2 Азфыстыты
11 Ровоам та куыддӕр Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт+, афтӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕйы мыггаг ӕмӕ Вениамины мыггаг+ – сӕдӕ ӕстай мин хуыздӕр хӕстоны+, цӕмӕй Израилы адӕмимӕ схӕцыдаиккой ӕмӕ паддзахад фӕстӕмӕ Ровоамы бауыдаид. 2 Уӕд Йегъовӕ йӕ пехуымпар* Шемайӕйӕн+ загъта: 3 «Афтӕ зӕгъ Иудӕйы+ паддзах Ровоамӕн, Соломоны фыртӕн, ӕмӕ, Иудӕйы мыггаджы ӕмӕ Вениамины мыггаджы чи ис, уыцы израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр: 4 „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ма схӕцут уе ’фсымӕртимӕ+. Алчидӕр уӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый мӕнӕй уыди“»+. Уыдон дӕр Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыстой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, Йеровоамимӕ нал схӕцыдысты+.
5 Ровоам цард Иерусалимы. Ӕмӕ Иудӕйы фидаргонд горӕттӕ ногӕй аразын райдыдта. 6 Ногӕй сарӕзта Вифлеем+, Етам+, Фекойӕ+, 7 Беф-Цур+, Сохо+, Одоллам+, 8 Геф+, Марешӕ+, Зиф+, 9 Адораим, Лахис+, Азекӕ+, 10 Цорӕ+, Аиалон+ ӕмӕ Хеврон+ – Иудӕ ӕмӕ Вениамины зӕххыл цы фидаргонд горӕттӕ уыд, уыдон. 11 Уыцы фидаргонд горӕттӕ ма ноджыдӕр фӕфидардӕр кодта+, сӕвӕрдта дзы хицӕуттӕ+, скодта дзы хӕринаджы, сойы ӕмӕ сӕны ӕвӕрӕнтӕ. 12 Ӕппӕт горӕтты дӕр ӕрцӕттӕ кодта стыр уартытӕ+ ӕмӕ ӕрцытӕ+, ӕмӕ горӕттӕ тынг фӕфидар кодта. Ӕмӕ Иудӕйы мыггаг ӕмӕ Вениамины мыггаг уыдысты йӕ дӕлбар.
13 Ӕнӕхъӕн Израилы цы сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ уыди, уыдон иууылдӕр, кӕмыты цардысты, уырдыгӕй ӕрцыдысты ӕмӕ йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. 14 Левиттӕ сӕ фосы хизӕнтӕ+ ӕмӕ сӕ зӕххытӕ+ ныууагътой ӕмӕ ӕрцыдысты Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ+, уымӕн ӕмӕ сӕ Йеровоам+ ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ лӕггадӕй систой+, ӕмӕ Йегъовӕйӕн сауджынтӕй нал лӕггад кодтой. 15 Ӕмӕ Йеровоам кувӕн бынӕтты сӕвӕрдта йӕхи сауджынты+, цӕмӕй лӕггад кодтаиккой, сӕгъы хуызӕн чи у, уыцы хӕйрӕджытӕн*+ ӕмӕ, кӕй скодта, уыцы родтӕн+. 16 Сауджынтӕ ӕмӕ левитты фӕдыл Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕй Иерусалиммӕ ӕрцыдысты+, йӕ зӕрдӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы агурынмӕ чи сарӕзта, уыцы адӕм дӕр, цӕмӕй дзы сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хастаиккой+. 17 Ӕмӕ ӕртӕ азы архайдтой, цӕмӕй Иудӕйы паддзахад сфидар уыдаид+, ӕмӕ Соломоны фырт Ровоамӕн ӕххуыс кодтой, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ азы цыдысты, Давид ӕмӕ Соломон цы фӕндагыл цыдысты, уыцы фӕндагыл+.
18 Ровоам ракуырдта Махалафӕйы. Уый уыди Давидӕн йӕ фырт Йеримофы чызг, йӕ мад та уыд Йессейӕн йӕ фырт Елиавы+ чызг Авихаилӕ. 19 Ӕмӕ йын Махалафӕ ныййардта фырттӕ: Йеусы, Шемарийы ӕмӕ Загамы. 20 Уый фӕстӕ та ракуырдта Маахӕйы+, уый уыд Авессаломӕн+ йӕ чызджы чызг. Ӕмӕ йын уый ныййардта Авийы+, Аттайы, Зизӕйы ӕмӕ Шеломифы. 21 Ровоам Авессаломы чызджы чызг Маахӕйы уарзта йӕ иннӕ устытӕй+ ӕмӕ номылустытӕй се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр. Ӕдӕппӕтӕй йын уыди ӕстдӕс усы ӕмӕ ӕхсай номылусы, ӕмӕ йын райгуырд дыууын аст фырты ӕмӕ ӕхсай чызджы. 22 Ӕмӕ Ровоам Авийы, Маахӕйы фырты, сӕвӕрдта йе ’фсымӕртӕн хистӕрӕй ӕмӕ разамонӕгӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ хъавыд паддзахӕй сӕвӕрынмӕ. 23 Фӕлӕ Ровоам архайдта ӕмбаргӕйӕ+ ӕмӕ йӕ фырттӕй кӕйдӕрты арвыста, Иудӕйы ӕмӕ Вениамины+ ӕппӕт зӕххытыл цыдӕриддӕр фидаргонд горӕттӕ+ уыди, уырдӕм, хӕринаг сын парахатӕй радта+ ӕмӕ сын бирӕ устытӕ ӕрхаста+.