Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 20
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

1 Паддзӕхты 20:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2Пд 6:24; 8:7
  • +Ис 10:8; Йез 26:7
  • +Ӕм 21:31
  • +Д.з 20:1
  • +2Пд 6:24; 17:5
  • +Лв 26:25; Д.з 28:52

1 Паддзӕхты 20:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2Пд 19:9, 23; Ис 37:9

1 Паддзӕхты 20:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 15:9; Иов 40:12; Ис 10:13

1 Паддзӕхты 20:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 26:28; Д.з 28:48

1 Паддзӕхты 20:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 5:30; Езд 8:27

1 Паддзӕхты 20:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 11:14
  • +Ӕм 11:27

1 Паддзӕхты 20:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 19:2; Йер 5:7; Хъд 23:12
  • +Ӕм 16:18; Ис 37:24

1 Паддзӕхты 20:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1См 2:3; 25:13; Пс 45:3
  • +Ӕм 27:1; Ек 7:8; 8:7

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/7/2005, 22 ф.

1 Паддзӕхты 20:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 31:4

1 Паддзӕхты 20:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 16:29
  • +Ис 55:11
  • +Рц 14:18; Пс 37:20

1 Паддзӕхты 20:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1См 14:6; 2Аз 14:11

1 Паддзӕхты 20:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 31:4; Ек 10:17; Ос 4:11

1 Паддзӕхты 20:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 20:14

1 Паддзӕхты 20:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 16:18; 18:12; Лк 14:11

1 Паддзӕхты 20:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 25:20; Д.з 26:5; 2См 8:6; 2Пд 5:2; Ис 9:12
  • +Лв 26:8; Д.з 28:7; Пс 33:16; 46:6

1 Паддзӕхты 20:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 11:6

1 Паддзӕхты 20:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 20:13; Ам 3:7
  • +2Аз 25:8; Пс 25:8; 27:14
  • +Ӕм 20:18
  • +2См 11:1; 1Аз 20:1; 2Аз 36:10

1 Паддзӕхты 20:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 47:7; 83:18; 97:9; 115:2; Ро 1:21; 1Кр 8:4

1 Паддзӕхты 20:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 20:1, 16
  • +Ӕм 21:30

1 Паддзӕхты 20:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 10:3

1 Паддзӕхты 20:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 20:20
  • +1См 29:1; 2Пд 13:17

1 Паддзӕхты 20:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 1:11
  • +Трх 6:5; 1См 13:5; 2Аз 32:7; Дзт 11:34

1 Паддзӕхты 20:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 18:30
  • +Д.з 32:27; Пс 58:10; Йез 20:9; 36:22
  • +Рц 6:7; 7:5; 8:10; Йез 6:14; 39:7

1 Паддзӕхты 20:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 6:15

1 Паддзӕхты 20:30

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 20:26
  • +Ис 24:18; Йер 48:44; Ам 2:14; 9:3
  • +1Пд 20:20
  • +1Пд 22:25

1 Паддзӕхты 20:31

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «Кӕд дын дӕ уд ӕгасӕй».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 20:28; Ис 16:5
  • +Рд 37:34; 1Пд 21:27; Есф 4:1; Ис 22:12; Рар 11:3
  • +Ион 3:8
  • +Ион 3:9

1 Паддзӕхты 20:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 25:13
  • +2Пд 10:15

1 Паддзӕхты 20:34

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 15:20; 2Аз 16:4
  • +Рц 23:32

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/7/2005, 21 ф.

