Псалом
Амонӕгӕн. Корейы фыртты псалом+. Зарӕг.
49 Адӕмтӕ, уе ’ппӕт дӕр байхъусут.
Дунейы чидӕриддӕр цӕры, уӕ хъус ӕрдарут+,
2 Зӕххон адӕм ӕмӕ адӕймаджы фырттӕ,
Хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ – уе ’ппӕт дӕр+.
4 Лӕмбынӕг байхъусдзынӕн ӕмбисондмӕ+,
Дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъдмӕ раргом кӕндзынӕн мӕ фӕсномыг ныхас*+.
5 Цӕмӕн хъуамӕ тӕрсон уӕззау рӕстӕджы+,
Фесафынмӕ мӕ чи хъавы, уыдоны фыдракӕндтӕ мыл куы ’ртыхсой, уӕд?+
6 Йӕ зӕрдӕ йӕ мулкыл чи дары+
Ӕмӕ йӕ бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй чи ӕппӕлы+,
7 Уыдонӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу йе ’фсымӕры балхӕнын+
Ӕмӕ йе ’фсымӕры тыххӕй Хуыцауӕн бафидын*
8 (Адӕймаджы уд балхӕныны аргъ афтӕ стыр у+,
Ӕмӕ йӕ ӕнусты дӕргъы ничима бафыста),
9 Цӕмӕй цӕра ӕнустӕм ӕмӕ ингӕн ма фена+.
10 Уый уыны, зондджынтӕ дӕр кӕй амӕлынц+,
Иумӕ амӕлынц ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕмбаргӕ+,
Ӕмӕ сӕ исбон иннӕтӕн баззайы+.
11 Афтӕ ӕнхъӕлынц, ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ лӕудзысты ӕнустӕм+,
Сӕ цатыртӕ – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
Сӕ зӕххытӕ схонынц сӕхи нӕмттӕй+.
12 Фӕлӕ зӕххон адӕймаг, цыфӕнды кадджын ма уа, уӕддӕр цӕрӕнбонтӕм нӕ уыдзӕн+.
Цӕрӕгойтӕй уӕлдай нӕу – цӕрӕгойтӕ амӕлынц ӕмӕ нал вӕййынц+.
13 Ахӕм у сӕ царды фӕндаг ӕнӕзӕндтӕн+,
Стӕй, сӕ фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ се стыр ныхӕстӕ хорз кӕмӕ кӕсынц, уыдонӕн дӕр. (Села́)
14 Фысты куыд фӕцӕйкӕнынц, афтӕ уыдоны дӕр кӕнынц ингӕнмӕ*+,
Мӕлӕт уыдзӕн сӕ фыййау+,
Райсомӕй та уыдзысты рӕстзӕрдӕ адӕмы дӕлбар+.
Сӕ хуыз дӕр фесӕфдзӕн+.
Алкӕмӕ дӕр дзы ӕнхъӕлмӕ кӕсы бӕрзонд бынат нӕ, фӕлӕ ингӕн+.