Амонӕгӕн. Идифун. Асафы+ псалом. Зарӕг.
77 Ӕз хъӕр кӕндзынӕн Хуыцаумӕ+,
Хъӕр кӕндзынӕн Хуыцаумӕ, ӕмӕ мӕ уый фехъусдзӕн+.
2 Зын сахат ӕз агурын Йегъовӕйы+.
Ӕхсӕв мӕ къухтӕ дӕумӕ ивазын, ӕмӕ мын ӕндзыг дӕр нӕ кӕнынц.
Мӕ уд сабыр кӕнын нӕ комы+.
3 Хуыцауы куы ’рхъуыды кӕнон, уӕд катайы бацӕудзынӕн+.
Ӕз сагъӕс кӕндзынӕн, ӕмӕ мӕ уд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн+. (Села́)
4 Мӕ цӕстытӕ ӕрцъынд кӕнын мӕ нӕ уадзыс+,
Стыхстӕн ӕмӕ мӕ бон дзурын нӕу+.
5 Ӕз хъуыды кӕнын рагон бонтыл+,
Раджы чи аивгъуыдта, уыцы азтыл.
6 Ӕхсӕвы-иу ӕрхъуыды кӕндзынӕн мӕ хъисфӕндыры цагъд+.
Мӕ зӕрдӕ сагъӕс кӕндзӕн+
Ӕмӕ мӕ уд ӕппӕт дӕр лӕмбынӕг иртасдзӕн.
7 Ау, Йегъовӕ нӕ ӕнустӕм ныууагъта+,
Ӕмӕ йын йӕ хорзӕх нал ссардзыстӕм?+
8 Ау, йе ’нувыд уарзт ӕнустӕм ахуыссыд?+
Йӕ ныхас мыггагмӕ баззад ӕнӕсӕххӕстӕй?+
9 Ау, Хуыцауӕй йӕ хорзӕх рох фӕци?+
Кӕнӕ мӕстыйӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нал ӕвдисы?+ (Села́)
10 Ӕмӕ ныр хъуамӕ афтӕ дзурон: «Уый мын мары мӕ зӕрдӕ+,
Иунӕг Стыр Хуыцау нӕм йӕ рахиз къух, йе ’ххуысы къух, кӕй нал дары»?+
11 Ӕрхъуыды-иу кӕндзынӕн Йагъы хъуыддӕгтӕ+.
Ӕрхъуыды-иу кӕндзынӕн, раджы заманты цы диссӕгтӕ сарӕзтай, уыдон+.
12 Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл+,
Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты, цы аразыс, ууыл+.
13 О Хуыцау, дӕ фӕндаг ис сыгъдӕг бынаты+.
Чи у нӕ Хуыцауы хуызӕн стыр Хуыцау?+
14 Ды дӕ ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ аразыс диссӕгтӕ+.
Адӕмты ’хсӕн равдыстай дӕ хъару+.
15 Дӕ цонджы хъаруйӕ фервӕзын кодтай дӕ адӕмы+,
Иаковы ӕмӕ Иосифы фыртты. (Села́)
16 Дӕттӕ дӕ федтой, о Хуыцау,
Дӕттӕ дӕ федтой, ӕмӕ тухӕн кӕнын райдыдтой+.
Арф дӕттӕ базмӕлыдысты+.
17 Мигътӕй гыбар-гыбургӕнгӕ дон ныккалдта+.
Мигътӕй ӕмбӕрзт арв ныннӕрыд.
Дӕ фаттӕ алырдӕмты тахтысты+.
18 Дӕ арвнӕрд уыд бӕхуӕрдоны цӕлхыты гыбар-гыбуры хуызӕн+.
Арвӕрттывдӕй бӕстӕ ныррухс+.
Зӕхх базмӕлыд ӕмӕ нынкъуысыд+.
19 Дӕ фӕндаг цыд денджызыл+,
Дӕ къахвӕндаг – бирӕ дӕттыл,
Ӕмӕ дын дӕ къахы фӕдтӕ ничи федта.
20 Ды дӕ адӕмы кодтай фысты дзугау+
Моисей ӕмӕ Аароны къухӕй+.