Соломоны зарӕг
2 Ӕз дӕн хуымӕтӕг быдырон*+ дидинӕг*+, дӕлвӕзты чи зайы, ахӕм лили»+.
2 «Сындзыты ’хсӕн лили куыд у, афтӕ у мӕ хуры хай чызджыты ’хсӕн»+.
3 «Хъӕды бӕлӕсты ’хсӕн фӕткъуыбӕлас+ куыд у, афтӕ у мӕ уарзон иннӕ лӕппуты ’хсӕн+. Йӕ аууоны абадынмӕ бӕллыд мӕ уд, ӕмӕ уым мӕхи ӕруагътон ӕмӕ йӕ дыргътӕй мӕ дзых адджын кодтон. 4 Уый мӕ ӕрбакодта, куывдтӕ кӕм фӕкӕнынц, уыцы хӕдзармӕ+, ӕмӕ йӕ уарзты+ тырыса+ уыди мӕ сӕрмӕ. 5 Авӕрут мын чисмистӕ+, ӕмӕ ме уӕнгты хъару бацӕуа, рахӕссут мын фӕткъуытӕ, ӕмӕ мӕ уд фӕфидар уа, уымӕн ӕмӕ уарзты цӕхӕры тайын+. 6 Йӕ галиу къух ис мӕ сӕры бын, йӕ рахиз къухӕй та мӕ ӕрбахъӕбыс кодта+. 7 О Иерусалимы чызджытӕ, расомы мын кӕнут+ рӕсугъд сычъитӕй+ ӕмӕ сагтӕй+, кӕй нӕ архайдзыстут мӕ риуы уарзт райхъал кӕныныл, мӕ риуы уарзты зынг ссудзыныл, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды ссудзын+.
8 Хъуысы мӕ уарзоны хъӕлӕс!+ Уӕртӕ ӕрбацӕуы+, суайы хӕхтыл, къуыбыртыл размӕ тындзы. 9 Мӕ уарзон у сычъийы+ хуызӕн, ӕвзонг саджы хуызӕн. Мӕнӕ, лӕууы нӕ къулрӕбын, рудзгуытӕй мидӕмӕ кӕсы, рудзгуытӕй ӕрбакӕс-ӕрбакӕс кӕны+. 10 Мӕ уарзон мӕм сдзырдта ӕмӕ мын загъта: „Рацу, мӕ хуры хай, рӕсугъд чызгай+, цом мемӕ+. 11 Къӕвдаты афон аивгъуыдта+, нал уары, тӕрккъӕвдатӕ фесты. 12 Бӕстӕ дидинӕг калы+, сӕнӕфсир ӕхсӕдыны+ афон дӕр ралӕууыд, нӕ зӕххыл хъуысы ӕхсинӕджы+ хъуыр-хъуыр. 13 Легъуибӕласы+ фыццаг дыргътӕ срӕгъӕд сты+, сӕнӕфсир дидинӕг ракалдта, йӕ адджын тӕф кӕлы. Рацу, мӕ хуры хай+, рӕсугъд чызгай, цом мемӕ. 14 О мӕ бӕлон+, къӕдзӕхы мидӕг куы бамбӕхстӕ, айнӕг къӕдзӕхы фарсыл кӕмдӕр дӕхи куы бааууон кодтай. Рацу, ӕмӕ дӕ фенон+, дӕ хъӕлӕс дын фехъусон. Дӕ хъӕлӕсмӕ адӕймаг хъусынӕй не ’фсӕды, дӕ рӕсугъддзинад зӕрдӕ йӕхимӕ скъӕфы“»+.
15 «Ӕрцахсут рувӕсты, гыццыл рувӕсты+. Уыдон нын сафынц нӕ сӕнӕфсирдӕттӕ сӕ тӕккӕ дидинӕг калгӕйӕ»+.
16 «Мӕ уарзон у мӕн, ӕз та дӕн мӕ уарзоны+. Уый йӕ дзуг хизы+ лилиты ’хсӕн+. 17 О мӕ зынаргъ, цалынмӕ рог дымгӕ дымы, цалынмӕ аууӕттӕ нӕ фӕлыгъдысты, уӕдмӕ мӕм ӕрбацу. Не ’хсӕн чи ис, уыцы хӕхтыл фест цӕрдӕг сычъи+, ӕвзонг саг.