Дзуттӕгтӕм
1 Раджы заманты Хуыцау нӕ фыдӕлтимӕ бирӕ хӕттыты+ ӕмӕ алы ӕгъдауӕй ныхас кодта пехуымпарты уылты+, 2 ацы бонты кӕрон+ та немӕ ныхас кодта йӕ Фырты+ уылты, ӕппӕт дӕр бынӕн кӕмӕн радта+ ӕмӕ, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый* кӕй фӕрцы скодта+, уый уылты. 3 Уый мидӕг зыны Хуыцауы кад+, уый у, Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм+. Уый ӕппӕтыл дӕр хӕцы йӕ тыхджын дзырдӕй+. Ӕмӕ нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кодта+, уӕд уӕлӕрвты+ Цытджын Хуыцауы рахиз фарс ӕрбадт+. 4 Ӕмӕ сси зӕдтӕй дӕр уӕлдӕр+, уымӕн ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд* зӕдты номӕй кадджындӕр ном+.
5 Зӕгъӕм, зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Ды дӕ мӕ фырт, абон ӕз сдӕн дӕ фыд»?+ Науӕд: «Ӕз суыдзынӕн йӕ фыд, уый та суыдзӕн мӕ фырт»?+ 6 Фӕлӕ йӕ Фыццаггуырды+ ногӕй зӕхмӕ куы ’ркӕна, уыцы рӕстӕджы тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Хуыцауы зӕдтӕ+ иууылдӕр йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауӕнт»+.
7 Стӕй зӕдты тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Йӕ зӕдты фестын кӕны хъомысджын тыхтӕ*, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты – пиллон арт»+. 8 Йӕ Фырты тыххӕй та зӕгъы: «Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ+, ӕмӕ дӕ паддзахады лӕдзӕг+ у рӕстдзинады лӕдзӕг+. 9 Ды уарзыс рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт уыныс. Ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕй уӕлдай+ Хуыцау, дӕ Хуыцау, цины сойӕ дӕр уымӕн байсӕрста»+. 10 Ӕмӕ ма афтӕ дӕр зӕгъы: «О Хицау, райдианы зӕххӕн бындур ды сӕвӕрдтай, ӕмӕ арв дӕр у дӕ къухты фыдӕбон+. 11 Уыдон фесӕфдзысты, ды та уыдзынӕ ӕнустӕм. Уыдон дарӕсау+ баихсидзысты, 12 ӕмӕ сӕ ды пӕлӕзау+ стухдзынӕ, дарӕсау ивд ӕрцӕудзысты. Ды та нӕ ивыс, ӕмӕ дӕ азтӕ никуы фӕуыдзысты»+.
13 Зӕдтӕй та кӕд кӕмӕй загъта: «Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ»?+ 14 Зӕдтӕ+ се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнӕг тыхтӕ не сты?+ Чи хъуамӕ фервӕза*+, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты?