1 Самуилы
9 Вениамины+ мыггаджы уыди иу лӕг, Кис+, зӕгъгӕ. Уый уыд Авиилы фырт, Авиил уыд Цероны фырт, Церон – Бехорафы фырт, Бехораф та – Афийы фырт. Кис уыд тынг хъӕздыг адӕймаг+. 2 Уыцы лӕгӕн уыди фырт, Саул+, зӕгъгӕ, ӕрыгон ӕмӕ хӕрзконд лӕппу. Израилы фырттӕй уый хуызӕн хӕрзконд ничи уыд. Афтӕ бӕрзонд уыд, ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сӕрты каст+.
3 Иухатт Саулы фыд Кисӕн йӕ хӕрджытӕ+ фесӕфтысты. Ӕмӕ Кис йӕ фырт Саулӕн загъта: «Цу-ма, лӕггадгӕнджытӕй иуы демӕ акӕн ӕмӕ хӕрджыты бацагур». 4 Уый дӕр ацыд, Ефремы хӕхбӕстыл+ ӕмӕ Шалишӕйы+ бӕстыл ӕрзылд, фӕлӕ сӕ не ссардтой. Стӕй ӕрзылдысты Шаалимы бӕстыл, фӕлӕ уым дӕр нӕ разындысты. Уӕд ӕрзылд Вениамины мыггаджы зӕххытыл дӕр, фӕлӕ сӕ уым дӕр не ссардтой.
5 Цуфы бӕстӕм куы ’рцыдысты, уӕд Саул, йемӕ цы лӕггадгӕнӕг уыди, уымӕн загъта: «Цом, фӕстӕмӕ ацӕуӕм, кӕннод мӕ фыды йӕ хӕрджытӕ ферох уыдзысты ӕмӕ махыл тыхсын райдайдзӕн»+. 6 Фӕлӕ йын уый загъта: «Зоныс, ацы горӕты ис Хуыцауы адӕймаг+, иууылдӕр ын кад кӕнынц. Цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы+. Цом, уымӕ ацӕуӕм. Кӕд нын зӕгъид, кӕцырдӕм нӕ цӕуын хъӕуы, уый». 7 Уӕд Саул йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Ӕмӕ уыцы адӕймагмӕ куы ацӕуӕм, уӕд ын цы бахӕсдзыстӕм?+ Нӕ хызынты дзул дӕр нал ис. Ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн цы балӕвар кӕнӕм+, ахӕмӕй дӕр нӕм ницы ис. Цы йын ратдзыстӕм?» 8 Уӕд лӕггадгӕнӕг Саулӕн загъта: «Мӕнӕ мӕнмӕ сиклы*+ цыппӕрӕм хай ӕвзист ис ӕмӕ уый ратдзынӕн ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн, ӕмӕ нын зӕгъдзӕн, кӕдӕм цӕугӕ нын у, уый». 9 Раджы заманты-иу Израилы исчи Хуыцауы фӕрсынмӕ куы цыди, уӕд-иу афтӕ загъта: «Цом, цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уымӕ»+. Уымӕн ӕмӕ, абон пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр хуыдтой цӕстылуайӕнтӕ уынӕг. 10 Гъемӕ Саул йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Уый хорз хъуыды загътай+. Цом, ацӕуӕм ӕм». Ӕмӕ ацыдысты, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг кӕм уыд, уыцы горӕтмӕ.
11 Горӕтмӕ куы сцӕйцыдысты, уӕд сыл амбӕлд, донмӕ+ чи фӕцӕйцыд, ахӕм чызджытӕ. Ӕмӕ сӕ бафарстой: «Ам цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ ис?» 12 Уыдон сын дзуапп радтой: «О, ис. Уӕртӕ уӕ тӕккӕ разӕй фӕцӕуы. Фӕтагъд кӕнут. Абон ӕрцыд горӕтмӕ, уымӕн ӕмӕ абон адӕм кувӕн бынаты*+ нывонд хӕсдзысты+. 13 Куыддӕр горӕтмӕ бацӕуат, афтӕ йыл сӕмбӕлдзыстут, уымӕн ӕмӕ кувӕн бынатмӕ цӕудзӕн нывонды фынгӕй хӕрынмӕ. Адӕм хӕрыныл не ’рбаддзысты, цалынмӕ уый не ’рбацӕуа ӕмӕ нывондӕн нӕ раарфӕ кӕна, уӕдмӕ+. Хуынд адӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ райдайдзысты хӕрын. Фӕтагъд кӕнут, ӕмӕ йӕ баййафдзыстут». 14 Уыдон дӕр горӕтмӕ ссыдысты. Ӕмӕ горӕтмӕ мидӕмӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ Самуил сӕ размӕ ’рбацӕуы – кувӕн бынатмӕ фӕцӕйцыд.
