Давиды псалом.
א [А́леф]
37 Ма мӕсты кӕн фыдгӕнджытӕм+.
Ма хӕлӕг кӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонмӕ+.
2 Уымӕн ӕмӕ уыдон кӕрдӕгау уайтагъд ахус уыдзысты+,
Цъӕх кӕрдӕгау бампылдзысты+.
ב [Бет]
3 Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад+,
Цӕр зӕххыл ӕмӕ иузӕрдионӕй архай+.
4 Йегъовӕ уӕд де стыр цин+,
Ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн+.
ג [Ги́мел]
5 Дӕ фӕндаг Йегъовӕйы бар бакӕн+,
Дӕ зӕрдӕ йыл дар+, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг архайдзӕн+.
6 Ӕмӕ дын рухсау раргом кӕндзӕн дӕ рӕстдзинад+,
Ӕмӕ ӕмбисбоны рухсау, рӕстӕй кӕй архайыс, уый+.
ד [Да́лет]
7 Йегъовӕйы раз ӕнӕдзургӕйӕ лӕуу+
Ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс+.
Ма мӕсты кӕн, алцыдӕр кӕмӕн ӕнтысы, уымӕ+,
Йӕ фӕндтӕ йӕ къухы кӕмӕн бафтынц, уыцы адӕймагмӕ+.
ה [Хе]
8 Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх+.
Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!+
9 Уымӕн ӕмӕ фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты+,
Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдон та зӕхх бынӕн райсдзысты+.
ו [Вав]
10 Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн+,
Кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис+.
11 Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты+
Ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты+.
ז [За́йин]
12 Фыдгӕнӕг фыдвӕндтӕ кӕны рӕстгӕнӕджы ныхмӕ+,
Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ӕм цӕуы+.
13 Фӕлӕ йыл Йегъовӕ фӕхуддзӕн+,
Уымӕн ӕмӕ уыны, йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕуы+.
ח [Хет]
14 Фыдгӕнджытӕ систой сӕ хъаматӕ ӕмӕ ӕрбакъӕдз кодтой се ’рдынтӕ+,
Цӕмӕй бабын кӕной ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймаджы+,
Ныццӕгъдой, раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдоны+.
15 Фӕлӕ сӕ хъаматӕ сӕхи зӕрдӕты ахиздзысты+
Ӕмӕ се ’рдынтӕ саст ӕрцӕудзысты+.
ט [Тет]
16 Рӕстгӕнӕгмӕ цы муртӕ ис, уыдон хуыздӕр сты+,
Бирӕ фыдгӕнджытӕм цы стыр фӕллӕйттӕ ис, уыдонӕй+.
17 Уымӕн ӕмӕ фыдгӕнджытӕн сӕ цонджы хъару саст ӕрцӕудзӕн+,
Рӕстгӕнджытӕн та Йегъовӕ уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг+.
י [Йод]
18 Йегъовӕ зоны, ӕнаипп чи у, уыдоны цард+,
Ӕмӕ сӕ бынтӕ уыдзысты суанг ӕнустӕм дӕр+.
19 Уыдон бӕллӕхы бон нӕ фӕхудинаг уыдзысты+,
Ӕмӕ ӕххормаг рӕстӕг дӕр уыдзысты ӕфсӕст+.
כ [Каф]
20 Фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты+,
Йегъовӕйы знӕгтӕ уыдзысты рӕсугъд цъӕх быдырты хуызӕн.
Уыдонӕн ӕрцӕудзӕн сӕ кӕрон+. Фесӕфдзысты, сӕ фӕздӕг ма кӕлдзӕн+.
ל [Ла́мед]
21 Фыдгӕнӕг ӕфстау райсы ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ нӕ ратты+,
Рӕстгӕнӕг та иннӕтӕн хорзы цӕуы ӕмӕ кӕны лӕвӕрттӕ+.
22 Хуыцау кӕмӕн арфӕ кӕны, уыдон зӕхх бынӕн райсдзысты+,
Кӕй ралгъита, уыдон та фесӕфдзысты+.
מ [Мем]
23 Йегъовӕ фидар кӕны адӕймаджы къахдзӕфтӕ+,
Ӕмӕ йын йӕ царды фӕндагмӕ кӕсгӕйӕ цин кӕны+.
24 Куы фӕкӕла, уӕд дӕр нӕ ахаудзӕн+,
Уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ хӕцы йӕ къухыл+.
נ [Нун]
25 Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн+,
Фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ+
Ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ+.
26 Уый алкӕддӕр иннӕтӕн хорзы цӕуы ӕмӕ дӕтты ӕфстау+,
Уый тыххӕй йӕ цот хайджын уыдзысты арфӕдзинӕдтӕй+.
ס [Са́мех]
27 Дӕхи хиз ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ араз хорздзинад+,
Ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай+.
28 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад+
Ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн+.
ע [А́йин]
Ӕнустӕм сӕ хъахъхъӕндзӕн+.
Фыдгӕнджыты байзӕддаг та фесӕфдзӕн+.
29 Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты+
Ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм+.
פ [Пе]
30 Рӕстгӕнӕджы дзыхӕй цӕуы зонды ныхӕстӕ+,
Ӕмӕ йе ’взагыл ис рӕстдзинад+.
31 Йӕ Хуыцауы закъон ис йӕ зӕрдӕйы+,
Ӕмӕ йӕ къах нӕ фӕцуддзӕн+.
צ [Ца́де]
32 Фыдгӕнӕг бабады рӕстгӕнӕджы размӕ+,
Агуры фадат, цӕмӕй йӕ амара+.
33 Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ йӕ къухмӕ нӕ ратдзӕн+
Ӕмӕ йын тӕрхон куы кӕной, уӕд ӕй фыдгӕнӕгыл нӕ банымайдзӕн+.
ק [Коф]
34 Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл цу+,
Ӕмӕ дӕ сбӕрзонд кӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзынӕ+.
Ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куы сӕфой, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ+.
ר [Реш]
35 Ӕз федтон фыдгӕнӕджы – ӕгъатыр адӕймаджы+.
Уый йӕ къабӕзтӕ айвӕзта пӕлӕхсар бӕласау+.
36 Фӕлӕ ӕрбайсӕфт, нал ис+.
Агуырдтон ма йӕ, фӕлӕ йӕ не ссардтон+.
ש [Шин]
37 Дӕ хъус дар ӕнӕфау адӕймагмӕ ӕмӕ, рӕстзӕрдӕ чи у, уымӕ лӕмбынӕг кӕс+,
Уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн йӕ фидӕн уыдзӕн фӕрнӕйдзаг+.
38 Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон та бындзагъд фӕуыдзысты+,
Фыдгӕнджытӕн сӕ фидӕн фесӕфдзӕн+.
ת [Тав]
39 Рӕстгӕнджытӕн сӕ ирвӕзынгӕнӕг у Йегъовӕ+,
Зын сахат уый у сӕ фидар мӕсыг+.
40 Йегъовӕ сын баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн+.
Фервӕзын сӕ кӕндзӕн фыдгӕнджытӕй ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕндзӕн+,
Уымӕн ӕмӕ сӕхи йе уазӕг бакодтой+.