Райдиан
20 Авраам та систа йӕ цатыртӕ+ ӕмӕ ацыд Негевы зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрцард Кадес+ ӕмӕ Суры+ ’хсӕн. Стӕй иуцасдӕр цард Герары+ дӕр. 2 Ӕмӕ та ам дӕр Авраам йӕ ус Саррӕйӕ загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ+. Уӕд Герары паддзах Авимелех Саррӕмӕ арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта+. 3 Ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фӕзынд фыны ӕмӕ йын загъта: «Цы сылгоймаджы ӕрбакодтай, уый тыххӕй амӕлдзынӕ+, уымӕн ӕмӕ кӕйдӕр ус у»+. 4 Фӕлӕ йӕм Авимелех нӕ бавнӕлдта+, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Йегъовӕ, ау, ӕнаххос адӕмы ныццӕгъддзынӕ?+ 5 Авраам мын йӕхӕдӕг нӕ загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Стӕй сылгоймаг дӕр загъта, ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ. Ӕз афтӕ мӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бакодтон, ӕвзӕрӕй мӕ ницы фӕндыд саразын»+. 6 Ӕмӕ йын уӕд ӕцӕг Хуыцау фыны загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, дӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй бакодтай афтӕ+, ӕмӕ дӕ бахызтон мӕ разы тӕригъӕд ракӕнынӕй+. Саррӕмӕ бавналын дӕр дӕ уымӕн нӕ бауагътон+. 7 Ныр уыцы лӕгӕн йӕ усы фӕстӕмӕ ратт. Уый у пехуымпар+ ӕмӕ дӕу тыххӕй скувдзӕн+, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ. Куы нӕ йӕ раттай, уӕд та йӕ зон, кӕй амӕлдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дын чидӕриддӕр ис, уыдон дӕр»+.
8 Авимелех дӕр райсомӕй раджы сыстад, йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. Ӕмӕ уыдон тынг старстысты. 9 Уый фӕстӕ Авимелех Аврааммӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Ӕвзӕрӕй дын цы сарӕзтон, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ паддзахад дӕр ахӕм стыр тӕригъӕды бафтауай?+ Ды мын бакодтай, чи не ’мбӕлы, ахӕм ми»+. 10 Уый фӕстӕ Авимелех Авраамы бафарста: «Цӕмӕн бакодтай афтӕ?»+ 11 Авраам ын дзуапп радта: «Ахъуыды кодтон: ам Хуыцауӕй ничи тӕрсы+, ӕмӕ мӕ мӕ усы тыххӕй амардзысты+. 12 Стӕй мӕ хо дӕр у: фыдӕй иу стӕм, ӕрмӕст мадӕй – хицӕнтӕ. Ӕмӕ сси мӕ ус дӕр+. 13 Ӕмӕ мын Хуыцау куы загъта, ныууадз дӕ фыды хӕдзар+, зӕгъгӕ, уӕд ӕз Саррӕйӕн загътон: кӕд мӕ ӕнувыдӕй уарзыс+, уӕд, кӕдӕмфӕнды ма ’рцӕуӕм, уым-иу алы ран дӕр мӕнӕй афтӕ дзур, ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ»+.
14 Ӕмӕ уӕд Авимелех Авраамӕн радта фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты. Ӕмӕ йын радта йӕ ус Саррӕйы дӕр+. 15 Ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ, мӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис. Дӕ зӕрдӕмӕ дзы кӕм фӕцӕуа, уым цӕр»+. 16 Саррӕйӕн та загъта: «Де ’фсымӕрӕн+ дын дӕттын иу мин ӕвзист ӕхцайы. Демӕ чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ алчидӕр уымӕй зондзӕн, дӕ ном кӕй нӕ фӕчъизи, уый»+. 17 Уӕд Авраам скуывта ӕцӕг Хуыцаумӕ+, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, стӕй йӕ усы ӕмӕ йӕ цагъар-сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ гуырын райдыдта. 18 Афтӕ та уымӕн уыд, ӕмӕ Йегъовӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй афтӕ сарӕзта, ӕмӕ Авимелехы хӕдзары сылгоймӕгтӕн зӕнӕг нал цыди+.