1 Паддзӕхты 20:35

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «Пехуымпарты фырттӕй».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2Пд 2:3; Ам 7:14
  • +1Пд 17:14

1 Паддзӕхты 20:36

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 13:24
  • +Ӕм 16:25

1 Паддзӕхты 20:38

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 14:2

1 Паддзӕхты 20:39

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 12:1; 14:4
  • +Рд 2:7; Лв 17:11
  • +2Пд 10:24; Хъд 12:19; 16:27
  • +Рц 21:30; Ӕм 13:8

1 Паддзӕхты 20:40

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Иов 34:4; Лк 19:22; Га 6:7

1 Паддзӕхты 20:41

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 20:35

1 Паддзӕхты 20:42

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 27:29; ЙсН 6:18; 1См 15:9; 1Аз 2:7; Йер 48:10
  • +1Пд 22:31, 35; 2Аз 18:33
  • +2Пд 6:24; 8:12; 2Аз 18:16

1 Паддзӕхты 20:43

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 21:4; Пс 2:10
  • +1Пд 16:29

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

1 Пад. 20:12Пд 6:24; 8:7
1 Пад. 20:1Ис 10:8; Йез 26:7
1 Пад. 20:1Ӕм 21:31
1 Пад. 20:1Д.з 20:1
1 Пад. 20:12Пд 6:24; 17:5
1 Пад. 20:1Лв 26:25; Д.з 28:52
1 Пад. 20:22Пд 19:9, 23; Ис 37:9
1 Пад. 20:3Рц 15:9; Иов 40:12; Ис 10:13
1 Пад. 20:4Лв 26:28; Д.з 28:48
1 Пад. 20:6Трх 5:30; Езд 8:27
1 Пад. 20:7Ӕм 11:14
1 Пад. 20:7Ӕм 11:27
1 Пад. 20:101Пд 19:2; Йер 5:7; Хъд 23:12
1 Пад. 20:10Ӕм 16:18; Ис 37:24
1 Пад. 20:111См 2:3; 25:13; Пс 45:3
1 Пад. 20:11Ӕм 27:1; Ек 7:8; 8:7
1 Пад. 20:12Ӕм 31:4
1 Пад. 20:131Пд 16:29
1 Пад. 20:13Ис 55:11
1 Пад. 20:13Рц 14:18; Пс 37:20
1 Пад. 20:151См 14:6; 2Аз 14:11
1 Пад. 20:16Ӕм 31:4; Ек 10:17; Ос 4:11
1 Пад. 20:171Пд 20:14
1 Пад. 20:18Ӕм 16:18; 18:12; Лк 14:11
1 Пад. 20:20Рд 25:20; Д.з 26:5; 2См 8:6; 2Пд 5:2; Ис 9:12
1 Пад. 20:20Лв 26:8; Д.з 28:7; Пс 33:16; 46:6
1 Пад. 20:21ЙсН 11:6
1 Пад. 20:221Пд 20:13; Ам 3:7
1 Пад. 20:222Аз 25:8; Пс 25:8; 27:14
1 Пад. 20:22Ӕм 20:18
1 Пад. 20:222См 11:1; 1Аз 20:1; 2Аз 36:10
1 Пад. 20:23Пс 47:7; 83:18; 97:9; 115:2; Ро 1:21; 1Кр 8:4
1 Пад. 20:241Пд 20:1, 16
1 Пад. 20:24Ӕм 21:30
1 Пад. 20:25Пс 10:3
1 Пад. 20:261Пд 20:20
1 Пад. 20:261См 29:1; 2Пд 13:17
1 Пад. 20:27ЙсН 1:11
1 Пад. 20:27Трх 6:5; 1См 13:5; 2Аз 32:7; Дзт 11:34
1 Пад. 20:28Пс 18:30
1 Пад. 20:28Д.з 32:27; Пс 58:10; Йез 20:9; 36:22
1 Пад. 20:28Рц 6:7; 7:5; 8:10; Йез 6:14; 39:7
1 Пад. 20:29ЙсН 6:15
1 Пад. 20:301Пд 20:26
1 Пад. 20:30Ис 24:18; Йер 48:44; Ам 2:14; 9:3
1 Пад. 20:301Пд 20:20
1 Пад. 20:301Пд 22:25
1 Пад. 20:31Ӕм 20:28; Ис 16:5
1 Пад. 20:31Рд 37:34; 1Пд 21:27; Есф 4:1; Ис 22:12; Рар 11:3
1 Пад. 20:31Ион 3:8
1 Пад. 20:31Ион 3:9
1 Пад. 20:33Ӕм 25:13
1 Пад. 20:332Пд 10:15
1 Пад. 20:341Пд 15:20; 2Аз 16:4
1 Пад. 20:34Рц 23:32
1 Пад. 20:352Пд 2:3; Ам 7:14
1 Пад. 20:351Пд 17:14
1 Пад. 20:361Пд 13:24
1 Пад. 20:36Ӕм 16:25
1 Пад. 20:382См 14:2
1 Пад. 20:392См 12:1; 14:4
1 Пад. 20:39Рд 2:7; Лв 17:11
1 Пад. 20:392Пд 10:24; Хъд 12:19; 16:27
1 Пад. 20:39Рц 21:30; Ӕм 13:8
1 Пад. 20:40Иов 34:4; Лк 19:22; Га 6:7
1 Пад. 20:411Пд 20:35
1 Пад. 20:42Лв 27:29; ЙсН 6:18; 1См 15:9; 1Аз 2:7; Йер 48:10
1 Пад. 20:421Пд 22:31, 35; 2Аз 18:33
1 Пад. 20:422Пд 6:24; 8:12; 2Аз 18:16
1 Пад. 20:431Пд 21:4; Пс 2:10
1 Пад. 20:431Пд 16:29
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
  • 36
  • 37
  • 38
  • 39
  • 40
  • 41
  • 42
  • 43
Библи – Ног дунейы тӕлмац
1 Паддзӕхты 20:1–43

