӕр. Ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фырт+ Финеесы къуыбырыл, Ефремы хӕхбӕсты йын цы къуыбыр лӕвӕрд ӕрцыд, ууыл.