Псалом
Амонӕгӕн. Давиды зарӕг.
2 Кӕдмӕ ма тох кӕндзӕн мӕ уд
Ӕмӕ мӕ бонтӕ хъыгзӕрдӕйӕ кӕдмӕ ӕрвитдзынӕн?
Кӕдмӕ мыл уӕлахиз кӕндзӕн ме знаг?+
3 О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт.
Мӕ цӕстыты цӕхӕр мын ссудз+, цӕмӕй ма амӕлон*+,
4 Цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн!»
Цӕмӕй мӕ фыдгултӕ ма цин кӕной, кӕй фӕцудыдтон, ууыл+.
6 Ӕз зардзынӕн Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ рӕвдыд дӕн йӕ хорздзинӕдтӕй+.