Нееми
8 Адӕм се ’ппӕт дӕр Доны кулдуары+ раз фӕзы+ ӕрӕмбырд сты+. Ӕмӕ уӕд писыр* Ездрӕйӕн+ загътой, цӕмӕй рахастаид, Йегъовӕ Израилы адӕмӕн кӕй радта+, уыцы закъоны чиныг+, Моисейы+ закъоны чиныг. 2 Уый уыд ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон+. Ӕмӕ сауджын+ Ездрӕ закъон рахаста, чи ӕрӕмбырд+, уыдоны размӕ. Уыди дзы нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ, хъусын ӕмӕ ӕмбарынхъом чидӕриддӕр уыд, уыдон+. 3 Ӕмӕ Доны кулдуары раз фӕзы сӕумӕрайсомӕй+ суанг сихорафонмӕ закъоны чиныг хъӕрӕй каст+ нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн ӕмӕ, ӕмбарынхъом чидӕриддӕр уыд, уыдонӕн. Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр лӕмбынӕг+ хъуыстой+. 4 Уыцы хабары тыххӕй фӕйнӕджытӕй скодтой бӕрзонд бынат+, ӕмӕ писыр Ездрӕ уым лӕууыд. Йӕ рахиз фарс лӕууыдысты Маттифи, Шемӕ, Анайӕ, Ури, Хелки ӕмӕ Маасейӕ, йӕ галиу фарс та – Федайӕ, Мисаил, Малхи+, Хашум+, Хашбадданӕ, Захари ӕмӕ Мешуллам.
5 Ездрӕ чиныг байгом кодта+, ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕм дӕр федтой, уымӕн ӕмӕ Ездрӕ се ’ппӕтӕй уӕлдӕр лӕууыд. Ӕмӕ чиныг куы байгом кодта, уӕд адӕм иууылдӕр сыстадысты+. 6 Уый фӕстӕ Ездрӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн, стыр Хуыцауӕн, раарфӕ кодта+, ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ къухтыл хӕрдмӕ схӕцыдысты+, афтӕмӕй загътой: «Аммен! Аммен!»+ Стӕй сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн сӕ сӕртӕй зӕххы онг акуывтой+. 7 Левиттӕ Йешуа, Вани, Шереви+, Иамин, Аккув, Шавфай, Годи, Маасейӕ, Клитӕ, Азари, Иозавад+, Ханан ӕмӕ Фелай+ адӕмӕн закъон ӕмбарын кодтой+. Адӕм та уыцы рӕстӕг кодтой лӕугӕ+. 8 Уыдон ӕцӕг Хуыцауы закъоны чиныг хъӕрӕй кастысты+, стӕй-иу ӕй бамбарын кодтой ӕмӕ-иу ын йӕ хъуыды райхӕлдтой, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цы сын кастысты, уый ӕмбарынӕн+.
9 Нееми+, ома тиршафӕ*+, сауджын ӕмӕ писыр Ездрӕ+ ӕмӕ, адӕмӕн закъон чи амыдта, уыцы левиттӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр загътой: «Ацы бон уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн табуйаг бон у+. Ма хъыг кӕнут ӕмӕ ма кӕут»+. Афтӕ уымӕн загътой, ӕмӕ закъоны ныхӕстӕм хъусгӕйӕ адӕм иууылдӕр кодтой кӕугӕ+. 10 Ӕмӕ сын Нееми загъта: «Ацӕут ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр хӕринӕгтӕ* хӕрут, адджын нуазинӕгтӕ нуазут ӕмӕ, цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн хӕйттӕ ӕрвитут+, уымӕн ӕмӕ ацы бон нӕ Хицауӕн табуйаг бон у. Маст ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый у уӕ фидар мӕсыг». 11 Левиттӕ дӕр адӕмы сабыр кодтой. Дзырдтой сын: «Ӕрсабыр ут! Ацы бон табуйаг бон у. Ма маст кӕнут». 12 Уӕд адӕм дӕр минас кӕнынмӕ ацыдысты ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хӕйттӕ арвыстой+. Ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нӕ уыд+, уымӕн ӕмӕ сын цы бакастысты, уый бамбӕрстой+.
13 Дыккаг бон ӕппӕт адӕмы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ писыр Ездрӕмӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй закъоны ныхӕстӕ ноджы хуыздӕр бамбӕрстаиккой+. 14 Ӕмӕ, Йегъовӕ Моисейы+ уылты цы закъон радта, уым ссардтой, ӕвдӕм мӕйы+ бӕрӕгбоны рӕстӕджы Израилы фырттӕ халагъудты+ кӕй хъуамӕ цӕрой 15 ӕмӕ ӕппӕт горӕтты дӕр ӕмӕ ӕгас Иерусалимы+ дӕр кӕй хъуамӕ фехъусын кӕной+: «Хӕхбӕстӕм+ ацӕут ӕмӕ оливӕбӕлӕсты+, сойбӕлӕсты, мирт ӕмӕ пальмӕбӕлӕсты къалиутӕ, стӕй ӕндӕр сыфтӕрджын бӕлӕсты къалиутӕ ӕрхӕссут ӕмӕ сӕ халагъудтӕ скӕнут, фыст куыд у, афтӕ».
16 Адӕм дӕр ацыдысты, къалиутӕ ӕрхастой ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хӕдзары сӕр+ ӕмӕ йӕ кӕрты халагъудтӕ скодта. Халагъудтӕ скодтой, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары раз цы кӕртытӕ+ уыд, уым дӕр, стӕй Доны кулдуары+ раз ӕмӕ Ефремы кулдуары+ раз фӕзты+ дӕр. 17 Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон се ’ппӕт дӕр халагъудтӕ скодтой ӕмӕ халагъудты цардысты. Ӕмӕ Израилы фырттӕ тынг цин кодтой+, уымӕн ӕмӕ Навины+ фырт Йесойы замантӕй уӕды онг ахӕм бӕрӕгбон никуы скодтой. 18 Фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ алы бон дӕр ӕцӕг Хуыцауы закъоны чиныг хъӕрӕй кастысты+. Бӕрӕгбон ахаста авд боны, ӕмӕ ӕстӕм бон та скодтой сӕрмагонд ӕмбырд, фыст куыд уыди, афтӕ+.