Оси
13 «Ефрем куы дзырдта, уӕд-иу се ’ппӕт дӕр фыртӕссӕй зыр-зыр кодтой. Израилы йын стыр уӕз уыди+, фӕлӕ Ваалы+ тыххӕй фӕаххосджын ӕмӕ амард+. 2 Ныр та ма сӕ тӕригъӕдтыл ноджыдӕр бафтыдтой: сӕхицӕн ӕвзистӕй хуыцӕуттӕ аразынц+, мӕнгхуыцӕуттӕ аразынц, хуыздӕр сӕм куыд кӕсы, уымӕ гӕсгӕ+. Иууылдӕр сты ӕрмгуыстгӕнджыты конд+. Гъемӕ сын дзурынц: „Нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдон родтӕн пъатӕ кӕнӕнт“+. 3 Уый тыххӕй уыдзысты райсомы мигъы хуызӕн+, уайтагъд чи ӕрбайсӕфы, уыцы ӕртӕхы хуызӕн, дымгӕ найгӕнӕн мусӕй кӕй ахӕссы, уыцы зыгуымы хуызӕн+ ӕмӕ, хӕдзары сӕр хуынкъӕй цы фӕздӕг фӕцӕуы, уый хуызӕн.
4 Фӕлӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, Египеты ма куы уыдтӕ+, уӕдӕй нырмӕ ӕз дӕн дӕ Хуыцау. Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцауы нӕ зыдтай, ӕмӕ дын мӕн йеддӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕр нӕ уыд+. 5 Ӕз дӕ зыдтон, ӕдзӕрӕг быдыры ма куы уыдтӕ+, тӕвдниз кӕм сысты, уыцы зӕххыл ма куы уыдтӕ, уӕд+. 6 Сӕ хизӕны бафсӕстысты+. Бафсӕстысты, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ схъал сты+. Рох дӕр мӕ уый тыххӕй фӕкодтой+. 7 Фӕлӕ сын ӕз уыдзынӕн тыхджын домбайы хуызӕн+. Фыранкау фӕндагыл сӕ размӕ бабаддзынӕн+. 8 Йӕ лӕппынты кӕмӕн ахастой, ахӕм арсау+ сӕ размӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ сын сӕ риуыгуыдыр батондзынӕн. Домбайау сӕ аныхъуырдзынӕн+. Хъӕддаг сырд сӕ акъабӕзтӕ кӕндзӕн+. 9 Израил, ды рацыдтӕ мӕ ныхмӕ, де ’ххуысгӕнӕджы ныхмӕ+, ӕмӕ дӕ уый фесафдзӕн+.
10 Кӕм ис ныр дӕ паддзах? Уе ’ппӕт горӕтты дӕр уӕ цӕуылнӕ ирвӕзын кӕны?+ Кӕм сты дӕ тӕрхонгӕнджытӕ, афтӕ мын кӕмӕй дзырдтай, паддзах ӕмӕ нын кънйӕзтӕ ратт, зӕгъгӕ, уыдон?+ 11 Мӕстыйӕ дын радтон паддзах+, ӕмӕ дын ӕй мӕстӕй судзгӕйӕ байсдзынӕн+.
12 Ефремӕн йӕ фыдракӕнд тыхт у, йӕ тӕригъӕд ӕвӕрдӕй лӕууы+. 13 Сылгоймаг аргӕ-арын куыд фӕтухӕн кӕны, афтӕ тухӕн кӕндзӕн+. Ефрем зондджын фырт нӕу+, уымӕн ӕмӕ йӕ райгуырыны афон куы ’рцӕуа, уӕд, сывӕллон йӕ мады гуыбынӕй рацӕуыны размӕ куыд ӕрзилы, афтӕ не ’рзилдзӕн+.
14 Ӕз сӕ ингӕнӕй* фервӕзын кӕндзынӕн+, мӕлӕтӕй сӕ раздахдзынӕн+. Мӕлӕт, кӕм сты дӕ фаттӕ?+ Ингӕн, кӕм ис дӕ сафӕг тых?+ Нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+.
15 Хъӕзау куы сбирӕ уа+, уӕд скӕсӕйнаг дымгӕ, Йегъовӕйы дымгӕ рацӕудзӕн+. Ӕдзӕрӕг быдырӕй сыстдзӕн ӕмӕ йын йӕ цъай бахус кӕндзӕн, йӕ суадӕттӕ йын байсысын кӕндзӕн+. Зынаргъ дзауматӕй дзаг хӕзнадон фӕхӕсдзӕн+.
16 Самари йӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй цӕуы+, уый тыххӕй аххосджыныл нымад ӕрцӕудзӕн+. Хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты+. Сӕ хъӕбулты сын фыдмард акӕндзысты+, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн та сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты»+.