1 Самуилы
14 Иу бон Саулы фырт Ионафан+, йӕ хӕцӕнгарз ын чи хаста, уыцы лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Цом, ахизӕм иннӕ фарсмӕ, филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къорд кӕм ис, уырдӕм». Йӕ фыдӕн та ницы загъта+. 2 Саул ӕрбынат кодта Гивӕйы+, горӕтгӕрон, Мигроны цы гранатбӕлас ис, уый бын. Йемӕ цы адӕм уыд, уыдон уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц+. 3 Ахи та дардта ефод+ – Ахи уыд Силомы+ Йегъовӕйӕн сауджынӕй чи лӕггад кодта, уыцы Илийӕн+ йӕ фырт Финеесы+ фырт Ихаводӕн+ йе ’фсымӕр Ахитувы+ фырт. Ныр адӕм та нӕ зыдтой, Ионафан кӕй ацыди, уый. 4 Ионафан филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къордмӕ+ цы ахизӕнтыл хъавыд бацӕуынмӕ, уыдонӕн иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр уыди дӕндагау цыргъ къӕдзӕхтӕ. Иу дзы хуынди Боцец, иннӕ та – Сене. 5 Иу къӕдзӕх дзы уыд цӕгатырдыгӕй, цӕджындзау хӕрдмӕ фӕцыд ӕмӕ каст Михмасмӕ+, иннӕ та уыд хуссарырдыгӕй ӕмӕ каст Гевӕмӕ+.
6 Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгӕн, йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн, загъта: «Цом, ахизӕм, уыцы ӕнӕсунӕтгӕндты+ хъахъхъӕнджыты къорд кӕм ис, уырдӕм. Кӕд нын Йегъовӕ ӕххуысгӕнӕг уаид, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн бирӕ адӕмы фӕрцы дӕр йӕ бон у фервӕзын кӕнын ӕмӕ гыццыл адӕмы фӕрцы дӕр»+. 7 Йӕ лӕггадгӕнӕг ын загъта: «Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый кӕн. Цу, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм. Кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай,– ӕз дӕр ацӕудзынӕн демӕ»+. 8 Ӕмӕ уӕд Ионафан загъта: «Гъемӕ уӕдӕ ахизӕм уыцы адӕммӕ ӕмӕ нӕ куыд уыной, афтӕ слӕууӕм. 9 Кӕд нын афтӕ зӕгъой, уым лӕуут, цалынмӕ уӕм нӕ ныццӕуӕм, уӕдмӕ, зӕгъгӕ, уӕд нӕ бынаты лӕудзыстӕм ӕмӕ сӕм не ссӕудзыстӕм. 10 Афтӕ нын куы зӕгъой, рацӕут ардӕм, зӕгъгӕ, уӕд та сӕм ссӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын сӕ Йегъовӕ нӕ къухмӕ ратдзӕн, ӕмӕ нын уый та уыдзӕн нысан»+.
11 Гъемӕ дыууӕйӕ дӕр, филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къорд сӕ куыд уына, афтӕ слӕууыдысты. Ӕмӕ филистимӕгтӕ загътой: «Акӕсут-ма, дзуттӕгтӕ, кӕм ӕмбӕхстысты+, уыцы хуыккӕмттӕй рабырынц». 12 Ӕмӕ Ионафанӕн ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн загътой: «Рацӕут ардӕм, ӕмӕ уын мах фенын кӕндзыстӕм!»+ Уӕд Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цу, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ Израилы къухмӕ ратдзӕн»+. 13 Ӕмӕ Ионафан йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕй хӕцгӕйӕ хӕрдмӕ бырыд+, йӕ лӕггадгӕнӕг та йӕ фӕстӕ. Ӕмӕ филистимӕгтӕ Ионафаны къухӕй цагъды кодтой+, йӕ фӕстӕ ма-иу дзы удӕгасӕй чи баззад, уыдоны та йӕ лӕггадгӕнӕг мардта+. 14 Фыццаг ныббырстӕн Ионафан ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг гектары цыппӕрӕм хайыл* ныццагътой дыууын лӕджы бӕрц.
15 Филистимӕгтӕй быдыры чи ӕрбынат кодта, уыдоны, стӕй хъахъхъӕнджыты къорды чи уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр тас+ бацыд. Тас бацыд, израилӕгты чи стыгъта+, суанг уыцы тыхгӕнджыты дӕр. Зӕхх нынкъуысыд+, ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр тас бауагъта+. 16 Саулӕн Гивӕйы+, Вениамины мыггаджы горӕты, цы хъахъхъӕнджытӕ лӕууыд, уыдон федтой, филистимӕгты ӕфсад кӕрӕдзи мидӕг кӕй систы+.
