Райдиан
14 Амрафел Сеннаары+ паддзах куы уыди, Ариох – Елласары паддзах, Кедорлаомер+ – Еламы+ паддзах, Фидал та – Гоимы+ паддзах, 2 уӕд уыдон схӕцыдысты Содомы+ паддзах Берӕимӕ, Гоморрӕйы+ паддзах Биршӕимӕ, Адмӕйы+ паддзах Шинавимӕ, Севоимы+ паддзах Шемеверимӕ ӕмӕ Белӕйы, ома Сигоры+, паддзахимӕ. 3 Уыдон* баиу сты+ ӕмӕ ӕрцыдысты Сиддимы дӕлвӕзмӕ+, Цӕхджын денджыз+ кӕм ис, уырдӕм.
4 Ӕмӕ уыдон* дыууадӕс азы уыдысты Кедорлаомеры дӕлбар, фӕлӕ ӕртындӕсӕм аз йӕ ныхмӕ сыстадысты. 5 Цыппӕрдӕсӕм аз та Кедорлаомер ӕмӕ, йӕ фарс цы паддзӕхтӕ уыдысты, уыдон ӕрцыдысты ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой Аштероф-Карнаимы+ цӕрӕг рефаимты, Гамы цӕрӕг зузимты, Шаве-Кириафаимы цӕрӕг емимты+ 6 ӕмӕ Сеиры+ хӕхбӕсты цӕрӕг хоррейты+, суанг Ел-Фараны+ онг. Ел-Фаран ис ӕдзӕрӕг быдырмӕ хӕстӕг. 7 Уый фӕстӕ раздӕхтысты ӕмӕ ӕрцыдысты Ен-Мишпатмӕ, ома Кадесмӕ+, ӕмӕ бацахстой амаликӕгты+ зӕххытӕ иууылдӕр, стӕй ныддӕрӕн кодтой, Хацацон-Фамары+ чи цард, уыцы аморейты+ дӕр.
8 Уыцы рӕстӕг Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмӕйы паддзах, Севоимы паддзах ӕмӕ Белӕйы, ома Сигоры, паддзах сӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ семӕ Сиддимы дӕлвӕзы+ схӕцыдысты: 9 Еламы паддзах Кедорлаомеры ныхмӕ, Гоимы паддзах Фидалы ныхмӕ, Сеннаары паддзах Амрафелы ныхмӕ ӕмӕ Елласары паддзах Ариохы ныхмӕ+ – цыппар паддзахы фондз паддзахы ныхмӕ. 10 Сиддимы дӕлвӕзы+ та бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ+. Ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕхтӕ+ ӕмӕ сӕ адӕм лидзӕг фесты ӕмӕ уыцы дзыхъхъыты фӕхаудтой. Чи ма сӕ аирвӕзт, уыдон та хӕхтӕм алыгъдысты+. 11 Чи фӕуӕлахиз, уыдон Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ рахастой, мулкӕй ӕмӕ дзы хӕринагӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ ацыдысты+. 12 Семӕ акодтой Аврамӕн йе ’фсымӕры лӕппу Лоты дӕр, ахастой йын йӕ мулк дӕр. Лот уӕд царди Содомы+.
13 Чи аирвӕзт, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар радзырдта дзуттаг+ Аврамӕн. Аврам уӕд цард цатырты аморейаг Мамрейы+ стыр бӕлӕсты раз. Мамре уыди Аврамы цӕдисонты, Ешкол ӕмӕ Анеры, ӕфсымӕр+. 14 Аврам уый куы фехъуыста, ӕмӕ йын йе ’фсымӕры уацары акодтой+, уӕд амбырд кодта, йӕ адӕмӕй хӕцынмӕ дӕсны чи уыди, уыдоны+ – йӕ хӕдзары чи райгуырд, уыцы ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс цагъары+, ӕмӕ тыхгӕнджыты фӕстейӕ асырдта суанг Даны онг+. 15 Ӕхсӕвы йӕ адӕмы, ома йӕ цагъарты, къордтыл фӕдих кодта+, ӕмӕ тыхгӕнджытӕм бабырста ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сырдта суанг Ховӕйы онг. Ховӕ ис Дамаскӕй цӕгатырдӕм. 16 Ӕмӕ байста, цы фӕллӕйттӕ+ рахастой, уыдон иууылдӕр. Ракодта йе ’фсымӕр Лоты, стӕй сылгоймӕгты ӕмӕ иннӕ адӕмы дӕр, ӕмӕ йын йӕ мулк дӕр фӕстӕмӕ рахаста+.
17 Аврам Кедорлаомерыл ӕмӕ, йемӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдоныл куы фӕуӕлахиз ӕмӕ фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд Шавейы дӕлвӕзмӕ, ома Паддзахы дӕлвӕзмӕ+, йӕ размӕ рацыд Содомы паддзах. 18 Салимы+ паддзах Мелхиседек+ та йын йӕ размӕ рахаста дзул ӕмӕ сӕн+. Мелхиседек уыди Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын+. 19 Ӕмӕ Аврамӕн раарфӕ кодта:
«Иунӕг Стыр Хуыцау Аврамӕн раарфӕ кӕнӕд+,
Раарфӕ йын кӕнӕд арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг!+
20 Арфӕгонд уӕд Иунӕг Стыр Хуыцау+,
Уый дын де знӕгты радта дӕ къухмӕ!»+
Ӕмӕ йын уӕд Аврам, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй радта дӕсӕм хай+.
21 Уый фӕстӕ Содомы паддзах Аврамӕн загъта: «Ӕрмӕстдӕр мын мӕ адӕмы*+ ратт, мулк та уадз дӕхицӕн». 22 Фӕлӕ йын Аврам загъта: «Мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сомы кӕнын+ Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы раз, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз: 23 дӕу цы у, уымӕй ӕз ницы райсдзынӕн – ӕндах дӕр, дзабыры бӕттӕн дӕр+, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъай, Аврамы ӕз схъӕздыг кодтон, зӕгъгӕ. 24 Дӕ мулкӕй райстам ӕрмӕст хӕринаг, мӕнӕ лӕппутӕ цы бахордтой, уый. Стӕй, мемӕ чи уыди, уыдон – Анер, Ешкол ӕмӕ Мамре+, райсӕнт сӕ хай+. Мӕн та ницы хъӕуы!»+