115 Мах не стӕм кады аккаг, о Йегъовӕ, мах не стӕм+,
Фӕлӕ скадджын кӕн дӕ ном+
Де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ, дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+.
2 Цӕмӕн хъуамӕ дзурой адӕмтӕ+,
Цӕй, кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ?+
3 Махӕн нӕ Хуыцау ис уӕлӕрвты+.
Цыдӕриддӕр ӕй фӕндыд, уый сарӕзта+.
4 Уыдоны хуыцӕуттӕ та сты ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй+,
Зӕххон адӕймаджы къухӕй конд+.
5 Ис сын дзых, фӕлӕ дзургӕ нӕ кӕнынц+.
Ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ нӕ уынынц+.
6 Ис сын хъустӕ, фӕлӕ нӕ хъусынц+.
Ис сын фындз, фӕлӕ тӕф не ’мбарынц+.
7 Ис сын къухтӕ, фӕлӕ сын сты мард+.
Ис сын къӕхтӕ, фӕлӕ цӕугӕ нӕ кӕнынц+.
Ӕмӕ сӕ дзыхӕй сыпп дӕр нӕ хауы+.
8 Уыдонау уыдзысты сӕ аразджытӕ дӕр+,
Йӕ зӕрдӕ сыл чи дары, уыдон се ’ппӕт дӕр+.
9 О Израил, дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл+,
Уый у де ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ дӕ уарт+.
10 О Аароны хӕдзарвӕндаг, уӕ зӕрдӕ дарут Йегъовӕйыл+,
Уый у уе ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ уӕ уарт+.
11 Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон, уӕ зӕрдӕ дарут Йегъовӕйыл+,
Уый у уе ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ уӕ уарт+.
12 Йегъовӕ нӕ нӕ ферох кодта, уый раарфӕ кӕндзӕн+,
Раарфӕ кӕндзӕн Израилы адӕмӕн+,
Раарфӕ кӕндзӕн Аароны хӕдзарвӕндагӕн+.
13 Раарфӕ кӕндзӕн, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдонӕн+,
Хуымӕтӕг адӕмӕн ӕмӕ номдзыд адӕмӕн+.
14 Йегъовӕ уӕ сбирӕ кӕндзӕн+,
Уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ фыртты дӕр+.
15 Сымах арфӕгонд стут Йегъовӕйӕ+,
Арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕгӕй+.
16 Уӕлӕрвтӕ сты Йегъовӕйы+,
Зӕхх та радта адӕймаджы фырттӕн+.
17 Мӕрдтӕ Йагъы нӕ кадджын кӕнынц+,
Нӕ йӕ кадджын кӕны, ӕнустӕм чи бамыр, уыдонӕй иу дӕр+.
18 Фӕлӕ мах арфӕ кӕндзыстӕм Йагъӕн+
Ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.
Кадджын кӕнут Йагъы!+