17 Ӕмӕ Саул, йемӕ цы адӕм уыд, уыдонӕн загъта: «Адӕмы-ма банымайут ӕмӕ фенут, ам нӕ чи нӕй». Куы сӕ банымадтой, уӕд федтой, Ионафан ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг уым кӕй не сты. 18 Уӕд Саул Ахийӕн+ загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын-ма рахӕсс!»+ Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ уыцы бон ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Израилы фырттимӕ уыд+. 19 Саул цалынмӕ сауджынимӕ ныхас кодта+, уӕдмӕ филистимӕгты ’хсӕн хъӕлӕба тынгӕй-тынгдӕр кодта. Уӕд Саул сауджынӕн загъта: «Фӕлӕуу-ма». 20 Саул ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр ӕрӕмбырд сты+ ӕмӕ, тохы быдырмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, филистимӕгтӕ сӕ кӕрӕдзи кӕй цӕгъдынц+. Сӕ сӕр сӕ кой сси ӕмӕ лидзӕг фесты. 21 Дзуттӕгтӕй уый размӕ филистимӕгты фарс чи слӕууыд+ ӕмӕ се ’фсадимӕ чи уыд, уыдон дӕр ӕрбаиу сты, Саул ӕмӕ Ионафанимӕ чи уыд, уыцы израилӕгтӕм. 22 Израилӕгтӕй Ефремы хӕхбӕсты чи ӕмбӕхст+, уыдон иууылдӕр фехъуыстой, филистимӕгтӕ лидзӕг кӕй фесты, уый, ӕмӕ уыдон дӕр тохы бацыдысты ӕмӕ сӕ фӕстейӕ асырдтой. 23 Уыцы бон Йегъовӕ фервӕзын кодта+ Израилы адӕмы, ӕмӕ тох Беф-Авенӕй+ дарддӕр ахызт.
24 Уыцы бон израилӕгтӕ сау фӕллад баисты, фӕлӕ Саул адӕмы расомы кӕнын кодта+ ӕмӕ загъта: «Цалынмӕ нӕ баизӕр уа ӕмӕ цалынмӕ ме знӕгтӕй мӕ маст нӕ райсон+, уӕдмӕ йӕ дзыхмӕ къӕбӕр чи схӕсса, уый ӕлгъыст фӕуӕд!» Ӕмӕ адӕмӕй къӕбӕр ничи бахордта+.
25 Уый фӕстӕ, ӕгас бӕстӕйӕ цы адӕм ӕрцыд, уыдон хъӕдмӕ бацыдысты. Хъӕды та уыди мыд+. 26 Ӕмӕ хъӕдмӕ куы бацыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ мыд тӕдзы+. Фӕлӕ дзы иу дӕр мыдӕй йӕ дзыхмӕ не схаста, уымӕн ӕмӕ сомыйӕ+ тарстысты. 27 Ионафан та нӕ фехъуыста, йӕ фыд адӕмы кӕй расомы кӕнын кодта+, уый. Гъемӕ, йӕ къухы цы хъил уыди, уымӕн йӕ кӕрон мыды фӕтъыста, стӕй дзы ахордта – ӕмӕ та йӕм хъарутӕ фӕзынд*+. 28 Уӕд ын адӕмӕй чидӕр загъта: «Дӕ фыд нӕ расомы кӕнын кодта, зӕгъгӕ, ӕлгъыст фӕуӕд, абон йӕ дзыхмӕ къӕбӕр чи схӕсса, уый!»+ Афтӕмӕй та адӕмӕн сӕ хъару сӕттын райдыдта+. 29 Фӕлӕ Ионафан загъта: «Мӕ фыд адӕмы бӕллӕхы баппӕрста+. Ракӕсут-ма, иу гыццыл мыд+ ахордтон, ӕмӕ та мӕм хъарутӕ фӕзынд. 30 Цас хуыздӕр уыдаид, ӕмӕ абон адӕм, се знӕгтӕй цы байстой+, уымӕй исты куы бахордтаиккой!+ Ныр та филистимӕгты кӕронмӕ нӕ ныццагътам»+.
31 Уыцы бон филистимӕгты цӕгъдгӕ цыдысты Михмасӕй+ Аиалоны+ онг, ӕмӕ адӕм тынг бафӕлладысты+. 32 Гъемӕ уӕд сӕхи зыдӕй ныццавтой, знӕгтӕй цы байстой+, уыдоныл, лӕбурдтой фыстӕм, стуртӕм ӕмӕ родтӕм, зӕххыл сӕ ’ргӕвстой ӕмӕ-иу сын сӕ туг+ нӕ рауагътой, афтӕмӕй сӕ хордтой. 33 Ӕмӕ Саулӕн загътой: «Акӕс-ма, адӕм Йегъовӕйы раз тӕригъӕд аразынц, дзидза тугимӕ хӕрынц»+. Уӕд Саул загъта: «Сымах стыр тӕригъӕд сарӕзтат. Ардӕм-ма мӕм стыр дур ӕрбатулут». 34 Стӕй загъта: «Адӕмыл ӕрзилут ӕмӕ сын зӕгъут: „Алчидӕр уӕ йӕ галы кӕнӕ йӕ фысы мӕнмӕ ӕрбакӕнӕд. Ацы ран сӕ ӕргӕвдут ӕмӕ хӕрут. Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ма аразут, тугимӕ ма хӕрут“»+. Гъемӕ сӕ алчидӕр уырдӕм кодта, уыцы ӕхсӕв ӕм стурвосӕй цы уыди, уый, ӕмӕ-иу ӕй уым аргӕвста. 35 Уӕд Саул Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн скодта+. Уый уыд, Йегъовӕйӕн цы нывондхӕссӕнтӕ скодта, уыдонӕй фыццаг+.