1 Паддзӕхты

20 Сирийы паддзах Венадад+ йе ’фсӕдтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта. Йемӕ ракодта ӕртын дыууӕ паддзахы+, стӕй бӕхтӕ+ ӕмӕ бӕхуӕрдӕттӕ+. Ӕмӕ ацыд ӕмӕ Самарийыл+ ӕртыхст+ ӕмӕ йемӕ схӕцыд. 2 Стӕй йӕ адӕмы горӕтмӕ Израилы паддзах Ахавмӕ арвыста+ ахӕм ныхасимӕ: «Афтӕ зӕгъы Венадад: 3 „Де ’взист ӕмӕ дӕ сызгъӕрин мӕн сты. Дӕ устытӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн дӕр сӕ рӕсугъддӕртӕ мӕн сты“»+. 4 Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, паддзах, ӕз дӕр ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр дӕу сты, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ»+.

5 Венадады ӕрвыст лӕгтӕ та ногӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ загътой: «Венадад афтӕ зӕгъы: „Ӕз дӕм арвыстон ныхас, зӕгъгӕ, ды де ’взист, дӕ сызгъӕрин, дӕ устыты ӕмӕ дӕ фыртты ратдзынӕ мӕнӕн. 6 Фӕлӕ дӕм райсом ацафон мӕ лӕггадгӕнджыты арвитдзынӕн, ӕмӕ уыдон дӕ хӕдзары ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕртты алы къуым дӕр фендзысты ӕмӕ дын цыдӕриддӕр зынаргъ у+, уыдон иууылдӕр райсдзысты ӕмӕ сӕ ахӕсдзысты“».

7 Уӕд Израилы паддзах бӕстӕйы хистӕр лӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+ ӕмӕ сын загъта: «Кӕсут-ма, бӕллӕхы хай бакӕнынмӕ нӕ хъавы!+ Мӕ устытӕ, мӕ фырттӕ, ме ’взист ӕмӕ мын мӕ сызгъӕринмӕ ӕрбарвыста, ӕмӕ йын „нӕ“ нӕ загътон». 8 Хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ йын адӕм се ’ппӕт дӕр загътой: «Ма йӕм байхъус, ма йын сразы у». 9 Ӕмӕ паддзах Ахав Венадады ӕрвыст лӕгтӕн загъта: «Мӕ буц хицауӕн, паддзахӕн, афтӕ зӕгъут: „Фыццаг мӕм цӕй тыххӕй ӕрбарвыстай, уый сараздзынӕн, фӕлӕ ацы хъуыддаг бакӕнын мӕ бон нӕу“». Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ йӕм уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой.

