Рацыд
19 Израилы фырттӕ Египетӕй куы рацыдысты+, уый фӕстӕ ӕртыккаг мӕй* бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ+. 2 Рефидимӕй+ рараст сты ӕмӕ бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ+, ӕмӕ израилӕгтӕ уым хохы раз сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой+.
3 Ӕмӕ Моисей ссыд ӕцӕг Хуыцаумӕ, ӕмӕ йӕм Йегъовӕ хохӕй+ ӕрдзырдта: «Афтӕ зӕгъ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн, Израилы фырттӕн: 4 „Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, ӕз египетӕгтӕн цы бакуыстон+, цӕмӕй уӕ цӕргӕсау мӕ базыртыл рахастаин ӕмӕ уӕ мӕхимӕ ӕрхастаин+. 5 Ӕмӕ кӕд ныр алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат+ ӕмӕ мын мӕ бадзырд+ ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм+, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у+. 6 Сымах мын суыдзыстут сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“+. Ацы ныхӕстӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн».
7 Моисей ӕрцыд, фӕдзырдта адӕмы хистӕр лӕгтӕм+ ӕмӕ йын Йегъовӕ цы бафӕдзӕхста, уыдон сын иууылдӕр радзырдта+. 8 Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм»+. Ӕмӕ Моисей уайтагъд ацыд, цӕмӕй, адӕм цы дзуапп радтой, уый Йегъовӕйӕн загътаид+. 9 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн сау мигъы+, цӕмӕй, демӕ куы ныхас кӕнон, уӕд ӕй адӕм дӕр хъусой+, ӕмӕ дӕуыл дӕр кӕддӕриддӕр ӕууӕндой»+. Гъемӕ Моисей Йегъовӕйӕн загъта, адӕм цы дзуапп радтой, уый.
10 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацу адӕммӕ ӕмӕ сӕ абон ӕмӕ райсом ссыгъдӕг кӕн. Сӕ уӕлӕдарӕс дӕр ныхсӕнт+. 11 Ӕмӕ ӕртыккаг бонмӕ цӕттӕ уӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон Йегъовӕ ӕппӕт адӕмы раз ӕрцӕудзӕн Синайы хохмӕ+. 12 Хохы алыварс арӕн скӕн ӕмӕ адӕмӕн зӕгъ: „Мачи уӕ ссӕуӕд хохмӕ, йӕ къах дӕр ыл мачи ӕрӕвӕрӕд. Йӕ къах ыл чидӕриддӕр ӕрӕвӕра, уый хъӕуы амарын+. 13 Уыцы адӕймагмӕ къухӕй мачи бавналӕд, амарут ӕй дуртӕй кӕнӕ йыл фат суадзут. Фос уа ӕви адӕймаг – удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн“+. Фыры сыкъайы уасын куы райхъуыса+, уӕд сӕ бон уыдзӕни хохы рӕбынмӕ бацӕуын».
14 Ӕмӕ Моисей дӕр хохӕй ӕрцыд ӕмӕ адӕмы ссыгъдӕг кодта. Сӕ уӕлӕдарӕс дӕр ныхсадтой+. 15 Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Уӕхи ӕртыккаг бонмӕ бацӕттӕ кӕнут+. Лӕгтӕ, уӕ устытӕм хӕстӕг ма цӕут»+.
16 Ӕртыккаг бон райсомӕй арв ныннӕрыд ӕмӕ цӕхӕртӕ калын райдыдта+. Ӕмӕ хохы сӕрмӕ фӕзынд уӕззау мигъ+ ӕмӕ сыкъа хъӕрӕй ныууасыд+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр фыртӕссӕй барызтысты+. 17 Ӕмӕ уӕд Моисей адӕмы, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй акодта ӕцӕг Хуыцауы размӕ ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдысты+. 18 Синайы хох та алырдыгӕй фӕздӕг калдта+, уымӕн ӕмӕ йӕм Йегъовӕ ӕрцыд арты мидӕг+. Хохӕй калд, раст дурсудзӕн пецӕй цы фӕздӕг фӕкӕлы, ахӕм фӕздӕг+. Ӕмӕ хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр тынг ӕнкъуысыд+. 19 Сыкъа хъӕрдӕрӕй-хъӕрдӕр уасыд, ӕмӕ уӕд Моисей райдыдта дзурын, ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцау хъӕрӕй дзуапп лӕвӕрдта+.
20 Гъемӕ Йегъовӕ ӕрцыд Синайы хохы сӕрмӕ. Стӕй Йегъовӕ Моисеймӕ уырдӕм фӕдзырдта, ӕмӕ йӕм Моисей ссыд+. 21 Уым ын Йегъовӕ загъта: «Ацу, адӕмы бафӕдзӕхс, цӕмӕй ма сфӕнд кӕной Йегъовӕмӕ хӕстӕг ӕрбацӕуын, фенӕм ӕй, зӕгъгӕ. Науӕд бирӕтӕ амӕлдзысты+. 22 Йегъовӕйы раз чи ’рлӕууы, уыцы сауджынтӕ дӕр сӕхи ссыгъдӕг кӕнӕнт+, цӕмӕй сыл Йегъовӕ йӕ маст ма ныккала»+. 23 Ӕмӕ уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Адӕмӕн сӕ бон нӕу Синайы хохмӕ ссӕуын, уымӕн ӕмӕ нӕ дӕхӕдӕг бафӕдзӕхстай, хохы алыварс арӕн скӕн, хох уыдзӕн сыгъдӕг бынат, зӕгъгӕ»+. 24 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ацу, ныххиз дӕлӕмӕ, ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ ссу Ааронимӕ. Сауджынтӕй ӕмӕ адӕмӕй та мачи ссӕуӕд Йегъовӕмӕ, науӕд сыл йӕ маст ныккалдзӕн»+. 25 Гъемӕ Моисей дӕр адӕммӕ ӕрцыд ӕмӕ сын ӕппӕт уыдӕттӕ радзырдта+.