36 Уый фӕстӕ Саул загъта: «Цомут, ахсӕв филистимӕгты фӕдыл ныццӕуӕм, боныцъӕхтӕм+ сӕ бастигъӕм ӕмӕ дзы иуы дӕр удӕгасӕй мауал ныууадзӕм»+. Уыдон ын дзуапп радтой: «Хуыздӕр дӕм куыд кӕсы, афтӕ бакӕн». Фӕлӕ сауджын загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы уал бафӕрсӕм»+. 37 Ӕмӕ Саул Хуыцауы бафарста: «Филистимӕгты фӕстейӕ асурон?+ Ратдзынӕ сӕ Израилы къухмӕ?»+ Фӕлӕ йын Хуыцау уыцы бон дзуапп нӕ радта+. 38 Уӕд Саул загъта: «Адӕмы хистӕртӕ+, уе ’ппӕт дӕр ардӕм рацӕут+, ӕркӕсут ӕмӕ базонут, цавӕр тӕригъӕд арӕзт ӕрцыд абон. 39 Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы Ирвӕзынгӕнӕгӕй, сомы кӕнын: мӕ фырт Ионафан куы уа аххосджын, уӕд дӕр удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн»+. Фӕлӕ йын адӕмӕй дзуапп ничи лӕвӕрдта. 40 Ӕмӕ уӕд израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Сымах ӕрлӕудзыстут иуырдыгӕй, ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионафан та – иннӕрдыгӕй». Ӕмӕ йын адӕм загътой: «Куыддӕриддӕр дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн»+.
41 Саул Йегъовӕйӕн загъта: «О Израилы Хуыцау, туммимы*+ фӕрцы нын дзуапп ратт!» Ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Ионафанмӕ ӕмӕ Саулмӕ, адӕммӕ та нӕ+. 42 Уӕд Саул загъта: «Хӕлттӕ+ сӕппарут мӕныл ӕмӕ мӕ фыртыл». Ӕмӕ бацамыдта Ионафанмӕ. 43 Уӕд Саул Ионафанӕн загъта: «Зӕгъ ӕй, цы сарӕзтай?»+ Ӕмӕ йын Ионафан загъта: «Мӕ къухы цы хъил ис, уымӕн йӕ кӕронӕй иу гыццыл мыд систон ӕмӕ дзы ахордтон+. Ӕмӕ ныр мӕнӕ дӕн. Амар мӕ».
44 Уӕд Саул загъта: «Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд+, Ионафан, ды удӕгасӕй куы баззайай, уӕд»+. 45 Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Уый Ионафан хъуамӕ амӕла – Израилы адӕмы чи фервӕзын кодта+, уый? Уымӕн гӕнӕн нӕй!+ Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнӕм+: йӕ сӕрӕй иу хъуын+ дӕр зӕхмӕ не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ абон цы сарӕзта, уый Хуыцауимӕ арӕзта»+. Афтӕ адӕм Ионафаны фервӕзын кодтой+, ӕмӕ удӕгасӕй баззад.
46 Саул филистимӕгты фӕстейӕ нал сырдта, ӕмӕ филистимӕгтӕ сӕ зӕхмӕ аздӕхтысты+.
47 Саул Израилы йӕ паддзахы бартӕ ӕрфидар кодта+ ӕмӕ хӕцыд, йӕ алыварс цы знӕгтӕ уыди, уыдонимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр: Моавимӕ+, Аммоны+ фырттимӕ, Едомимӕ+, Сувӕйы+ паддзӕхтимӕ ӕмӕ филистимӕгтимӕ+. Кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид – йе знӕгты-иу йӕ фыдӕх баййӕфта+. 48 Саул хъӕбатырӕй тох кодта+, амаликӕгты+ ныццагъта ӕмӕ Израилы адӕмы тыхгӕнӕджы къухӕй фервӕзын кодта.
49 Саулы фырттӕ уыдысты Ионафан+, Ишви ӕмӕ Малхисуа+. Йӕ дыууӕ чызгӕй та, фыццаг чи райгуырд, уый хуынди Меровӕ+, кӕстӕр та – Мелхолӕ+. 50 Саулӕн йӕ ус хуынди Ахиноамӕ, уыди Ахимаасы чызг. Йе ’фсады хицау уыди Ниры фырт Авенир+, Саулӕн йӕ фыдыфсымӕр. 51 Кис+ уыд Саулы фыд, Авениры фыд Нир+ та уыд Авиилы фырт.
52 Цалынмӕ Саул ӕгас уыд, уӕдмӕ филистимӕгтимӕ цыди карз хӕст+. Саул-иу тыхджын кӕнӕ хъӕбатыр адӕймаджы куы федта, уӕд-иу ӕй йӕхимӕ акодта+.