10 Венадад та йӕм ногӕй арвыста ӕмӕ загъта: «Хуыцӕутты фыдӕх мӕ баййафӕд+, кӕд ӕз Самари нӕ ныппырх кӕнон, уӕд! Мӕ фӕдыл уыйбӕрц адӕм цӕуы, ӕмӕ сӕм Самарийы сыджытӕй фӕйнӕ армыдзаг дӕр не ’рхаудзӕн»+. 11 Израилы паддзах та сын загъта: «Афтӕ йын зӕгъут: „Хӕстмӕ чи цӕуы, уый йӕхицӕй ма ’ппӕлӕд +, цыма хӕстӕй уӕлахиздзауӕй ӕрыздӕхт, уыйау“»+. 12 Уыцы рӕстӕг Венадад ӕмӕ иннӕ паддзӕхтӕ бадтысты халагъудты ӕмӕ нызтой+. Ӕмӕ куыддӕр Венадад уыцы ныхас фехъуыста, афтӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Уӕ бынӕтты слӕуут!» Ӕмӕ уыдон дӕр горӕты ныхмӕ рӕнхъ-рӕнхъ слӕууыдысты.

13 Израилы паддзах Ахавмӕ+ та иу пехуымпар ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Уыцы бирӕ адӕмы федтай? Абон дын сӕ ӕз дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ базондзынӕ, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+. 14 Ахав ӕй бафарста: «Кӕй фӕрцы уыдзӕн уый?» Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Дӕ дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕн чи лӕггад кӕны, уыцы ӕрыгон лӕппуты фӕрцы“». Уӕд та Ахав бафарста: «Тохы фыццаг чи бацӕудзӕн?» «Ды»,– дзуапп ын радта уый.

15 Ахав банымадта, йӕ дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕн чи лӕггад кодта, уыцы ӕрыгон лӕппуты, ӕмӕ разындысты дыууӕсӕдӕ ӕртын дыууӕ+. Уый фӕстӕ банымадта йӕ адӕмы, Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ уыдысты авд мины. 16 Ӕмӕ сихорыл горӕтӕй рацыдысты. Венадад та, чи йын ӕххуыс кодта, уыцы ӕртын дыууӕ паддзахимӕ халагъудты бадти ӕмӕ нызта, ӕмӕ ныррасыг сты+. 17 Фыццаг рацыдысты, дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕн чи лӕггад кодта, уыцы ӕрыгон лӕппутӕ+. Уӕд Венадад йӕ адӕмы арвыста хабар базонынмӕ. Ӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ын загътой: «Самарийӕ адӕм рацыд». 18 Венадад загъта: «Кӕд нӕм фарнимӕ рацыдысты, уӕд сӕ удӕгасӕй ӕрцахсут, кӕд хӕцынмӕ рацыдысты, уӕд дӕр сӕ удӕгасӕй ӕрцахсут»+. 19 Дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕн чи лӕггад кодта, уыцы ӕрыгон лӕппутӕ горӕтӕй рацыдысты, сӕ фӕстӕ та цыдысты ӕфсӕдтӕ. 20 Гъемӕ, сӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны цӕгъдын райдыдтой, ӕмӕ сириӕгтӕ+ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. Израилӕгтӕ сӕ фӕстейӕ асырдтой, фӕлӕ Сирийы паддзах Венадад иннӕ барджытимӕ бӕхыл афардӕг, ӕмӕ аирвӕзт. 21 Израилы паддзах та рацыд, сӕ бӕхты сын ныццагъта ӕмӕ сын сӕ бӕхуӕрдӕттӕ ныппырх кодта+. Ӕмӕ сириӕгтӕй тынг бирӕ ныццагъта.

