2 Самуилы
17 Ахитофел Авессаломӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ адӕмӕй дыууадӕс мины равзарон. Ахсӕв Давиды фӕстейӕ асурдзынӕн+, 2 ӕмӕ куы ныффӕллайа ӕмӕ йӕ ныфс куы асӕтта, уӕд ыл нӕхи ныццӕвдзыстӕм+. Ӕз ын афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ фыртӕссӕй риздзӕн. Йӕ адӕм иууылдӕр лидзӕг фӕуыдзысты, ӕмӕ паддзах иунӕгӕй куы аззайа, уӕд ӕй амардзынӕн+. 3 Ауадз мӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы дӕр фӕстӕмӕ дӕумӕ раздахон. Кӕй агурыс, уый куы нал уа, уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр дӕумӕ раздӕхдзысты, ӕмӕ иууылдӕр ӕрсабыр уыдзысты». 4 Уыцы ныхӕстӕ Авессаломӕн+ ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты.
5 Фӕлӕ Авессалом загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, архитаг Хусимӕ+ дӕр-ма фӕдзурут. Байхъусӕм, уый та цы зӕгъдзӕн». 6 Хуси Авессаломмӕ куы ’рбацыд, уӕд ын Авессалом загъта: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта Ахитофел. Куыд зӕгъы, афтӕ бакӕнӕм? Кӕд нӕ, уӕд та нын ды зӕгъ исты». 7 Ӕмӕ Хуси Авессаломӕн загъта: «Ацы хатт Ахитофелы уынаффӕ нӕ бӕззы!»+
8 Хуси загъта: «Хорз куы зоныс дӕ фыды ӕмӕ йӕ адӕмы – тыхджын адӕм сты+. Стӕй мӕсты сты+, быдыры йӕ лӕппынты кӕмӕн ахастой, ахӕм сыл арсау+. Дӕ фыд хӕстон лӕг у+, ӕмӕ ахсӕв адӕмимӕ нӕ баззайдзӕн. 9 Уый афонмӕ искӕцы лӕгӕты йе та ӕндӕр ран ӕмбӕхсы+. Ӕмӕ дӕуӕй куы фӕраздӕр уа ӕмӕ дӕ адӕмимӕ куы схӕца, уӕд, уый тыххӕй чи фехъуса, уый зӕгъдзӕн: „Авессаломы фӕдыл чи ацыд, уыдоны ныппырх кодтой!“ 10 Ӕмӕ уӕд цыфӕнды хъӕбатыр лӕгӕн дӕр, йӕ зӕрдӕ домбайы+ зӕрдӕйау фидар кӕмӕн у, уымӕн дӕр йе уӕнгтӕ фыртӕссӕй адон уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ ӕгас Израил дӕр зоны, дӕ фыд куыд фидар лӕг у+, стӕй, йемӕ чи ис, уыцы хъӕбатыр адӕм дӕр куыд фидар сты, уый+. 11 Ӕз дын ахӕм уынаффӕ ратдзынӕн: израилӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕн, Данӕй суанг Вирсавийы+ онг,– денджызы был змисау бирӕ адӕмы+,– ӕмӕ тохы дӕхӕдӕг ацу сӕ разӕй+. 12 Кӕм ӕмбӕхсы, уырдӕм ӕм бацӕудзыстӕм ӕмӕ йыл нӕхи ныццӕвдзыстӕм+, зӕххыл ӕртӕх+ куыд ӕрхауы, афтӕ, ӕмӕ сӕ удӕгасӕй никӕй ныууадздзыстӕм: нӕдӕр йӕхи, нӕдӕр йӕ адӕмы. 13 Кӕд йӕхи искӕцы горӕтмӕ айса, уӕд та ӕгас Израил уыцы горӕтмӕ бӕндӕнтӕ ӕрбахӕсдзӕн, ӕмӕ горӕт дӕлвӕзмӕ рахӕр-хӕр кӕндзыстӕм, иу лыстӕг дур дӕр дзы нал ныууадздзыстӕм»+.
14 Уӕд Авессалом ӕмӕ Израилы лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр загътой: «Уӕллӕй, архитаг Хусийы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр+ у!» Йегъовӕ афтӕ бакодта+, ӕмӕ Ахитофелы уынаффӕмӕ нӕ байхъуыстой+,– кӕд йӕ уынаффӕ хуыздӕр+ уыд, уӕддӕр,– цӕмӕй Йегъовӕ Авессаломы бӕллӕхы баппӕрстаид+.
