Марчы
14 Дыууӕ боны фӕстӕ+ та хъуамӕ уыдаид Куадзӕн+ ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон+. Гъемӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ хъуыды кодтой, Йесойы ӕрцахсынӕн цавӕр хиндзинад ӕрымысой ӕмӕ йӕ куыд амарой, ууыл+. 2 «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, кӕннод адӕм сызмӕнтдзысты»,– дзырдтой уыдон+.
3 Йесо Вифанийы, раздӕр хъотырӕй+ рынчын чи уыди, уыцы Симоны хӕдзары фынгыл куы бадт, уӕд ӕм бацыд иу сылгоймаг дурынимӕ*, дурыны мидӕг та уыди сыгъдӕг нард – тынг зынаргъ хӕрздӕф сой. Сылгоймаг дурын бакодта ӕмӕ йын сой йӕ сӕрыл уадзын райдыдта+. 4 Уӕд иуӕй-иутӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой: «Гъеныр цӕмӕн хъуыди уыйбӕрц хӕрздӕф сой хардз кӕнын?+ 5 Уыцы сой ӕртӕсӕдӕ динарӕй* дӕр фылдӕр райстаид, ӕмӕ уыцы ӕхца уыдаид мӕгуыртыл байуарӕн!» Ӕмӕ сылгоймагмӕ тынг смӕсты сты+. 6 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ныууадзут ӕй. Цӕмӕн ӕй хъыгдарут? Уый мӕнӕн хорздзинад ракодта+. 7 Мӕгуыртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты+, ӕмӕ сын кӕдфӕнды дӕр уӕ бон у исты хорзы бацӕуын. Ӕз та уемӕ ӕдзух нӕ уыдзынӕн+. 8 Ацы сылгоймаг, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта. Хӕрздӕф сой мыл уый тыххӕй рауагъта, цӕмӕй мын мӕ буар ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кӕна+. 9 Ӕцӕг уын зӕгъын: хорз хабар ӕгас дунейы кӕмфӕнды ма хъусын кӕной+, уым-иу ӕрымысдзысты ацы сылгоймаджы ӕмӕ-иу зӕгъдзысты, цы бакодта, уый тыххӕй»+.
10 Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыд сауджынты хистӕртӕм, цӕмӕй сын Йесойы ауӕй кодтаид+. 11 Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд тынг бацин кодтой ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдтой ӕвзист ӕхцатӕй+. Гъемӕ уый дӕр, сӕ къухы сын ӕй куыд бафтын кӕна, уымӕн хорз фадат агурын райдыдта+.
12 Донгонд+ дзулты бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон, Куадзӕны нывонд-иу куы ӕргӕвстой, уыцы бон куы ралӕууыд, уӕд, Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ+ бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕдӕм ацӕуӕм ӕмӕ дын кӕм ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»+ 13 Уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕн бабар кодта: «Ацӕут горӕтмӕ. Фӕндагыл уыл фембӕлдзӕн иу лӕг, дурыны дон фӕцӕйхӕсдзӕн+. Гъемӕ-иу йӕ фӕдыл ацӕут, 14 ӕмӕ цы хӕдзармӕ бацӕуа, уыцы хӕдзары хицауӕн-иу зӕгъут, зӕгъгӕ, Ахуыргӕнӕг фӕрсы: „Кӕм мын ӕрцӕттӕ кодтай уат*, цӕмӕй дзы мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ+ Куадзӕны ӕхсӕвӕр бахӕрон?“+ 15 Уый уӕ скӕндзӕн уӕлӕмӕ ӕмӕ уын равдисдзӕн стыр уат. Уат алцӕмӕй дӕр уыдзӕн цӕттӕ, ӕмӕ-иу нын фынг уым ӕрӕвӕрут»+. 16 Ахуыргӕнинӕгтӕ араст сты, ӕмӕ горӕтмӕ куы бацыдысты, уӕд хабӕрттӕ рауадысты, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ. Ӕмӕ, Куадзӕнмӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кодтой+.
17 Куы баизӕр, уӕд йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ уырдӕм бацыд+. 18 Ӕмӕ фынгыл куы бадтысты ӕмӕ куы хордтой, уӕд сын Йесо загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: сымахӕй иу, мемӕ къӕбӕр чи хӕры+, уыдонӕй иу, мӕн ауӕй кӕндзӕн»+. 19 Уыдон тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ йын райдыдтой радыгай дзурын: «Уый ӕз нӕ дӕн, афтӕ нӕу?»+ 20 Йесо сын загъта: «Дыууадӕсӕй иу, йӕ къӕбӕр мемӕ къусы чи тулы, уыдонӕй иу, у мӕ уӕйгӕнӕг+. 21 Уӕвгӕ, Адӕймаджы Фыртӕн ӕнӕацӕугӕ нӕй, уый тыххӕй фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ. Фӕлӕ додой йӕ къона йӕ уӕйгӕнӕгӕн! Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид»+.