22 Уый фӕстӕ Израилы паддзахмӕ пехуымпар+ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ де ’фсад фӕфидардӕр кӕн+. Ӕмӕ ахъуыды кӕн, цы кӕнгӕ дын у, ууыл+. Иннӕ азы райдианы та Сирийы паддзах демӕ схӕцдзӕн»+.

23 Сирийы паддзахӕн та йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Уыдонӕн сӕ Хуыцау хӕхты Хуыцау у+, ӕмӕ ныл уый тыххӕй фӕтых сты. Цӕй ӕмӕ семӕ быдыры схӕцӕм, ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, кӕддӕра сыл нӕ фӕтых уаиккам. 24 Афтӕ бакӕн: паддзӕхты сӕ бынӕттӕй сис+ ӕмӕ сын сӕ бӕсты сӕвӕр бӕстӕйы хицӕутты+. 25 Де ’фсадӕй цас фӕхъуыд, уыйас ыл бафтау: бӕхы бӕсты – бӕх, бӕхуӕрдоны бӕсты – бӕхуӕрдон. Ӕмӕ семӕ быдыры схӕцӕм, ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, кӕддӕра сыл нӕ фӕтых уаиккам»+. Уый дӕр сын сӕ ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ раст афтӕ бакодта.

26 Иннӕ азы райдианы Венадад сириӕгты+ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ Афекмӕ+ ацыд, цӕмӕй Израилимӕ схӕцыдаид. 27 Израилы фыртты дӕр ӕрӕмбырд кодтой, цыдӕриддӕр сӕ хъуыд, уый сын радтой+, ӕмӕ сириӕгты ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ разы ӕрбынат кодтой. Израилы фырттӕ сӕгъты дыууӕ гыццыл дзугӕй уӕлдай нӕ уыдысты, сириӕгтӕй та зӕхх нал зынди+. 28 Уӕд Израилы паддзахмӕ ӕрбацыд ӕцӕг Хуыцауы+ адӕймаг ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Сириӕгтӕ афтӕ кӕй загътой, Йегъовӕ хӕхты Хуыцау у, фӕлӕ быдырты Хуыцау нӕу, зӕгъгӕ, уый тыххӕй дын ацы бирӕ адӕмы дӕ къухмӕ ратдзынӕн+, ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.

29 Израилӕгтӕ ӕмӕ сириӕгтӕ авд боны кӕрӕдзи ныхмӕ лӕууыдысты+. Ӕвдӕм бон тох бацайдагъ, ӕмӕ Израилы фырттӕ сириӕгтӕй иу бонмӕ ныццагътой сӕдӕ мин фистӕг хӕстоны. 30 Иннӕтӕ та алыгъдысты горӕтмӕ, Афекмӕ+, ӕмӕ ма дзы цы дыууын авд мин адӕймаджы баззад, уыдоныл горӕты къул ракалд+. Венадад дӕр горӕтмӕ балыгъд+ ӕмӕ иу хӕдзары рӕбинаг+ уаты бамбӕхст.

31 Уӕд ын йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Афтӕ фехъуыстам, Израилы паддзӕхтӕ, дам, фӕлмӕнзӕрдӕ паддзӕхтӕ сты+. Бар нын ратт, цӕмӕй нӕ астӕутыл+ хъисынтӕ+ ӕрбакӕнӕм, нӕ сӕртыл та бӕндӕнтӕ ӕрбабӕттӕм ӕмӕ Израилы паддзахмӕ ацӕуӕм. Кӕд дӕ удӕгасӕй* ныууадзид»+. 32 Ӕмӕ сӕ астӕутыл хъисынтӕ ӕрбакодтой, сӕ сӕртыл бӕндӕнтӕ ӕрбабастой ӕмӕ Израилы паддзахмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъар Венадад афтӕ зӕгъы: „Курӕг дӕ дӕн, ма мӕ амар“». Уый сын загъта: «Ӕмӕ ма ӕгас у? Уый ме ’фсымӕр у». 33 Венадады лӕггадгӕнджытӕ+ загътой, нӕ хъуыддаг хорз цӕуы, зӕгъгӕ. Уайтагъд ӕй бамбӕрстой, паддзах сӕ сайгӕ кӕй нӕ кӕны, ӕмӕ йын загътой: «О, Венадад де ’фсымӕр у». Ахав сын загъта: «Ацӕут, ӕрбакӕнут ӕй». Уӕд ӕм Венадад ӕрбацыд, ӕмӕ йӕ Ахав йӕ бӕхуӕрдоны сбадын кодта+.