15 Саул цы бон ӕрбацыд, уый размӕ бон та Йегъовӕ Самуилӕн раргом кодта+: 16 «Райсом дӕм иу-ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу адӕймаджы Вениамины+ зӕххӕй, ӕмӕ йӕ ды сойӕ байсӕрддзынӕ+, цӕмӕй мӕ адӕм Израилӕн уа разамонӕг. Уый мын мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз мӕ адӕмы хъизӕмар федтон ӕмӕ сын сӕ дзыназын фехъуыстон»+. 17 Ӕмӕ Самуил Саулы куы федта, уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Ацы адӕймагӕй дын дзырдтон, зӕгъын мын уый мӕ адӕмӕн сӕ рохтыл хӕцдзӕн»+.
18 Саул кулдуарыл куы фӕцӕйхызт, уӕд Самуилмӕ бацыд ӕмӕ йын афтӕ: «Дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ-ма мын, цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уый хӕдзар кӕм ис?» 19 Уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Уый ӕз мӕхӕдӕг дӕн. Цом, мӕ разӕй цу кувӕн бынатмӕ. Абон сымах мемӕ хӕрдзыстут+. Райсом та дӕ ауадздзынӕн ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды базонын, уый дӕр дын зӕгъдзынӕн+. 20 Ӕртӕ боны размӕ дын чи фесӕфт+, уыцы хӕрджытӕм та дӕ зӕрдӕ ма ’хсайӕд+ – ссардтой сӕ. Уӕвгӕ, Израилы хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон кӕй сты?+ Дӕу ӕмӕ дӕ фыды хӕдзарвӕндаджы не сты?» 21 Уӕд ын Саул загъта: «Ӕз Вениамины мыггагӕй, Израилы ӕппӕты гыццылдӕр+ мыггагӕй+ нӕ дӕн? Стӕй мӕ хӕдзарвӕндаг дӕр Вениамины мыггаджы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны+, уӕд мын ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн кӕныс?»+
22 Самуил Саулы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы йемӕ акодта, бакодта сӕ, фынг кӕм ӕвӕрд уыд, уырдӕм ӕмӕ сӕ хуынд адӕмы ’хсӕн ӕппӕты кадджындӕр бынӕтты сбадын кодта+. Хуынд адӕм та уыдысты ӕртын адӕймаджы бӕрц. 23 Уый фӕстӕ Самуил хӕринаггӕнӕгӕн загъта: «Цы хай дӕм радтон ӕмӕ дын афтӕ кӕмӕй загътон, сӕвӕр мын ӕй, зӕгъгӕ, уый-ма рахӕсс». 24 Уӕд хӕринаггӕнӕг рахаста агъд ӕмӕ йӕ Саулы раз ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ Самуил загъта: «Ацы хай ӕвӕрд уыди. Айс ӕй ӕмӕ хӕр, уымӕн ӕмӕ ацы хабарӕн ӕвӕрд уыд – цӕмӕй йӕ ды хуынд адӕмимӕ бахӕрай». Гъемӕ уыцы бон Саул хордта Самуилимӕ. 25 Уый фӕстӕ кувӕн бынатӕй+ горӕтмӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ Самуил Саулимӕ хӕдзары сӕр+ йӕ ныхас адарддӕр кодта. 26 Райсомӕй сыстадысты тынг раджы, бон куыддӕр ӕрбацъӕх, афтӕ. Ӕмӕ Самуил фӕдзырдта Саулмӕ,– уый та уыд хӕдзары сӕр,– ӕмӕ йын загъта: «Дӕхи срӕвдз кӕн, ӕмӕ дӕ ахизын кӕнон». Саул дӕр йӕхи срӕвдз кодта, ӕмӕ Самуилимӕ иумӕ хӕдзарӕй рацыдысты. 27 Горӕтӕй куы рахызтысты, уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъ+, цӕмӕй размӕ ацӕуа». Ӕмӕ уый дӕр ацыд. Йӕхицӕн та йын загъта: «Ды та ам ӕрлӕуу, Хуыцауы ныхас дын фехъусын кӕнон».