Иов
25 Уӕд шуахаг Вилдад+ загъта:
2 «Уый къухы сты ӕппӕт бартӕ дӕр, уый адӕймагыл ӕфтауы тас+.
Уӕлӕрвты ӕвӕры фарн.
3 Йе ’фсӕдтӕн нымӕц ис?
Ӕмӕ ахӕм ис, йӕ рухс кӕуыл нӕ кӕлы?
4 Зӕххон адӕймаг Хуыцауы раз раст куыд хъуамӕ уа?+
Сылгоймагӕй чи райгуырд, уый куыд хъуамӕ уа сыгъдӕг?+
5 Уӕлӕ мӕй – ӕмӕ уый дӕр ирд куы нӕу,
Ӕмӕ стъалытӕ дӕр йӕ цӕсты сыгъдӕг куы не сты.
6 Уӕд цӕмӕй хуыздӕр у зӕххон адӕймаг та – зулкъ йеддӕмӕ куы ницы у,
Ӕмӕ адӕймаджы фырт – уаллонӕй уӕлдай куы нӕу?»+