34 Венадад ын загъта: «Мӕ фыд дӕ фыдӕй цы горӕттӕ+ байста, уыдон дын фӕстӕмӕ ратдзынӕн. Ӕмӕ мӕ фыд Самарийы йӕхицӕн уынгтӕ куыд равзӕрста, афтӕ ды дӕр Дамаскы дӕхицӕн уынгтӕ равзардзынӕ».

Уӕд ын Ахав загъта: «Гъемӕ кӕд афтӕ баныхас кодтам+, уӕд дӕ уадзын».

Уыйадыл Ахав Венададимӕ бадзырд скодта ӕмӕ йӕ ауагъта.

35 Пехуымпартӕй*+ сӕ иу Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ+ йе ’мбалӕн загъта: «Ныццӕв-ма мӕ». Фӕлӕ йын уый не сразы ис. 36 Ӕмӕ йын уӕд пехуымпар загъта: «Ды Йегъовӕйы ныхасмӕ нӕ байхъуыстай, ӕмӕ уый тыххӕй, мӕнӕй куы ацӕуай, уӕд домбайы амӕттаг фӕуыдзынӕ». Ӕмӕ куы ацыд, уӕд ӕцӕгдӕр домбай+ йӕ размӕ фӕци ӕмӕ йӕ амардта+.

37 Уӕд та ӕндӕр кӕмӕндӕр загъта: «Ныццӕв-ма мӕ». Уый дӕр ӕй ныццавта ӕмӕ йӕ тугӕрхӕм фӕкодта.

38 Уый фӕстӕ пехуымпар ацыд, фӕндаггӕрон слӕууыд ӕмӕ паддзахмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Цӕмӕй йӕ ма базыдтаиккой+, уый тыххӕй та йӕ цӕстытыл хӕцъил бабаста. 39 Ӕмӕ паддзах йӕ рӕзты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм фӕхъӕр кодта ӕмӕ йын загъта+: «Дӕ цагъар хӕсты тӕккӕ цӕхӕры куы уыд, уӕд мӕм иу чидӕр тохы быдырӕй фездӕхт, иу адӕймаджы мӕм ӕрбакодта ӕмӕ мын загъта: „Ацы адӕймаджы хъахъхъӕн. Куы дын алидза, уӕд дӕ уд+ уыдзӕн йӕ уды+ бӕсты, кӕнӕ та бафиддзынӕ иу ӕвзист талант“+. 40 Фӕлӕ цалынмӕ дӕ цагъар дыууӕрдӕм ралидз-балидз кодта, уӕдмӕ уыцы адӕймаг алыгъд». Уӕд ын Израилы паддзах загъта: «Гъемӕ дӕхӕдӕг дӕхицӕн стӕрхон кодтай»+. 41 Уӕд уый йӕ цӕстыты баст феппӕрста, ӕмӕ йӕ Израилы паддзах базыдта, ай мӕнӕ пехуымпартӕй куы у, зӕгъгӕ+. 42 Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз фесафинаг кӕй уыдтӕн+, уыцы адӕймаджы кӕй ауагътай, уый тыххӕй дӕ уд уыдзӕн йӕ уды бӕсты+, ӕмӕ дӕ адӕм та – йӕ адӕмы бӕсты“»+. 43 Ӕмӕ Израилы паддзах йӕ хӕдзармӕ мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕсастӕй+ аздӕхт ӕмӕ Самаримӕ+ ӕрцыд.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын