1 Азфыстыты
22 Уӕд Давид загъта: «Ам уыдзӕн ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар+, мӕнӕ ам та – нывондхӕссӕн+ Израилы адӕмӕн, цӕмӕй йыл судзинаг нывӕндтӕ хӕссой».
2 Давид ӕрӕмбырд кӕнын кодта, Израилы зӕххыл цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ цард, уыдоны ӕмӕ сӕ дурсӕтджытӕй+ сӕвӕрдта, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар самайынӕн цыппӕрдигъон дуртӕ+ арӕзтаиккой. 3 Давид ӕрцӕттӕ кодта тынг бирӕ ӕфсӕйнаг, цӕмӕй дзы кулдуӕрттӕн зӕгӕлтӕ ӕмӕ фидаргӕнӕнтӕ сарӕзтаиккой. Ӕрхуы дӕр уыйбӕрц ӕрцӕттӕ кодта, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд+. 4 Кедрбӕласы+ хъӕдтӕн дӕр нымӕц нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Давидӕн сидойнӕгтӕ+ ӕмӕ тирӕгтӕ+ ластой тынг бирӕ кедрбӕласы хъӕдтӕ. 5 Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у+, Йегъовӕйӕн цы хӕдзар хъӕуы саразын, уый та хъуамӕ ахӕм стыр+ ӕмӕ ахӕм рӕсугъд+ уа, цӕмӕй йӕ кой ӕппӕт бӕстӕтыл дӕр айхъуыса. Уӕдӕ йын ӕз хъуамӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кӕнон». Ӕмӕ Давид, цалынмӕ нӕ амард, уӕдмӕ бирӕ цыдӕртӕ ӕрцӕттӕ кодта+.
6 Стӕй йӕ фырт Соломонмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн хӕдзар сарӕзтаид. 7 Давид йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Мӕнӕн мӕ зӕрды+ уыд мӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+ хӕдзар саразын. 8 Фӕлӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ды бирӕ туг ныккалдтай+ ӕмӕ стыр хӕстыты хӕцыдтӕ+. Мӕ номыл хӕдзар ды нӕ сараздзынӕ+, уымӕн ӕмӕ мӕ разы зӕххыл бирӕ туг ныккалдтай. 9 Дӕуӕн райгуырдзӕн фырт+. Уый уыдзӕн сабыр адӕймаг, ӕмӕ йын ӕз ратдзынӕн ӕнцойдзинад, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн, йӕ алыварс цыдӕриддӕр знӕгтӕ уа, уыдонӕй+. Ӕмӕ йӕ Соломон*+ дӕр уый тыххӕй схондзысты. Йӕ рӕстӕджы ӕз Израилӕн ратдзынӕн фарн+ ӕмӕ сабырдзинад. 10 Ӕмӕ мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн+. Уый суыдзӕн мӕ фырт+, ӕз та суыдзынӕн йӕ фыд+. Ӕмӕ йын Израилы йӕ паддзахбадӕн+ ӕнустӕм ӕрфидар кӕндзынӕн“.
11 Уӕдӕ Йегъовӕ демӕ уӕд, мӕ фырт, ӕмӕ ды уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар сараздзынӕ, дӕу тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 12 Йегъовӕ дын зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад+ раттӕд ӕмӕ дӕ сахуыр кӕнӕд Израилы адӕмӕн разамынд дӕттын, цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйы закъон ӕххӕст кӕнай+. 13 Йегъовӕ Израилы адӕмӕн Моисейы уылты цы уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ+ радта, уыдон ӕххӕст кӕныныл куы архайай, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын+. Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у+. Ӕмӕ ӕппындӕр+ мацӕмӕй тӕрс+. 14 Ӕз тыхст уавӕрты уыдтӕн+, афтӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сӕдӕ мин таланты сызгъӕрин*+, милуан таланты ӕвзист*, ӕрхуы+ ӕмӕ ӕфсӕйнаг+ та афтӕ бирӕ, ӕмӕ сын сбарӕн дӕр нӕй. Ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ дӕр, фӕлӕ ма-иу сӕм ды ноджыдӕр бафтау. 15 Ис дӕм бирӕ кусджытӕ, дурсӕтджытӕ, амайджытӕ+ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, стӕй, алы куыстмӕ дӕр чи арӕхсы, ахӕмтӕ+. 16 Сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ дӕм ӕфсӕйнаг уыйбӕрц ис, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй+. Уӕдӕ хъуыддагмӕ бавнал+, ӕмӕ Йегъовӕ демӕ уӕд»+.
17 Уый фӕстӕ Давид Израилы кънйӕзтӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ фырт Соломонӕн ӕххуыс кодтаиккой. Загъта сын: 18 «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ нӕй?+ Алырдыгӕй дӕр уын ӕнцойдзинад нӕ радта?+ Ацы зӕххыл чи цард, уыдоны мын мӕ къухмӕ радта, ӕмӕ ацы зӕхх Йегъовӕйы+ дӕлбар ӕмӕ йӕ адӕмы дӕлбар баци. 19 Уӕдӕ ныр уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+ агурут. Бавналут ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн+ кувӕн бынат+ саразут, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы табуйаг дзауматӕ, Йегъовӕйы номыл цы хӕдзар+ сараздзыстут, уырдӕм хаст ӕрцӕуой».