Михей
6 Уӕ хорзӕхӕй, байхъусут, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ+. Сыст, дӕ хъаст рахӕсс хӕхты размӕ, уадз ӕмӕ дын къуыбыртӕ фехъусой дӕ хъӕлӕс+. 2 Хӕхтӕ, фидар къӕдзӕхтӕ ӕмӕ зӕххы бындуртӕ+, байхъусут, Йегъовӕ тӕрхоны цы зӕгъдзӕн, уымӕ. Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн, Израилӕн йӕ аххос зӕгъдзӕн+:
3 «Цы уын ракодтон, мӕ адӕм?+ Цӕмӕй уӕ сфӕлмӕцын кодтон?+ Мӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ӕрлӕуут+. 4 Ӕз уӕ Египеты зӕххӕй ракодтон+, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй* уӕ ссӕрибар кодтон+. Уӕ разӕй уын арвыстон Моисейы, Аароны ӕмӕ Мариамы+. 5 Мӕ адӕм, уӕ хорзӕхӕй, ӕрхъуыды-ма кӕнут+, Моавы паддзах Валак цы сфӕнд кодта+ ӕмӕ йын Веоры фырт Валаам цы дзуапп радта, уый+. Афтӕ уыд ӕнӕхъӕн фӕндагыл – Ситтимӕй+ суанг Галгалмӕ+, цӕмӕй Йегъовӕйы раст хъуыддӕгты тыххӕй се ’ппӕт дӕр базыдтаиккой»+.
6 Цӕимӕ ӕрлӕууон Йегъовӕйы раз?+ Цӕимӕ бакувон бӕрзондылбадӕг Хуыцауӕн?+ Судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ афӕдздзыд родтимӕ ӕрлӕууон йӕ разы? 7 Мингай фырытӕй ӕмӕ дӕсгай мин сойы гуылфӕнтӕй барухс уыдзӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ?+ Ныхмӕ кӕй цыдтӕн, уый тыххӕй йын мӕ фыццаг фырты раттон? Мӕ хъӕбулы йын раттон мӕ тӕригъӕды тыххӕй?+ 8 О адӕймаджы фырт, загъта дын, хорз цы у, уый+. Рӕстӕй архай+, хӕларзӕрдӕ у+ ӕмӕ дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ+ цу+ – ӕндӕр дӕ Йегъовӕ исты домы?
9 Йегъовӕ дзуры горӕтмӕ+, ӕмӕ, куырыхон зонд кӕмӕ ис, уый дӕ номӕй тӕрсдзӕн+. Хъусут, лӕдзӕг кӕй къухы ис, уыцы хицаумӕ ӕмӕ йӕ чи сӕвӕрдта, уымӕ+. 10 Цымӕ ма фыдгӕнӕджы хӕдзары, фыдхъуыддӕгты фӕрцы кӕй ӕрӕмбырд кодта, ахӕм хӕзнатӕ ис?+ Ис ма дзы, кӕй фӕкъаддӕр кодта ӕмӕ йӕхи ӕлгъыстаг кӕй тыххӕй кӕны, ахӕм ефӕ? 11 Мӕ барӕн къустӕ раст куы нӕ барой ӕмӕ мӕ хызыны, сайгӕ чи кӕны, ахӕм барӕн дуртӕ куы уа, уӕд мӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдзӕн?+ 12 Йӕ хъӕздгуытӕн сӕ фыдхъуыддӕгтӕ сӕ сӕрӕй уӕлдӕр сты, йӕ цӕрджытӕ сайынц+ ӕмӕ се ’взаг у хинӕйдзаг+.
13 «Уӕдӕ дӕ ӕз дӕр цӕвдзынӕн, цалынмӕ не ’руатон уай, уӕдмӕ+. Дӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕдзӕрӕг фӕуыдзынӕ+. 14 Хӕрдзынӕ, фӕлӕ не ’фсӕддзынӕ, дӕ гуыбын уыдзӕн афтид+. Цы дӕм ис, уый ӕмбӕхсдзынӕ, фӕлӕ сӕ нӕ бахъахъхъӕндзынӕ. Цыдӕриддӕр бахъахъхъӕнай, уыдон та дын хъамайы амӕттаг фӕкӕндзынӕн+. 15 Хуымтӕ таудзынӕ, фӕлӕ сӕ кӕрдгӕ нӕ кӕндзынӕ. Оливӕтӕ цъӕл кӕндзынӕ, фӕлӕ сойӕ дӕхи нӕ сӕрддзынӕ, сӕн дуцдзынӕ, фӕлӕ дзы нуазгӕ нӕ кӕндзынӕ+. 16 Амврийы ӕгъдӕуттыл кӕй хӕцут+ ӕмӕ, Ахавы хӕдзарвӕндаг цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй иу дӕр фӕсте кӕй нӕ уадзут+ ӕмӕ сӕ зондыл кӕй цӕут+, уый тыххӕй ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕм сымахмӕ кӕсгӕйӕ дис кӕндзысты ӕмӕ-иу горӕты цӕрджыты фенгӕйӕ ныхситт кӕндзысты+. Адӕмтӕ уыл худдзысты»+.