22 Ӕмӕ, нырма хӕргӕ кодтой, афтӕ дзул райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, стӕй дзул ӕрсаста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Айсут. Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар»+. 23 Уый фӕстӕ райста сӕны къус, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта, ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр банызтой+. 24 Ӕмӕ сын загъта: «Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг+ – „бадзырды туг“+, ӕмӕ ныккӕлдзӕн+ бирӕты тыххӕй+. 25 Ӕцӕг уын зӕгъын: ӕз сӕн нал бануаздзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы паддзахады ног сӕн нӕ бануазон, уӕдмӕ»+. 26 Фӕстагмӕ ма Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты+, ӕмӕ стӕй Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм араст сты+.
27 Уый фӕстӕ сын Йесо загъта: «Уе ’ппӕт дӕр мӕ ныууадздзыстут*, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Фыййауы+ ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ фыстӕ алырдӕмты фӕлидздзысты“+. 28 Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилейӕмӕ ӕмӕ уӕм уым ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн»+. 29 Уӕд ын Петр афтӕ: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой*, уӕддӕр дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн!»+ 30 Йесо та йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын: абон, тӕккӕ ацы ӕхсӕв, уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ»+. 31 Фӕлӕ Петр ноджы фидардӕрӕй дзурын райдыдта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр афтӕ нӕ бакӕндзынӕн». Ӕмӕ афтӕ дзырдтой иннӕтӕ дӕр+.
32 Афтӕмӕй ӕрбахӕццӕ сты, Гефсимани кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ ӕз кувон, уӕдмӕ уал сымах ам абадут»+. 33 Уый фӕстӕ ацыд. Йемӕ ма акодта Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны+. Стӕй йӕхимидӕг тыхсын ӕмӕ хъуырдухӕн кӕнын райдыдта+. 34 Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд* дудгӕ рыст кӕны+. Фӕлӕуут ам, ма бафынӕй ут»+. 35 Йӕхӕдӕг гыццыл фалдӕр ацыди, зӕххыл ӕрхауд ӕмӕ кувын райдыдта, зӕгъгӕ, кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ бахиз, ацы сахат мӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй+. 36 Ӕмӕ ма загъта: «Аввӕ*, мӕ Фыд+, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр у – курын дӕ, ацы къус мын ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд»+. 37 Куы ’рбаздӕхт, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты фынӕйӕ ӕрбаййӕфта ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фынӕй кӕныс, Симон? Ау, иу сахат ӕнӕ фынӕйӕ нӕ бафӕрӕзтай?+ 38 Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут+, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат. Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у»+. 39 Ӕмӕ та ногӕй ацыд ӕмӕ куывта, уымӕй размӕ куыд куывта, афтӕ+. 40 Куы сӕм ӕрбацыд, уӕд та сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ хуыссӕгӕй ӕруӕззау сты. Ӕмӕ йын цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой+. 41 Ӕртыккаг хатт сӕм куы ’рбаздӕхт, уӕд сын загъта: «Ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, ӕмӕ фынӕй кӕнат ӕмӕ уӕ фӕллад уадзат? Фаг у! Ӕрхӕццӕ уыцы сахат!+ Ныртӕккӕ Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухтӕм ратдзысты+. 42 Сыстут, цӕуын нӕ хъӕуы+. Уӕртӕ ӕрбацӕуы мӕ уӕйгӕнӕг»+.
43 Ӕмӕ йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕвиппайды ӕрбазынд Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Йемӕ йын сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ рарвыстой бирӕ адӕмы хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ+. 44 Йӕ уӕйгӕнӕг сын уый размӕ загъта, куыд ӕй уыдзӕн базонӕн: «Кӕмӕн апъа кӕнон, уый у. Уый-иу ӕрцахсут, ӕмӕ йӕ куы фӕцӕйкӕнат, уӕд-иу кӕсут, цӕмӕй ма алидза»+. 45 Ӕмӕ комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ йӕм сдзырдта: «Ахуыргӕнӕг!» Ӕмӕ йын фӕлмӕн ба акодта+. 46 Уӕд адӕм Йесомӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ йӕ ӕрцахстой+. 47 Фӕлӕ, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕй иу йӕ хъама фелвӕста, хистӕр сауджыны цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта+. 48 Йесо та адӕмӕн загъта: «Раст цыма абырӕг дӕн, уыйау мӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ цы ’рбацыдыстут?+ 49 Алы бон уемӕ кувӕндоны куы уыдтӕн ӕмӕ уӕ куы ахуыр кодтон+, ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат? Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй Фыстад+ сӕххӕст уа»+.
