Марчы
13 Йесо кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма! Мӕнӕ цы дуртӕ ӕмӕ цы агъуыстытӕ ис!»+ 2 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Раст зӕгъыс, стыр агъуыстытӕ сты+. Фӕлӕ афтӕ ныппырх уыдзысты+, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн»+.
3 Ӕмӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл кувӕндоны акомкоммӕ куы бадти, уӕд ӕй Петр+, Иаков, Иоанн ӕмӕ Андрей хибарӕй бафарстой+: 4 «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, ӕмӕ, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕн сӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн*?»+ 5 Гъемӕ сын Йесо райдыдта ӕмбарын кӕнын: «Кӕсут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа+. 6 Мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты, ӕз Чырысти дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты+. 7 Стӕй хӕстӕг рӕттӕй ӕмӕ дард рӕттӕй хӕстыты кой хъусдзыстут, фӕлӕ-иу ма тӕрсут – уыцы хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕн+.
8 Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ+. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ+ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг+. Уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан+.
9 Фӕлӕ сымах уӕхимӕ кӕсут. Адӕм уӕ дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм+ ӕмӕ уӕ сӕ ӕмбырдгӕнӕнты нӕмдзысты+. Стӕй уӕ мӕн тыххӕй ӕрлӕууын кӕндзысты хицӕутты раз ӕмӕ паддзӕхты раз, ӕмӕ уый фӕрцы уыдонӕн дӕр радзурдзыстут, цӕуыл ӕууӕндут, уый тыххӕй+. 10 Зӕгъын ма уын уый дӕр, ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ хорз хабар+ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа+. 11 Фӕлӕ уӕ тӕрхондонмӕ куы кӕной, уӕд, цы зӕгъдзыстут, ууыл ма тыхсут+ – уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут, ӕмӕ-иу уый дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых+. 12 Ӕфсымӕр ӕфсымӕры ратдзӕн мӕлӕтмӕ, фыд та – йӕ хъӕбулы+, ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр суыдзысты сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ ратдзысты мӕлӕтмӕ+. 13 Ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй иууылдӕр се сӕфт уындзысты+. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа+, уый фервӕздзӕн+.
14 Бӕстӕ чи сафы+, уыцы ӕлгъагдзинад+, кӕм не ’мбӕлы, уым лӕугӕ куы фенат,– ацы ныхӕстӕ чи кӕса, уый-иу ӕй бамбарӕд+,– уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм+. 15 Ӕмӕ хӕдзары сӕр* чи уа, уый мауал ӕрхизӕд ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал бацӕуӕд+. 16 Быдыры чи уа, уый дӕр фӕстӕмӕ мауал раздӕхӕд йӕ уӕлӕдарӕс рахӕссынмӕ+. 17 Мӕгуыры бон уыдзӕн уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл+. 18 Кувут, цӕмӕй уыцы хабар зымӕджы ма ’рцӕуа+, 19 уымӕн ӕмӕ уыцы бонты уыдзӕн, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи никуыма уыд, ахӕм бӕллӕх+ – ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн+. 20 Ӕмӕ Йегъовӕ+ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр кӕнид, уӕд ничи* фервӕзид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты+ тыххӕй, йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыдоны тыххӕй+, фӕцыбыр кӕндзӕн уыцы бонтӕ+.
21 Стӕй уын уӕд исчи афтӕ куы зӕгъа, Чырысти мӕнӕ ам ис, кӕнӕ, уӕртӕ уым ис+, зӕгъгӕ,– ма-иу ыл баууӕндут+, 22 уымӕн ӕмӕ фӕзындзӕн мӕнг Чырыститӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕ+. Уыдон ӕвдисдзысты диссӕгтӕ ӕмӕ ӕнахуыр цыдӕртӕ+, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕной+. 23 Уӕдӕ къӕрцхъус ут+ – рагацау уын зӕгъын ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй+.
24 Ӕмӕ уӕд, уыцы бӕллӕхы фӕстӕ, хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй рухс нал кӕндзӕн, 25 стъалытӕ арвӕй хаудзысты ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты+. 26 Ӕмӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты+ мигътыл стыр тых ӕмӕ кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ+. 27 Уӕд уый йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст+ адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ+.
28 Цӕвиттонӕн райсӕм легъуибӕлас. Ног къалиутӕ йыл куы рацӕуы ӕмӕ сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы+. 29 Уӕдӕ куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл+. 30 Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр дӕр ма ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ+. 31 Арв+ ӕмӕ зӕхх куы нал уой, уӕддӕр мӕ ныхӕстӕ+ ӕрцӕудзысты+.
32 Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд+. 33 Уӕдӕ кӕсут, ма бафынӕй ут+, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут+. 34 Уый абарӕн ис, ӕндӕр бӕстӕм чи цыди, иу ахӕм лӕг+ куыд бакодта, уыимӕ: йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар бакодта, алкӕмӕн дӕр дзы радта йӕхи куыст, ӕмӕ дуаргӕсӕн ныффӕдзӕхста, ма бафынӕй у, зӕгъгӕ. 35 Уӕдӕ сымах дӕр ма бафынӕй ут+, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонут, кӕд ӕрцӕудзӕн хӕдзары хицау: изӕрӕй*, ӕмбисӕхсӕв*, кӕркуасӕнты* ӕви боныцъӕхтыл*+,– 36 цӕмӕй, ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕзына, уӕд уӕ фынӕйӕ ма ӕрӕййафа+. 37 Сымахӕн цы дзурын, уый та хауы алкӕмӕ дӕр: ма бафынӕй ут!»+