Нееми
6 Санаваллатӕн+, Товийӕн+, аравиаг+ Гешемӕн+ ӕмӕ нӕ иннӕ знӕгтӕн загътой, къул кӕй сарӕзтон+ ӕмӕ дзы пырх бынӕттӕ кӕй нал баззад,– кӕд уӕдмӕ кулдуӕрттӕн+ сӕ дуӕрттӕ+ нӕма сӕвӕрдтон, уӕддӕр. 2 Ӕмӕ мӕм уӕд Санаваллат ӕмӕ Гешем ахӕм ныхас ӕрбарвыстой: «Рацу, ӕмӕ Онойы+ дӕлвӕзы хъӕутӕй искӕцыйы фембӕлӕм»+. Ӕцӕгӕй та мӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодтой+. 3 Ӕмӕ сӕм ӕз дӕр мӕ адӕмӕн+ ахӕм ныхас арвыстон: «Мӕ бон нӕу ацӕуын, уымӕн ӕмӕ тынг ахсджиаг куыст кӕнын+. Куы йӕ ныууадзон ӕмӕ сымахмӕ куы ацӕуон, уӕд куыст ӕрлӕудзӕн»+. 4 Цыппар хатты мӕм ӕрбарвыстой ахӕм ныхас, ӕмӕ-иу сын алы хатт дӕр уыцы иу дзуапп арвыстон.
5 Уӕд мӕм Санаваллат+ йӕ лӕггадгӕнӕджы уылты уыцы ныхас фӕндзӕм хатт ӕрбарвыста ӕмӕ ма йӕм радта, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл нӕ уыд, ахӕм фыстӕг дӕр. 6 Фыст дзы уыд афтӕ: «Адӕмты ’хсӕн ахӕм ныхас айхъуыст, стӕй Гешем+ дӕр афтӕ дзуры, ӕмӕ, дам, ды ӕмӕ дзуттӕгтӕ сызмӕнтынмӕ хъавут+. Ацы къул дӕр уый тыххӕй аразут. Стӕй зӕгъынц, ды, дам, сын паддзах уыдзынӕ+. 7 Пехуымпарты дӕр куы сӕвӕрдтай, цӕмӕй ӕнӕхъӕн Иерусалимыл зилой ӕмӕ дӕу тыххӕй дзурой: „Иудӕйӕн ис паддзах!“ Ныр ацы хабӕрттӕ иууылдӕр паддзахӕн фӕхабар кӕндзысты. Уӕдӕ рацу, ӕмӕ хъуыддагыл иумӕ аныхас кӕнӕм»+.
8 Фӕлӕ йӕм ӕз дзуапп арвыстон: «Цытӕ дзурыс, уыдон иууылдӕр мӕнг ныхӕстӕ сты+. Дӕхӕдӕг сӕ ӕрымысыдтӕ»+. 9 Се ’ппӕт дӕр ууыл архайдтой, цӕмӕй нӕ стӕрсын кӕной, ӕмӕ дзырдтой: «Сӕ къухтӕ+ ӕруадздзысты, ӕмӕ сӕ куыст кӕронмӕ нӕ ахӕццӕ кӕндзысты». Кувын дӕм, бафидар мӕ кӕн*!+
10 Уӕд ӕз Мегетавелы фырт Делайӕйӕн йӕ фырт Шемайӕмӕ хӕдзармӕ бацыдтӕн. Шемайӕ йӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕдта ӕмӕ хӕдзары бадт+. Ӕмӕ мын загъта: «Баныхас кӕнӕм+ ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары фембӕлӕм, кувӕндонмӕ+ бацӕуӕм ӕмӕ дуӕрттӕ нӕхиуыл сӕхгӕнӕм, уымӕн ӕмӕ дӕм марынмӕ ӕрбацӕудзысты. Ӕхсӕвы+ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ амардзысты». 11 Фӕлӕ йын ӕз загътон: «Мӕн хуызӕн лӕг куыд хъуамӕ алидза?+ Мӕн хуызӕн адӕймаг кувӕндонмӕ куы бацӕуа, уӕд ма удӕгасӕй баззайдзӕн?+ Нӕ ацӕудзынӕн!» 12 Стӕй кӕйдӕрты бафарстон ӕмӕ базыдтон, Шемайӕйы Хуыцау+ кӕй нӕ рарвыста, фӕлӕ йӕ Тови ӕмӕ Санаваллат+ кӕй баххуырстой+, цӕмӕй Хуыцауы номӕй мӕ ныхмӕ дзырдтаид+. 13 Баххуырстой+ йӕ, цӕмӕй мӕ стӕрсын кодтаид+, ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ байхъуыстаин ӕмӕ тӕригъӕд ракодтаин+. Уӕд сын ӕфсон фӕуыдаид, цӕмӕй мын мӕ номыл цъыф калдтаиккой+ ӕмӕ мын мӕ цӕстмӕ цы бадардтаиккой, уый сын уыдаид+.
14 О мӕ Хуыцау, ма ферох кӕн+, Тови+ ӕмӕ Санаваллат цы сарӕзтой, уыдӕттӕ. Ма ферох кӕн ус-пехуымпар Ноадийы+ ӕмӕ иннӕ пехуымпарты дӕр, ӕдзух мӕн стӕрсын кӕнынмӕ чи хъавыд, уыдоны.
15 Ӕппынфӕстаг елулы мӕйы дыууын фӕндзӕм бон къул+ арӕзт фӕци. Арӕзт ӕрцыд фӕндзай дыууӕ бонмӕ.
16 Не знӕгтӕ+ уый куы фехъуыстой ӕмӕ нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр уый куы федтой, уӕд сӕхӕдӕг сӕхи цӕсты ницыуал уыдысты ӕмӕ бамбӕрстой, уыцы куыст нӕ Хуыцауы+ фӕндӕй кӕй бакодтам, уый. 17 Уыцы рӕстӕг Иудӕйы кадджын лӕгтӕ+ Товимӕ+ бирӕ фыстӕджытӕ фыстой, ӕмӕ-иу сӕм уый дӕр дзуапп ныффыста. 18 Уый размӕ йын Иудӕйы адӕмӕй бирӕтӕ расомы кодтой, дӕ фарс уыдзыстӕм, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Тови Арахы+ фырт Шеханийы сиахс уыди, йӕ фырт Йегъоханан та Берехийы фырт Мешулламы+ чызджы ракуырдта. 19 Ӕмӕ мӕ разы ӕдзух йӕ хорзы кой кодтой+. Уымӕн та-иу мӕ ныхӕстӕ радзырдтой. Стӕй мӕм Тови фыстӕджытӕ ӕрвыста, цӕмӕй мӕ стӕрсын кодтаид+.