Псалом
Амонӕгӕн. Хъисфӕндыртыл+. Давиды зарӕг.
4 О мӕ рӕстаг Хуыцау+, куы дӕм сдзыназон, уӕд-иу мын дзуапп ратт.
Уынгӕджы куы уон, уӕд-иу мӕ фервӕзын кӕн.
Дӕ хорзӕх мӕ уӕд+ ӕмӕ мын мӕ куывд фехъус.
2 Адӕймаджы фырттӕ, мӕ кад+ мын дӕлӕмӕ кӕдмӕ кӕндзыстут?
Кӕдмӕ уарздзыстут ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ?
Кӕдмӕ кӕндзыстут гӕдыныхӕстӕ? (Села́)
3 Зонут ӕй, Йегъовӕ скадджын кӕндзӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы+,
Йегъовӕ мӕ фехъусдзӕн, куы йӕм сдзыназон, уӕд+.
4 Куы смӕсты уат, уӕддӕр-иу тӕригъӕд ма саразут+.
Уӕ зӕгъинӕгтӕ-иу уӕхицӕн уӕ зӕрдӕты радзурут, уӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ+, ӕмӕ-иу мацыуал зӕгъут. (Села́)