1 Самуилы
12 Самуил Израилы ӕппӕт адӕмӕн загъта: «Ӕз уӕ ныхасмӕ байхъуыстон ӕмӕ мын куыд загътат, афтӕ бакодтон+ – паддзах уын сӕвӕрдтон, цӕмӕй уын разамынд дӕтта+. 2 Ӕмӕ мӕнӕ ныр паддзах цӕуы уӕ разы!+ Ӕз та базӕронд дӕн+ ӕмӕ мӕ сӕр сурс+, мӕ фырттӕ та уемӕ сты+. Мӕ гыццылӕй абоны онг ӕз цыдтӕн уӕ разы+. 3 Ӕмӕ ныр мӕнӕ дӕн, кӕд уӕм мӕ ныхмӕ исты зӕгъинаг ис, уӕд ӕй зӕгъут Йегъовӕйы раз ӕмӕ йӕ сӕрст+ лӕггадгӕнӕджы раз: кӕмӕн уӕ байстон йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг?+ Кӕй уӕ фӕсайдтон кӕнӕ уӕ кӕй бафхӕрдтон? Кӕй къухӕй уӕ райстон гӕртам, цӕмӕй мӕхи ницыуынӕг скодтаин?+ Зӕгъут ӕй, ӕмӕ уын ӕй бафиддзынӕн»+. 4 Уӕд ын уыдон загътой: «Никӕй нӕ асайдтай, никӕй дӕр нӕ ӕфхӕргӕ бакодтай, ӕмӕ нӕ исгӕ дӕр никӕмӕй ницы ракодтай»+. 5 Самуил сын загъта: «Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕ ныхмӕ, ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕг+ дӕр абон ӕвдисӕн, кӕй ницы аххос мӕм ссардтат»+. Ӕмӕ йын уыдон загътой: «О, уый у ӕвдисӕн».
6 Уӕд Самуил адӕмӕн загъта: «Йегъовӕ ӕвдисӕн. Уый Моисейы ӕмӕ Аароны йӕхицӕн лӕггадгӕнджытӕй сӕвӕрдта ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Египеты зӕххӕй ракодта+. 7 Уӕдӕ ныр слӕуут, ӕмӕ уын ӕз Йегъовӕйы раз тӕрхонгӕнӕг уыдзынӕн ӕмӕ уын радзурдзынӕн, Йегъовӕ сымах тыххӕй ӕмӕ уӕ фыдӕлты тыххӕй цы раст хъуыддӕгтӕ+ сарӕзта, уыдон.
8 Иаков Египетмӕ куы ’рцыд+ ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын+ куы райдыдтой, уӕд Йегъовӕ арвыста Моисей+ ӕмӕ Аароны, цӕмӕй уын уӕ фыдӕлты Египетӕй ракодтаиккой ӕмӕ сӕ ам ӕрцӕрын кодтаиккой+. 9 Фӕлӕ уыдон сӕ Хуыцау Йегъовӕйы ферох кодтой+, ӕмӕ сӕ уый дӕр радта*+ Асоры ӕфсады хистӕр Сисарӕйы+ къухмӕ, филистимӕгты+ къухмӕ ӕмӕ Моавы+ паддзахы къухмӕ, ӕмӕ уыдон семӕ хӕцыдысты. 10 Ӕмӕ та Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+ ӕмӕ загътой: „Мах тӕригъӕд ракодтам+. Йегъовӕйы ныууагътам ӕмӕ Ваалтӕн+ ӕмӕ Астартӕтӕн+ куывтам. Курӕм дӕ, не знӕгты къухӕй нӕ фервӕзын кӕн+, ӕмӕ дын лӕггад кӕндзыстӕм“. 11 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ арвыста Йероваалы+, Беданы, Йеффайы+ ӕмӕ Самуилы+ ӕмӕ уӕ фервӕзын кодта, уӕ алыварс цы знӕгтӕ уыди, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр, цӕмӕй ӕдасӕй цардаиккат+. 12 Фӕлӕ, Аммоны фыртты паддзах Наас+ уӕ ныхмӕ кӕй рацыд, уый куы федтат, уӕд мын загътат: „Нӕ, уадз ӕмӕ нын уа паддзах!“+ Афтӕмӕй та уӕ Паддзах уӕ Хуыцау Йегъовӕ уыди+. 13 Ӕмӕ ныр мӕнӕ, кӕй равзӕрстат ӕмӕ кӕй ӕрдомдтат+, уыцы паддзах. Йегъовӕ уын уӕ сӕргъы сӕвӕрдта паддзах+. 14 Кӕд Йегъовӕйӕ тӕрсат+, лӕггад ын кӕнат+ ӕмӕ йӕм хъусат+, кӕд Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ нӕ рацӕуат+, сымах дӕр ӕмӕ уын паддзах чи уа, уый дӕр, уӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕнӕмӕнг уыдзӕн уемӕ. 15 Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы нӕ хъусат+ ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ куы рацӕуат+, уӕд Йегъовӕйы къух уыдзӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ фыдӕлты ныхмӕ+. 16 Ныр та слӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ цӕстыты раз цы диссаг сараздзӕн, уымӕ. 17 Ныртӕккӕ хуымгӕрдӕн+ афон нӕу? Фӕлӕ ӕз Йегъовӕмӕ скувдзынӕн+, цӕмӕй арв ныннӕрын кӕна ӕмӕ къӕвда рауадза+, ӕмӕ уӕд базондзыстут ӕмӕ фендзыстут, уӕхицӕн паддзах кӕй ӕрдомдтат, уымӕй Йегъовӕйы раз цы стыр фыддзинад ракодтат+, уый».
18 Гъемӕ Самуил Йегъовӕмӕ скуывта+, ӕмӕ Йегъовӕ раст уыцы бон арв ныннӕрын кодта ӕмӕ къӕвда рауагъта+, ӕмӕ адӕмы Йегъовӕйӕ ӕмӕ Самуилӕй стыр тас бацыд. 19 Уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр Самуилӕн загътой: «Скув-ма+ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ дӕ цагъарты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ мӕлын нӕ фӕнды. Нӕхицӕн паддзах кӕй ӕрдомдтам, уымӕй ма нӕ тӕригъӕдтӕм ноджыдӕр иу фыдхъуыддаг бафтыдтам».
20 Уӕд Самуил адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут+. Ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтат, фӕлӕ ныр Йегъовӕйӕ ма аздӕхут+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнут+. 21 Ма аздӕхут, пайда кӕмӕй нӕй+ ӕмӕ ирвӕзын кӕнын кӕй бон нӕу, уыцы ницӕйаг+ мӕнгхуыцӕуттӕм, уымӕн ӕмӕ ницы сты. 22 Йегъовӕ йӕ адӕмы нӕ ныууадздзӕн+ йе стыр номы+ тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхимӕ райста уыцы хӕс, цӕмӕй сымах йӕ адӕм скодтаид+. 23 Мӕнырдыгӕй та уый никуы уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы раз уыцы тӕригъӕд ракӕнон, ӕмӕ сымах тыххӕй мауал кувон+. Ӕз уӕ уӕддӕр араздзынӕн+ хорз+ ӕмӕ раст фӕндагыл. 24 Ӕрмӕст Йегъовӕйӕ тӕрсут+ ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕнут+. Уӕ зӕрдыл дарут, сымах тыххӕй цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон+. 25 Фӕлӕ куы нӕ басӕттат ӕмӕ уӕддӕр, ӕвзӕр цы у, уый куы аразат, уӕд фесӕфдзыстут+ уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ паддзах дӕр»+.