Псалом
2 Дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ мӕ ссӕрибар кӕн ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн+.
Дӕ хъус мӕм ӕрдар ӕмӕ мын баххуыс кӕн+.
3 У мын къӕдзӕхыл ӕвӕрд фидар мӕсыг, мӕ бон алкӕддӕр кӕдӕм уа алидзын+.
Бардзырд ратт, цӕмӕй мӕ фервӕзын кӕной+,
Уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ айнӕг къӕдзӕх ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг+.
4 О мӕ Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн фыдгӕнӕджы къухӕй+,
Хӕрамӕй чи архайы ӕмӕ иннӕты чи ссӕнды, уый къухӕй+.
5 Ды дӕ мӕ ныфс+, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ*+.
6 Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ, гуыбыны куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ+.
Ды мӕ ракодтай мӕ мады гуыбынӕй+.
Дӕу кадджын кӕнын ӕдзухдӕр+.
10 Ме знӕгтӕ мӕ кой кӕнынц+,
Марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон уынаффӕ кӕнынц сӕ кӕрӕдзиимӕ+.
11 Уыдон дзурынц: «Хуыцау ӕй ныууагъта+.
Асурут ӕй ӕмӕ йӕ ’рцахсут, уымӕн ӕмӕ йын ирвӕзынгӕнӕг нӕй»+.
13 Мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон ныххудинаг уӕнт, сӕ кӕрон ӕрцӕуӕд+.
Фыдбылыз ракӕнынмӕ мын чи хъавы, уыдон худинаг ӕмӕ ӕгаддзинады бын фӕуӕнт+.
14 Ӕз та алкӕддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн дӕумӕ+
Ӕмӕ дын дӕ кад ноджы бӕрзонддӕр сисдзынӕн.
15 Ме ’взаг дзурдзӕн дӕ рӕстдзинады тыххӕй+,
Цы ирвӕзындзинад дӕттыс, уый тыххӕй дзурдзынӕн ӕнӕхъӕн бон+,
Уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын дӕр нӕ бауыдзӕн+.
16 Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ радзурдзынӕн де стыр хъомысы тыххӕй+, о Дунедарӕг+ Хуыцау Йегъовӕ.
Ӕз дзурдзынӕн дӕ рӕстдзинады тыххӕй, ӕрмӕстдӕр дӕу рӕстдзинады тыххӕй+.
17 О Хуыцау, ды мӕ ахуыр кодтай мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ+,
Ӕмӕ ныры онг дӕр дзурын дӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй+.
18 Ӕмӕ куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр мӕ, о Хуыцау, ма ныууадз+,
Цӕмӕй дӕ цонджы хъаруйы тыххӕй радзурон иннӕ фӕлтӕрӕн+,
Дӕ хъомысы тыххӕй – ӕрцӕуинаг чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+.
19 Дӕ рӕстдзинад, о Хуыцау, хӕццӕ кӕны бӕрзондмӕ+.
Ды сарӕзтай стыр хъуыддӕгтӕ+,
Ӕмӕ чи у дӕу хуызӕн, о Хуыцау?+
20 Бирӕ мӕстытӕ ӕмӕ мын бирӕ бӕллӕхтӕ фенын кодтай+,
Ӕмӕ мӕ ногӕй уд бауадз+.
Зӕххы арф дӕттӕй мӕ ногӕй сис+.
22 Ӕмӕ дӕ ӕз кадджын кӕндзынӕн хъисфӕндырыл цӕгъдгӕйӕ+,
Кадджын дын кӕндзынӕн дӕ рӕстдзинад*, о мӕ Хуыцау+.
Дыууадӕстӕнон фӕндырыл дын цӕгъддзынӕн, о Израилы сыгъдӕг Хуыцау+.