Амонӕгӕн. Давиды зарӕг. Вирсавиимӕ+ куы фӕрӕдыд, уый фӕстӕ йӕм пехуымпар Нафан куы бацыди, уӕд.
51 Батӕригъӕд мын кӕн, о Хуыцау, де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+.
Де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ мын ныххатыр кӕн мӕ фыдракӕндтӕ+.
2 Бынтондӕр мын ныхс мӕ рӕдыд+,
Ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕн мӕ тӕригъӕдӕй+.
3 Ӕз зонын мӕ фыдракӕндтӕ+,
Мӕ тӕригъӕд ӕдзухдӕр мӕ разы ис+.
4 Дӕ разы, ӕрмӕстдӕр дӕ разы, сарӕзтон тӕригъӕд+,
Дӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый бакодтон+.
Ды раст вӕййыс, куы фӕдзурыс, уӕд+,
Ӕмӕ тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дӕм фау ӕрхӕссӕн нӕ вӕййы+.
5 Ӕз тухитимӕ райгуырдтӕн тӕригъӕды+.
Тӕригъӕды мидӕг сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны+.
6 Дӕуӕн циндзинад хӕссы, рӕстдзинад зӕрдӕйы куы уа, уый+.
Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй зонд базонон суанг мӕ зӕрдӕйы рӕбынӕй+.
7 Бапырх мӕ кӕн иссопӕй ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕн мӕ тӕригъӕдӕй, цӕмӕй сыгъдӕг уон+.
Ныхс мӕ, цӕмӕй митӕй урсдӕр суон+.
8 Фехъусын мын кӕн зарын ӕмӕ цины хъӕр+,
Цӕмӕй, кӕй ныппырх кодтай, уыцы стджытӕ цин кӕной+.
9 Мӕ тӕригъӕдтӕй мын дӕ цӕсгом иннӕрдӕм азил+,
Ӕмӕ мын мӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр ныххатыр кӕн+.
10 Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау+,
Ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон+.
11 Дӕхицӕй мӕ ма аппар+
Ӕмӕ мӕ дӕ сыгъдӕг тых ма айс+.
12 Цы ирвӕзындзинад дӕттыс, уый цинӕй мӕ фӕстӕмӕ схайджын кӕн+,
Ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕйы ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын+.
13 Ӕз фыдгӕнджытӕн бацамондзынӕн дӕ фӕндӕгтӕ+,
Ӕмӕ дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты+.
14 Цы туг мыл ис, уымӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн+, о Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+,
Ӕмӕ ме ’взаг цингӕнгӕйӕ дзурдзӕн дӕ рӕстдзинады тыххӕй+.
15 О Йегъовӕ, ратт мын дзурыны бар+,
Ӕмӕ дӕ ме ’взаг кадджын кӕндзӕн+.
16 Дӕу нӕ хъӕуы нывонд, науӕд дын ӕй ӕрхӕссин+.
Нӕу дын ӕхсызгон судзинаг нывонд+.
17 Хуыцау нывондӕн исы рыст уд+.
О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ+.
18 Дӕ хорзӕхы фӕрцы Сионӕн хорздзинад ракӕн+,
Самай Иерусалимы къултӕ+.
19 Уӕд дын ӕхсызгон уыдзысты рӕстдзинады нывӕндтӕ+,
Судзинаг нывӕндтӕ, ӕнӕхъӕнӕй кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ+.
Уӕд дӕ нывондхӕссӕныл нывондӕн хӕсдзысты галтӕ+.