15 Уый фӕстӕ Хуси сауджынтӕн, Садокӕн+ ӕмӕ Авиафарӕн, загъта: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм уынаффӕ радта Ахитофел Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕн, ӕз та сын афтӕ ӕмӕ афтӕ бауынаффӕ кодтон. 16 Уӕдӕ ӕвӕстиатӕй арвитут Давидмӕ+, фӕхабар ын кӕнут ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахсӕв ӕдзӕрӕг быдыры хус рӕтты ма баззай – доны иннӕ фарсмӕ ахиз+, науӕд паддзах ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр сӕфынц“»+.
17 Уыцы рӕстӕг Ионафан+ ӕмӕ Ахимаас+ уыдысты Ен-Рогелы+. Уырдӕм сӕм лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг ӕрцыд ӕмӕ сын уыцы ныхӕстӕ загъта. Ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты, цӕмӕй хабар паддзах Давидмӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой. Горӕтмӕ та нӕ бацыдысты, исчи нӕ куы фена, зӕгъгӕ. 18 Фӕлӕ сӕ уӕддӕр иу ӕрыгон лӕппу федта, ӕмӕ йӕ Авессаломӕн загъта. Уӕд уыдон уайтагъд сӕхи айстой ӕмӕ Бахуримы+ иу лӕджы хӕдзармӕ бацыдысты. Уыцы лӕгӕн йӕ кӕрты уыд цъай, ӕмӕ уырдӕм ныххызтысты. 19 Лӕгӕн йӕ ус та райста ӕмбӕрзӕн, цъайы сӕрыл ӕй айтыдта ӕмӕ йыл уӕлейӕ цъӕл мӕнӕу ныккалдта+, куыд ничи ницы бафиппайдтаид, афтӕ. 20 Авессаломы лӕггадгӕнджытӕ сылгоймагмӕ хӕдзармӕ ’рбацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕм сты Ахимаас ӕмӕ Ионафан?» Сылгоймаг сын загъта: «Ардыгӕй цӕугӕдонмӕ ацыдысты»+. Уыдон сӕ фӕцагуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой+, ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты.
21 Куы ацыдысты, уӕд лӕппутӕ цъайӕ сбырыдысты ӕмӕ Давидмӕ ацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Сыстут ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕдоныл ахизут, уымӕн ӕмӕ Ахитофел уӕ ныхмӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ бауынаффӕ кодта»+. 22 Давид ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр уайтагъд сыстадысты ӕмӕ боныцъӕхтӕм хызтысты Иорданы иннӕ фарсмӕ+, цалынмӕ се ’ппӕт дӕр нӕ ахызтысты, уӕдмӕ.
23 Ахитофел та уый куы федта, ӕмӕ йын йӕ уынаффӕмӕ нӕ байхъуыстой+, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ ацыд хӕдзармӕ, йӕхи горӕтмӕ+. Йӕ хӕдзаронтӕн фӕстаг уынаффӕтӕ радта+ ӕмӕ стӕй йӕхи ӕрцауыгъта+, ӕмӕ амард+. Ӕмӕ йӕ баныгӕдтой+, йӕ фыдӕлтӕ кӕм ныгӕд уыдысты, уым.
24 Давид ӕрцыд Маханаиммӕ+. Авессалом та Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызт, израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр йемӕ, афтӕмӕй. 25 Авессалом Иоавы+ бӕсты ӕфсады сӕргъы сӕвӕрдта Амессайы+. Амессай уыд израилаг лӕг Йеферы+ фырт – Наасы чызг Авигейӕимӕ+, ома Иоавы мад Саруйӕйы хоимӕ, ӕмуат чи ӕрцыд*, уый фырт. 26 Израилӕгтӕ ӕмӕ Авессалом ӕрбынат кодтой Галаады зӕххыл+.
27 Давид Маханаиммӕ куы ’рцыд, уӕд ӕм ӕрбацыдысты Наасы фырт Сови, Аммоны+ фыртты горӕт Раввӕйӕ+, Аммиилы+ фырт Махир+, Лодеварӕй, ӕмӕ галаадаг Верзели+, Роглимӕй+, 28 ӕмӕ семӕ ӕрбахастой хуыссӕнтӕ, тастӕ ӕмӕ ӕлыг мигӕнӕнтӕ. Ӕрбахастой ма мӕнӕу, хъӕбӕрхор, ссад+, цӕкуытӕ+, хъӕдур+, тъӕпӕн хъӕдур+, стӕй хъӕдуры цӕкуытӕ, 29 мыд+, царв+, фӕлмӕн цыхт ӕмӕ фыстӕ, цӕмӕй, Давид ӕмӕ йӕ адӕм цы хордтаиккой, уый сын уыдаид+, уымӕн ӕмӕ загътой, адӕм ӕдзӕрӕг быдыры ӕххормаг, фӕллад сты ӕмӕ сын дойны у, зӕгъгӕ+.