Галатӕгтӕм
3 О, ӕнӕмбаргӕ галатӕгтӕ, Йесо Чырыстийы уын цыма уӕ разы байтыгътой, афтӕ хорз уын куы бамбарын кодтой уыцы хабар+, уӕд уын ныр уӕ зонд чи сзыгъуыммӕ кодта?+ 2 Ӕрмӕстдӕр мӕ уый фӕнды базонын: Хуыцауы сыгъдӕг тых*+, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы+, уыдоны фӕрцы райстат ӕви, цы фехъуыстат+, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы? 3 Ау, афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ног фӕндагыл Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ разамындмӕ гӕсгӕ куы райдыдтат цӕуын, уӕд ныр уӕ зӕрдӕ зӕххон хъуыддӕгтыл дарут+, цӕмӕй йыл кӕронмӕ фӕхӕццӕ уат? 4 Уыйбӕрц зындзинӕдтӕ дзӕгъӕлы бавзӕрстат?+ Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ дзӕгъӕлы уой. 5 Уӕдӕ уӕ сыгъдӕг тыхӕй чи хайджын кӕны+ ӕмӕ уе ’хсӕн стыр диссӕгтӕ* чи аразы+, уый афтӕ цӕмӕн аразы? Закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдон кӕй аразут, уый тыххӕй ӕви, цы фехъуыстат, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый тыххӕй? 6 Афтӕ Авраам дӕр «баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл»+.
7 Сымах ӕй бӕгуыдӕр зонут, уырнындзинад кӕмӕ ис+, уыдон Авраамы фырттӕ кӕй сты+. 8 Ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдоны Хуыцау сӕ уырнындзинады фӕрцы рӕстгӕнджытыл кӕй банымайдзӕн, уый зонгӕйӕ, Фыстад Авраамӕн бирӕ раздӕр фехъусын кодта хорз хабар, зӕгъгӕ, «дӕ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр»+. 9 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон арфӕгонд цӕуынц+ иузӕрдион Авраамимӕ иумӕ+.
10 Афтӕ чи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдон аразын, ӕмӕ йӕ ныфс ууыл чи дары, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕлгъыст сты, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Ӕлгъыст фӕуӕд, Закъоны чиныджы* цы фыст ис, уыдон иууылдӕр чи не ’ххӕст кӕны»+. 11 Стӕй бӕрӕг у, закъоны фӕрцы Хуыцауы раз иу адӕймаг дӕр кӕй нӕ цӕуы рӕстгӕнӕгыл нымад+, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Рӕстгӕнӕг цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы»+. 12 Ӕмӕ закъон та, адӕймагмӕ уырнындзинад уа, уый нӕ домы, ӕрмӕст зӕгъы: «Ацы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы»+. 13 Чырысти та нӕ балхӕдта+ ӕмӕ нӕ афтӕмӕй ссӕрибар кодта+, Закъонмӕ гӕсгӕ ныл цы ӕлгъыст+ уыди, уымӕй – не ’лгъыст йӕхимӕ райста, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Хъӕдыл кӕй ӕрцауындзой, уый ӕлгъыст у»+. 14 Уый уымӕн афтӕ уыд, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы хайджын уой иннӕ адӕмтӕ+ дӕр, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр нӕ уырнындзинады+ руаджы райсӕм, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тых+.
15 Ӕфсымӕртӕ, цардӕй уын иу цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн: адӕймаг искӕимӕ бадзырд куы сфидар кӕны, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи ницы бафтауы, кӕд ӕй адӕймаг сфидар кӕны, уӕддӕр+. 16 Афтӕ Хуыцау дӕр зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн+ ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн*+. Фыстад афтӕ нӕ зӕгъы: «Ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн», цыма бирӕ сты, фӕлӕ иуы+ кой кӕны, «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн»+, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый у Чырысти+. 17 Стӕй ма уын ноджыдӕр зӕгъын: Хуыцау раздӕр кӕй сфидар кодта, уыцы бадзырдӕн+, цыппарсӕдӕ ӕртын азы+ фӕстӕ чи фӕзынд, уыцы Закъон йӕ тых нӕ сӕтты ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн кӕрон нӕ кӕны+. 18 Адӕймагӕн бынтӕ закъонмӕ гӕсгӕ куы баззайой, уӕд афтӕ зӕгъӕн нал ис, ӕмӕ йын зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ баззадысты+. Ӕмӕ Хуыцау та йӕ хӕларзӕрдӕйӕ Авраамӕн цы бынтӕ радта, уыдон ын уымӕн радта, ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта+.
19 Ӕмӕ уӕд Закъон цӕмӕн хъуыд? Хуыцау ӕй радта*, цӕмӕй, зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыцы байзӕддаг цалынмӕ не ’рцыдаид+, уӕдмӕ адӕмы фыдракӕндтӕ раргом кодтаид+. Лӕвӕрд та ӕрцыд зӕдты+ уылты ӕхсӕны лӕджы къухӕй+. 20 Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр иу архайӕг цы бадзырды уа, уым ӕхсӕны лӕг нӕ хъӕуы. Ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд дзы уый йеддӕмӕ архайӕг нӕ уыд+. 21 Ӕмӕ уӕд Закъон, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдоны ныхмӕ у?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! Адӕймагӕн цард чи дӕтты, ахӕм закъон куы ’рцыдаид лӕвӕрд+, уӕд адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад дӕр закъоны фӕрцы ӕрцыдаид+. 22 Фӕлӕ Фыстад+ се ’ппӕты дӕр бакодта тӕригъӕды ахӕсты+, цӕмӕй, Йесо Чырыстийыл чи ’ууӕнды, уыдон хайджын уой, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй+.
23 Фӕлӕ цалынмӕ уырнындзинад нӕ фӕзынд+, уӕдмӕ закъон хъахъхъӕнӕгау лӕууыд нӕ уӕлхъус+ ӕмӕ не ’ппӕты дӕр бакодта тӕригъӕды ахӕсты, ӕмӕ мах ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, чи хъуамӕ раргом уыдаид, уыцы уырнындзинадмӕ+. 24 Афтӕмӕй нын Закъон сси сывӕллонгӕсы* хуызӕн ӕмӕ нӕ кодта Чырыстимӕ+, цӕмӕй уырнындзинады фӕрцы нымад ӕрцыдаиккам рӕстгӕнджытыл+. 25 Фӕлӕ ныр, уырнындзинад куы фӕзынд+, уӕд‚ сывӕллонгӕсы бар нал стӕм+.
26 Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндут, уый фӕрцы уе ’ппӕт дӕр стут Хуыцауы фырттӕ+. 27 Сымах уе ’ппӕт дӕр аргъуыд райстат, ныр стут Чырыстиимӕ иудзинады+, ӕмӕ уӕхиуыл уӕлӕдарӕсау скодтат Чырыстийы удыхъӕд+. 28 Ныр нал ис нӕдӕр дзуттаг, нӕдӕр грекъаг+, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар адӕймаг+, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг+, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр стут иу, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады кӕй стут, уый фӕрцы+. 29 Ӕмӕ кӕд Чырыстийы стут, уӕд та ӕцӕгдӕр стут Авраамы байзӕддӕгтӕ+, ӕмӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ стут бындартӕ+.