1 Иоанны
2 Мӕ хъӕбултӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм уымӕн фыссын, цӕмӕй тӕригъӕд ма ракӕнат+. Фӕлӕ уӕ кӕд исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд та нын Фыды раз ис ӕххуысгӕнӕг+ – рӕстгӕнӕг+ Йесо Чырысти. 2 Уый у фидауынгӕнӕг+ нывонд+ нӕ тӕригъӕдты+ тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах+ тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕгас дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр+. 3 Кӕд ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕд ӕй зонӕм, кӕй йӕ базыдтам+. 4 Афтӕ чи дзуры, ӕз ӕй базыдтон+, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та йын йӕ фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кӕны+, уый сайгӕ кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад* нӕй+. 5 Фӕлӕ йын йӕ ныхас+ чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕймаг Хуыцауы ӕцӕгдӕр уарзы ӕххӕст уарзтӕй+. Ӕмӕ йӕ уымӕй зонӕм, йемӕ иудзинады кӕй стӕм+. 6 Афтӕ чи дзуры, ӕз йемӕ иудзинады дӕн+, зӕгъгӕ, уый хъуамӕ цӕргӕ дӕр кӕна, Йесо куыд цард, афтӕ*+.
7 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм ног фӕдзӕхст нӕ фыссын, фӕлӕ рагон фӕдзӕхст+, райдианӕй+ кӕй зонут, уый. Ацы рагон фӕдзӕхст у, сымах кӕй фехъуыстат, уыцы ныхас. 8 Уӕвгӕ уӕм ног фӕдзӕхст дӕр фыссын, Чырысти кӕй ӕххӕст кодта ӕмӕ сымах дӕр кӕй ӕххӕст кӕнут, уыцы фӕдзӕхст, уымӕн ӕмӕ талынг+ фӕивгъуыйы ӕмӕ ӕцӕг рухс+ ныридӕгӕн рухс кӕны.
9 Афтӕ чи дзуры, ӕз рухсы дӕн, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт уыны+, уый ныр дӕр ма талынджы ис+. 10 Йе ’фсымӕры чи уарзы, уый ис рухсы+, ӕмӕ йын къуылымпыйы хос* ницы уыдзӕн+. 11 Фӕлӕ йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый ис талынджы ӕмӕ цӕугӕ дӕр талынджы кӕны+. Ӕмӕ кӕдӕм цӕуы+, уый дӕр нӕ зоны, уымӕн ӕмӕ йӕ талынг бакуырм кодта.
12 Фыссын уӕм, мӕ хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ* номы+ тыххӕй уӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты. 13 Фыссын уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй+ чи ис, уый. Фыссын уӕм, ӕрыгӕттӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах Фыдбылызыл фӕуӕлахиз стут+. Фыссын уӕм, мӕ хъӕбултӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат нӕ Фыды+. 14 Фыссын уӕм, фыдӕлтӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй+ чи ис, уый. Фыссын уӕм, ӕрыгӕттӕ, уымӕн ӕмӕ сымах стут фидар+, Хуыцауы ныхас ис уӕ зӕрдӕты+ ӕмӕ Фыдбылызыл фӕуӕлахиз стут+.
15 Ма уарзут дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый+. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы+, 16 уымӕн ӕмӕ дунейы цыдӕриддӕр ис+: тӕригъӕдджын буары монцтӕ+, цӕстыты монцтӕ+ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын+, – уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ+. 17 Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр+, Хуыцауы фӕндон+ чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм+.
18 Мӕ хъӕбултӕ, рӕстӕг бирӕ нал баззад+, ӕмӕ куыд фехъуыстат, афтӕмӕй Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг ӕрцӕуы+. Ныр дӕр Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ+ фӕзынд, ӕмӕ уымӕй зонӕм, рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уый. 19 Уыдон уыдысты не ’хсӕн, фӕлӕ махӕй ацыдысты, уымӕн ӕмӕ махӕй нӕ уыдысты+. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ баззадаиккой+. Фӕлӕ уыдон ацыдысты, цӕмӕй рабӕрӕг уа, се ’ппӕт махӕй кӕй не сты+. 20 Сымах Сыгъдӕг Хуыцау байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй+, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут рӕстдзинад+. 21 Уый тыххӕй уӕм нӕ фыссын, ӕмӕ рӕстдзинад нӕ зонут+, фӕлӕ йӕ кӕй зонут+, уый тыххӕй, стӕй, иу мӕнгдзинад дӕр рӕстдзинадӕй кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй дӕр+.
22 Афтӕ чи зӕгъы, Йесо, дам, Чырысти* нӕу, уый кӕд нӕ сайы, уӕд ма чи сайы?+ Уый у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг+. Уый нӕдӕр Фыдыл ӕууӕнды, нӕдӕр Фыртыл+. 23 Фыртыл чи не ’ууӕнды, уый Фыдимӕ дӕр иудзинады нӕй+. Фырты тыххӕй ӕргом чи дзуры+, уый та Фыдимӕ дӕр ис иудзинады+. 24 Сымахӕн та зӕгъын: райдианы цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты баззайӕд+. Райдианы цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты куы уа, уӕд сымах дӕр Фыртимӕ дӕр ӕмӕ Фыдимӕ+ дӕр уыдзыстут иудзинады+. 25 Ӕмӕ нын Фыд та зӕрдӕ бавӕрдта ӕнусон цардӕй+.
26 Ацы ныхӕстӕ уӕм фыссын, уӕ асайыныл чи архайы, уыдоны тыххӕй+. 27 Сымах тыххӕй та мӕ уый фӕнды зӕгъын, ӕмӕ уӕ Хуыцау цы сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста+, уый ис уӕ мидӕг ӕмӕ уый хъуаг нал стут, цӕмӕй уӕ исчи ахуыр кӕна+. Кӕй уӕ байсӕрста, уыцы хъуыддаг у ӕцӕг+, мӕнг нӕу, ӕмӕ уӕ уый фӕрцы ахуыр кӕны ӕппӕтыл дӕр+. Ӕмӕ уӕ куыддӕриддӕр сахуыр кодта, афтӕ йемӕ иудзинады ут+. 28 Уӕдӕ, мӕ хъӕбултӕ+, йемӕ иудзинады ут+, цӕмӕй, куы раргом уа+, уӕд нӕ бон уа нӕхи тыххӕй ныфсджынӕй дзурын+ ӕмӕ, куы ’рцӕуа*+, уӕд ма фӕхудинаг уӕм ӕмӕ дзы ма фӕхицӕн уӕм. 29 Хуыцау рӕстаг кӕй у+, уый кӕд зонут, уӕд уый дӕр зонут, ӕмӕ, раст хъуыддӕгтӕ чидӕриддӕр кӕны, уый дӕр уымӕй райгуырд+.