Райдиан
15 Уыцы хабӕртты фӕстӕ Йегъовӕ Авраммӕ цӕстылуайӕны+ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Аврам, мацӕмӕй тӕрс+. Ӕз дӕ уартау хъахъхъӕндзынӕн+. Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг»+. 2 Аврам та йын загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, цы мын ратдзынӕ? Нырмӕ дӕр мын зӕнӕг нӕй, ӕмӕ мӕ хӕдзар баззайдзӕн Елиезерӕн, дамаскаг лӕгӕн»+. 3 Аврам ма ноджыдӕр загъта: «Ды мын байзӕддаг+ нӕ радтай, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг уыдзӕн мӕ бындар+». 4 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ бындар уыцы адӕймаг нӕ уыдзӕн, фӕлӕ дӕхицӕй чи рацӕуа, уый уыдзӕн дӕ бындар»+.
5 Уый фӕстӕ йӕ ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ банымай стъалытӕ, кӕд сӕ дӕ бон банымайын суа, уӕд»+. Ӕмӕ ма йын Хуыцау ноджыдӕр загъта: «Уыйбӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр»+. 6 Аврам баууӕндыд Йегъовӕйыл+, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл+. 7 Стӕй ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз дӕ ракодтон халдейаг горӕт Урӕй, цӕмӕй дын ацы зӕхх раттон»+. 8 Аврам та йын загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый цӕмӕй базондзынӕн?»+ 9 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Ӕрбакӕн мын ӕртӕаздзыд дыгӕрдыг, ӕртӕаздзыд сӕгъ, ӕртӕаздзыд фыр, стӕй мын ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ лӕппын бӕлон»+. 10 Аврам дӕр ӕрбакодта уыцы цӕрӕгойты, алкӕцыйы дӕр дзы дыууӕ дихы акодта ӕмӕ дзы алы цӕрӕгойӕн дӕр йӕ иу хай иуырдыгӕй ӕрӕвӕрдта, иннӕ хай та – иннӕрдыгӕй, йӕ бакомкоммӕ. Ӕрмӕст бӕлӕтты нӕ адих кодта+. 11 Дзидзатӕм тугдзых мӕргътӕ+ тӕхын байдыдтой, фӕлӕ-иу сӕ Аврам асырдта.
12 Иуцасдӕры фӕстӕ, хур куы фӕцӕйныгуылди, уӕд Аврам тарф фынӕй баци+, ӕмӕ фыны федта, цыма бӕстӕ сау талынг баци. 13 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Аврамӕн загъта: «Зон ӕй: дӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы+, ӕмӕ уыцы адӕмӕн уыдзысты цагъартӕ ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзысты цыппарсӕдӕ азы дӕргъы+. 14 Фӕлӕ, цагъартӕ кӕмӕн уой, уыцы адӕмы ӕз бафхӕрдзынӕн+, ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы бӕстӕйӕ рацӕудзысты бирӕ мулкимӕ+. 15 Ды та амондджынӕй бирӕ фӕцӕрдзынӕ, стӕй ӕрӕнцайдзынӕ ӕмӕ дӕ дӕ фыдӕлтимӕ бавӕрдзысты+. 16 Фӕлӕ дӕ байзӕддӕгтӕ ардӕм ӕрбаздӕхдзысты цыппӕрӕм фӕлтӕры+, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕма ӕрцыд, цӕмӕй аморейтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд баййафой»+.
17 Хур куы аныгуылд, уӕд тынг баталынг, ӕмӕ дын мӕнӕ, кӕй адих кодта, уыцы цӕрӕгойты хӕйтты ’хсӕн фӕздӕгкалгӕ пец ӕмӕ судзгӕ цырагъ ацыд+. 18 Уыцы бон Йегъовӕ Аврамимӕ скодта бадзырд+ ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх+ ӕз ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн – Египеты цӕугӕдонӕй стыр цӕугӕдон Евфраты онг+: 19 кенейты+, кенезейты, кедмонейты, 20 хетты+, ферезейты+, рефаимты+, 21 аморейты, ханаайнӕгты, гергесейты ӕмӕ йевусейты зӕхх»+.