Псалом
2 Ӕрхъуыды кӕн, раджы дӕхицӕн кӕй самал кодтай, уыцы ӕмбырд+,
Дӕхицӕн кӕй балхӕдтай, бынӕн кӕй райстай, уыцы адӕмы*+
Ӕмӕ ацы хох Сион – дӕ цӕрӕнбынат+.
5 Уыдон зындгонд сты, сӕ фӕрӕт хӕрдмӕ кӕй сисынц ӕмӕ тархъӕды фӕндаг кӕй акӕнынц, уымӕй.
6 Ӕмӕ ныр кувӕндоны нывӕфтыд къултӕ иууылдӕр фӕрӕттӕй ӕмӕ ӕфсӕйнаг хъилтӕй хойынц+.
7 Дӕ кувӕндон дын арты хай бакодтой+.
Дӕ ном чи хӕссы, уыцы цатырӕй фӕхынджылӕг кодтой, зӕххы йӕ ныссӕстой+.
8 Уыдон сӕ байзӕддӕгтимӕ сӕхинымӕр ӕмхуызонӕй загътой:
«Ацы зӕххыл Хуыцауӕн цыдӕриддӕр ӕмбырдгӕнӕн бынӕттӕ ис, уыдон арты хай бауыдзысты»+.
9 Никуы уынӕм нӕ нысӕнттӕ. Иу пехуымпар дӕр нал ис+,
Иу дӕр нӕ нӕ зоны, цас ма уыдзӕн афтӕ.
11 Дӕ къух, дӕ рахиз къух, дӕ дӕлармӕй куы райстай, хӕрдмӕ йӕ куы систай,
Уӕд ӕй цӕмӕн уромыс?+ Ай мӕнӕ сӕфгӕ куы кӕнӕм!
13 Ды дӕ хъаруйӕ сызмӕлын кодтай денджыз+,
Денджызы цӕрӕг стыр цӕрӕгойтӕн доны мидӕг сӕ сӕртӕ ныппырх кодтай+.
14 Ды ныцъцъӕл кодтай левиафаны* сӕртӕ+.
Ӕмӕ йӕ хӕрынӕн радтай адӕмӕн, ӕнӕдон бӕстӕйы чи цӕры, уыдонӕн+.
18 Ӕрхъуыды кӕн, о Йегъовӕ, знаг дӕ кӕй ӕфхӕры+
Ӕмӕ дын ӕнӕзонд адӕм дӕ ном хынджылӕггаг кӕй кӕнынц+.
19 Де ’хсинӕджы уд хъӕддаг сырды амӕттаг ма фӕкӕн+.
Дӕ адӕмӕй ӕфхӕрд чи у, уыдоны цард ӕнустӕм ма ферох кӕн+.
20 Ӕрхъуыды кӕн дӕ бадзырд+,
Уымӕн ӕмӕ зӕххыл цы талынг рӕттӕ ис, уыдон байдзаг сты тыхгӕнджыты бадӕнтӕй+.
21 Ма бауадз, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕймаг ӕгады бынаты уа+.
Ӕфхӕрд адӕймаг ӕмӕ дын мӕгуыр адӕймаг дӕ ном скадджын кӕнӕнт+.