Иов
13 Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕхи цӕстӕй федтон,
Мӕхи хъусӕй сӕ фехъуыстон ӕмӕ сыл ныр хъуыды кӕнын.
2 Сымах цы зонут, уыдӕттӕ ӕз дӕр зонын,
Сымахӕй ницӕмӕй ӕвзӕрдӕр дӕн+.
3 Мӕн та фӕнды, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ куы дзурин+
Ӕмӕ мын Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын ӕхсызгон куы уаид.
5 Фӕлтау ӕппындӕр куы ницы дзуриккат –
Уымӕй бӕрӕг уаид уӕ зонд!+
6 Уӕ хорзӕхӕй, мӕ ныхӕстӕм дӕр мын байхъусут+,
Мӕ лӕгъстӕтӕм мын уӕ хъус ӕрдарут.
7 Ныр Хуыцауы сӕрыл дзургӕйӕ хъуамӕ мӕнгард ныхӕстӕ кӕнат?
Кӕнӕ хъуамӕ гӕдыныхӕстӕ дзурат?+
8 Хуыцауы хъуамӕ рӕстытӕ кӕнат?+
Науӕд хъуамӕ тӕрхоны ӕцӕг Хуыцауы фарс хӕцат?
9 Лӕмбынӕг уӕ куы басгара, уӕд уын хорз уыдзӕн?+
Ӕви уын цыма зӕххон адӕймаг у, афтӕ дзы ахынджылӕг кӕнынмӕ хъавут?
10 Кӕд уӕ зӕрдӕйы хъулон митӕ ис+,
Уӕд уӕ ӕнӕ карз уайдзӕфӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+.
11 Йӕ кад уын уӕ зӕрдӕты тас нӕ бауадздзӕн?
Ӕмӕ йӕ разы фыртӕссӕй нӕ зыр-зыр кӕндзыстут?+
12 Уӕ диссаджы ныхӕстӕ фӕныкӕй уӕлдай не сты – ницӕйаг ӕмбисӕндтӕ.
Уӕ дзуаппытӕ – ӕлыгӕй конд уартытӕ+.
13 Иу гыццыл хъусӕй фӕлӕуут ӕмӕ мӕ дзурын бауадзут,
Стӕй цы уа, уый уӕд!
15 Маргӕ дӕр мӕ куы акӕна, уӕд дӕр не ’нхъӕлмӕ кӕсдзынӕн?+
Уӕддӕр йӕ разы мӕ фӕндӕгты сӕрыл дзурдзынӕн.
17 Мӕ ныхӕстӕм мын дзӕбӕх байхъусут+,
Цы дзурын, уый уӕм фехъуысӕд.
18 Ӕз мӕ хъуыддаг тӕрхонмӕ рахастон+.
Зонын ӕй, раст кӕй дӕн.
19 Исчи дзурдзӕн мӕ ныхмӕ?+
Куы ныхъхъус уаин, уӕд амӕлин!
20 О Хуыцау, дыууӕ хъуыддаджы дӕ курын.
Уӕд дӕ мӕхи не ’мбӕхсдзынӕн+.
21 Курын дӕ, дӕ къух мӕ айс.
Тас мӕ ма уадз, ма мӕ тӕрсын кӕн+.
22 Фӕдзур мӕм, ӕмӕ дын дзуапп раттон.
Кӕнӕ та ӕз дзурдзынӕн, ӕмӕ мын ды ратт дзуапп.
23 Цӕмӕй фӕрӕдыдтӕн, цавӕр тӕригъӕдтӕ ракодтон?
Зӕгъ мын, цы у мӕ фыдракӕнд ӕмӕ мӕ тӕригъӕд.
25 Дымгӕ кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, уыцы сыф змӕлын кӕндзынӕ?
Науӕд хус хъӕмпыхалы фӕдыл зилдзынӕ?
27 Мӕ къӕхтӕ мын хъадаманты бакодтай+
Ӕмӕ мын мӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр кӕсыс.
Мӕ къахдзӕфтӕн мын хахх акӕныс.