50 Уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой+ ӕмӕ алыгъдысты+. 51 Йӕ фӕдыл ацыд ӕрмӕстдӕр иу лӕппу. Йӕ хӕдоны ӕдде* йыл уыд хорз кӕттагӕй дарӕс. Ӕмӕ уыцы лӕппуйы дӕр хъавыдысты ӕрцахсынмӕ+, 52 фӕлӕ уый йӕ кӕттаг дарӕс фӕуагъта ӕмӕ афтид хӕдоны мидӕг* алыгъд.
53 Йесойы та акодтой хистӕр сауджынмӕ. Уым ӕрӕмбырд сты сауджынты хистӕртӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ се ’ппӕт дӕр+. 54 Петр та Йесойы фӕдыл дӕрддзӕфгомау фӕцыд+ суанг хистӕр сауджыны кӕрты онг. Стӕй кӕртмӕ бахызт, ӕмӕ уым лӕггадгӕнджытимӕ ӕрбадт ӕмӕ йӕхи артмӕ тавта. 55 Уыцы рӕстӕг та сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон* ӕгасӕй дӕр агуырдтой ӕвдисӕнтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой+, фӕлӕ сӕ къухы ницы ӕфтыд+. 56 Йӕ ныхмӕ бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ бӕргӕ дзырдтой+, фӕлӕ сӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзийыл нӕ бадтысты+. 57 Ӕрбацыди ахӕм мӕнгӕвдисӕнтӕ дӕр, афтӕ чи загъта: 58 «Мах ӕй фехъуыстам, ацы лӕг куыд дзырдта, зӕгъгӕ, дам, ӕз ацы кувӕндон – адӕймаг кӕй скодта, уый – фехалдзынӕн ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕ уа, ахӕм»+. 59 Фӕлӕ сын уыцы ныхӕстӕ дӕр кӕрӕдзийыл нӕ бадтысты.
60 Уӕд хистӕр сауджын сыстад ӕмӕ Йесойы бафарста: «Ницы дзурыс? Дӕ ныхмӕ цы дзурынц, уый тыххӕй дӕхӕдӕг та цы зӕгъдзынӕ?»+ 61 Фӕлӕ уый ницы дзырдта, йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд+. Ӕмӕ та йӕ хистӕр сауджын ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонд Хуыцауы Фырт?»+ 62 Уӕд ын Йесо загъта: «О, ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах Адӕймаджы Фырты+ фендзыстут Ӕппӕтхъомысджыны рахиз фарс*+ бадгӕ ӕмӕ уӕларвон мигътимӕ ӕрцӕйцӕугӕ»+. 63 Уыцы ныхӕстӕм хистӕр сауджын йӕ хӕдон ӕрыскъуыдта+ ӕмӕ загъта: «Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы?+ 64 Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат!+ Цы хъуыды кӕнут?» Гъемӕ иууылдӕр загътой, хъуамӕ амӕла, зӕгъгӕ. 65 Ӕмӕ йыл чидӕртӕ райдыдтой тутӕ кӕнын+, стӕй йын-иу йӕ цӕсгом бамбӕрзтой ӕмӕ йӕ тымбылкъухӕй цавтой, ӕмӕ йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд-ма нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?» Уый фӕстӕ йӕ хъахъхъӕнджытӕ дзӕхстытӕгӕнгӕ акодтой+.
66 Петр та бынӕй кӕрты куы бадт, уӕд уырдӕм бацыд хистӕр сауджынӕн йӕ лӕггадгӕнӕг чызджытӕй иу+. 67 Ӕмӕ Петры йӕхи артмӕ тавгӕ куы ауыдта, уӕд ӕм комкоммӕ бакаст ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыцы назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ»+. 68 Фӕлӕ Петр нӕ басаст: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын, стӕй, цытӕ дзурыс, уый дӕр не ’мбарын». Ӕмӕ кулдуары ’рдӕм ацыд+. 69 Уым дӕр та йӕ лӕггадгӕнӕг чызг куы федта, уӕд, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: «Ай дӕр уыдонӕй у»+. 70 Ӕмӕ та Петр уӕддӕр нӕ басаст. Фӕлӕ та йын гыццыл фӕстӕдӕр, чи дзы лӕууыд, уыдон ногӕй загътой: «Нӕ, ды ӕнӕмӕнг уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ галилейаг дӕ»+. 71 Фӕлӕ уый райдыдта сомытӕ кӕнын ӕмӕ ард хӕрын+: «Кӕй кой кӕнут, ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын»+. 72 Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг уасӕг дыккаг хатт ныууасыд+. Уӕд Петрӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ, уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныккуыдта+.