Иов
2 Уый фӕстӕ та иу бон ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдысты. Се ’хсӕн уыди Сайтан дӕр, уый дӕр ӕрлӕууыд Йегъовӕйы раз+.
2 Ӕмӕ Йегъовӕ Сайтаны бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Сайтан Йегъовӕйӕн дзуапп радта: «Зӕххыл зылдтӕн, рацу-бацу йыл кодтон»+. 3 Ӕмӕ Йегъовӕ Сайтанӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг Иовмӕ дӕ хъус не ’рдардтай?+ Зӕххыл уый хуызӕн адӕймаг нӕй: ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг+, тӕрсы Хуыцауӕй+ ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй+. Уый ныр дӕр афтӕ иузӕрдион*+ у, ды та мӕ йӕ ныхмӕ ардауыс+, цӕмӕй йӕ ницӕй тыххӕй фесафон»+. 4 Сайтан+ та Йегъовӕйӕн загъта: «Царм цармы тыххӕй. Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн+. 5 Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йын йе стӕг ӕмӕ йӕ буармӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид»+.
6 Уӕд Йегъовӕ Сайтанӕн загъта: «Ныр уыдзӕн дӕ къухы. Ӕрмӕст ын йӕ удмӕ ма бавнал!» 7 Уыйадыл Сайтан Йегъовӕйы разӕй ацыд+ ӕмӕ Иовыл сӕрӕй къӕхты бынмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ+ бафтыдта. 8 Иов райста ӕлыг мигӕнӕны саст, цӕмӕй дзы йӕ буар хафтаид, ӕмӕ сбадт фӕнычы+.
9 Иу бон ын йӕ ус загъта: «Уӕддӕр ма афтӕ иузӕрдион* дӕ?+ Ралгъит Хуыцауы ӕмӕ амӕл!» 10 Фӕлӕ йын Иов загъта: «Ды кӕныс ӕнӕзонд+ сылгоймаджы ныхӕстӕ! Ау, ӕцӕг Хуыцау нын хорзӕй цы дӕтты, ууыл хъуамӕ уӕм разы, ӕвзӕрыл та – нӕ?»+ Иовӕн йӕ дзыхӕй цы ныхӕстӕ рацыд, уыдонӕй тӕригъӕд нӕ ракодта+.
11 Иовы сӕр цы бӕллӕхтӕ баййӕфта, уый йе ’ртӕ ӕмбалы куы фехъуыстой, уӕд сӕ алчидӕр ӕрцыд, чи сӕ кӕм цард, уырдыгӕй. Уыдон уыдысты феманаг+ Елифаз, шуахаг+ Вилдад ӕмӕ наамитаг+ Софар. Уыдон баныхас кодтой, фембӕлдысты+ ӕмӕ йӕм ацыдысты, цӕмӕй йӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой ӕмӕ йын ныфсытӕ бавӕрдтаиккой+. 12 Дардӕй йӕ куы ауыдтой, уӕд ӕй нал базыдтой. Ӕмӕ тынг ныккуыдтой, сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык калын райдыдтой+. 13 Авд боны ӕмӕ авд ӕхсӕвы йӕ фарсмӕ зӕххыл фӕбадтысты+, ӕмӕ йӕм дзы иу ныхас дӕр ничи скодта, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдтой, тынг кӕй удхар кӕны+.