Рацыд
1 Адон сты Израилы фырттӕ, ӕрцыдысты Иаковимӕ Египетмӕ, алчидӕр йӕ хӕдзаронтимӕ+: 2 Рувим+, Симеон+, Леви+ ӕмӕ Иудӕ+, 3 Иссахар+, Завулон+ ӕмӕ Вениамин+, 4 Дан+ ӕмӕ Неффалим+, Гад+ ӕмӕ Асир+. 5 Иаковы байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды+. Иосиф та уӕдмӕ дӕр уыди Египеты+. 6 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Иосиф амард+. Амардысты йе ’фсымӕртӕ дӕр иууылдӕр, ӕмӕ уыцы фӕлтӕрӕй ӕппындӕр ничиуал баззад. 7 Израилы фырттӕн та сывӕллӕттӕ гуырди ӕмӕ тынг сбирӕ сты. Сӕ нымӕц кодта фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ систы тынг тыхджын адӕм, ӕмӕ уыцы зӕххыл байдзаг сты+.
8 Уӕдмӕ Египеты сӕргъы ӕрлӕууыд ног паддзах. Уый Иосифы нӕ зыдта+. 9 Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Кӕсут-ма, Израилы фырттӕ сты махӕй фылдӕр ӕмӕ махӕй тыхджындӕр+. 10 Хинӕй сыл рацӕуӕм+, науӕд бынтон сбирӕ уыдзысты, ӕмӕ, мыййаг, хӕст куы уа, уӕд не знӕгты фарс фӕуыдзысты ӕмӕ нӕ ныхмӕ хӕцдзысты, ӕмӕ нӕ бӕстӕйӕ алидздзысты».
11 Ӕмӕ сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдтой цӕстдарджытӕ, цӕмӕй сын уӕззау куыст кӕнын кодтаиккой+. Ӕмӕ Израилы фырттӕ фараонӕн сарӕзтой горӕттӕ тыллӕг ӕфснайынӕн – Пифом ӕмӕ Раамсес+. 12 Фӕлӕ сын цас уӕззаудӕр куыст кӕнын кодтой, уыйас кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ уыйас тынгдӕр апырх сты уыцы бӕстӕйыл. Ӕмӕ египетӕгтӕ Израилы фырттӕй тӕрсын райдыдтой+. 13 Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕй скодтой цагъартӕ ӕмӕ сын сӕ туг цъырдтой+. 14 Тыхкуыстӕй сын сӕ цард сӕнад кодтой – аразын сын кодтой ӕлыджы змӕст+ ӕмӕ самандуртӕ, кусын сын кодтой быдыры дӕр+. О, египетӕгтӕ сын цагъартау алы куыст кӕнын кодтой ӕмӕ сын сӕ туг цъырдтой+.
15 Цасдӕры фӕстӕ Египеты паддзах дзуттаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕн+, Шифрӕ ӕмӕ Фуӕйӕн, загъта, 16 бардзырд сын радта: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕн арынӕн куы ӕххуыс кӕнат, уӕд-иу кӕсут: кӕд лӕппу уа, уӕд-иу ӕй амарут, кӕд чызг уа, уӕд та-иу ӕй удӕгасӕй ныууадзут». 17 Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ тарстысты ӕцӕг Хуыцауӕй+, ӕмӕ сын Египеты паддзах куыд загъта, афтӕ нӕ кодтой+ – лӕппу-иу куы райгуырд, уӕд-иу ӕй удӕгасӕй ныууагътой+. 18 Ӕмӕ сӕм иу бон Египеты паддзах фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Уый цы кусут, лӕппуты удӕгасӕй цӕмӕн ныууадзут?»+ 19 Ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ фараонӕн загътой: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕ египетаг сылгоймӕгты хуызӕн не сты. Уыдон фидар сты, ӕмӕ сӕм цалынмӕ ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг бахӕццӕ вӕййы, уӕдмӕ сӕхӕдӕг ныййарынц».
20 Ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцау ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕн арфӕ кодта+, ӕмӕ дзуттӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтой. 21 Ӕмӕ ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ ӕцӕг Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын фӕстӕдӕр сӕхи дӕр бинонты амондӕй схайджын кодта+. 22 Ӕппынфӕстаг фараон бардзырд радта йӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр: «Сӕ ноггуырд лӕппуты сын ӕппарут Нилы цӕугӕдоны, сӕ чызджыты та сын уадзут удӕгасӕй»+.