Исай
51 Байхъусут мӕм, рӕстдзинадмӕ чи тырны+, Йегъовӕйы чи агуры, уыдон+. Акӕсут-ма, къахт кӕмӕй ӕрцыдыстут, уыцы къӕдзӕхмӕ+, ӕмӕ ист кӕмӕй ӕрцыдыстут, уыцы дзыхъмӕ. 2 Акӕсут-ма Аврааммӕ+, уӕ фыдмӕ+, ӕмӕ Саррӕмӕ+, тухитӕ кӕнгӕ уӕ чи ныййардта, уымӕ. Аврааммӕ куы фӕдзырдтон, уӕд иунӕг уыд+. Ӕз ын раарфӕ кодтон ӕмӕ йӕ сбирӕ кодтон+. 3 Йегъовӕ ӕнӕмӕнг барӕвдаудзӕн Сионы зӕрдӕ+. Барӕвдаудзӕн ын йӕ хӕлддзӕгтӕ иууылдӕр+, йӕ ӕдзӕрӕг быдыр ын скӕндзӕн Едемы хуызӕн+, йӕ хус бынӕттӕ – Йегъовӕйы цӕхӕрадоны хуызӕн+. Уым уыдзӕни хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ циндзинад, хъуысдзӕн дзы арфӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ зарджытӕ+.
4 Байхъусут мӕм, мӕ адӕм, уӕ хъус мӕм ӕрдарут, ме ’взӕрст адӕмыхатт+, уымӕн ӕмӕ мӕнӕй рацӕудзӕн закъон ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн+, ӕмӕ мӕ тӕрхоны уынаффӕ адӕмтӕн уыдзӕн рухс+. 5 Мӕ рӕстдзинад хӕстӕг у+. Цы ирвӕзындзинад+ дӕттын, уый дӕм ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ мӕ цӕнгты хъаруйы фӕрцы адӕмтӕн кӕндзынӕн тӕрхон+. Сакъадӕхтӕ сӕ ныфс дардзысты мӕныл+ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты мӕ цонгмӕ+.
6 Скӕсут-ма арвмӕ+, акӕсут-ма зӕхмӕ. Арв фӕздӕгау атайдзӕн+ ӕмӕ зӕхх уӕлӕдарӕсау баихсидзӕн+, чи йыл цӕры, уыдон къогъотау амӕлдзысты. Фӕлӕ ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уый уыдзӕн ӕнустӕм+ ӕмӕ мӕ рӕстдзинад никуы фӕцуддзӕн+.
7 Байхъусут мӕм, рӕстдзинад чи зоны, мӕ закъон йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн ис, уыдон+. Зӕххон адӕмы цъыфкалӕн ныхӕстӕй ма тӕрсут, се ’фхӕрӕн ныхӕстӕ уын уӕ зӕрдӕты тас ма уадзӕнт+, 8 уымӕн ӕмӕ уыдоны рӕмпӕг дарӕсау бахӕрдзӕн, дарӕсы рӕмпӕг сӕ бахӕрдзӕн къуымбилау+. Мӕ рӕстдзинад та уыдзӕн ӕнустӕм, цы ирвӕзындзинад дӕттын, уый – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ»+.
9 Райхъал у, райхъал у, Йегъовӕйы цонг+, дӕхи сфӕлынд хъаруйы!+ Райхъал у, раджы заманты, рагон фӕлтӕрты заман куыд уыд, афтӕ+. Раавы ды нӕ ныппырх кодтай?+ Денджызы цӕрӕг стыр цӕрӕгойы ды нӕ барӕхуыстай?+ 10 Денджыз, ӕнӕкӕрон арф дӕттӕ, ды нӕ басур кодтай?+ Денджызы ӕрфыты ды нӕ акодтай фӕндаг, цӕмӕй йыл, ӕлхӕд чи ’рцыд, уыдон ахызтаиккой?+ 11 Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕна, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзысты ӕмӕ, цины хъӕр кӕнгӕйӕ+, Сионмӕ ссӕудзысты, ӕмӕ цин кӕндзысты ӕнустӕм+. Сӕ хай бауыдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад+, хъыг ӕмӕ мастӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн+.
12 «Ӕз, ӕз уын мӕхӕдӕг рӕвдауын уӕ зӕрдӕтӕ+.
Ау, куыд хъуамӕ тӕрсай, чи амӕлдзӕн, уыцы зӕххон адӕймагӕй+, цъӕх кӕрдӕджы бон кӕуыл акӕндзӕн, уыцы адӕймаджы фыртӕй?+ 13 Ау, Йегъовӕйы, де Сфӕлдисӕджы, куыд хъуамӕ ферох кӕнай+, арв чи айтыгъта+ ӕмӕ зӕххӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта+, уый? Ӕмӕ стӕй ӕнӕхъӕн бон куыд хъуамӕ тӕрсай, цыма дӕ фесафынмӕ хъавы+, уыйау дӕ алырдыгӕй чи ӕрӕлхъывта, уый судзгӕ мастӕй?+ Кӕм ис йӕ судзгӕ маст, алырдыгӕй дӕ чи ӕрӕлхъывта, уымӕн?+
14 Рӕхыстӕй баст чи у, уый тагъд ссӕрибар кӕндзысты+, цӕмӕй ингӕнмӕ ма ныххиза+ ӕмӕ цӕмӕй къӕбӕрцух ма ӕййафа+.
15 Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, денджыз афтӕ чи сызмӕнты, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ сызнӕт вӕййынц+. Йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+. 16 Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ де ’взагыл сӕвӕрдзынӕн+ ӕмӕ дӕ мӕ къухы аууонӕй бамбӕрздзынӕн+, цӕмӕй арв ӕрфидар кӕнон+, зӕххӕн бындур ӕрӕвӕрон+ ӕмӕ Сионӕн зӕгъон: „Сымах стут мӕ адӕм“+.
17 Райхъал у, райхъал у, сыст, о Иерусалим+, Йегъовӕйы къухӕй йӕ масты нуазӕн чи банызта+. Уыцы къус, расыггӕнӕн нуазӕн, иууылдӕр банызтай, ницыуал дзы ныууагътай+. 18 Кӕй ныййардта, уыцы фырттӕй+ йӕ иу дӕр нӕ кодта, кӕй схъомыл кодта, уыцы фырттӕй йын иу дӕр йӕ къухыл нӕ хӕцыд+. 19 Дыууӕ бӕллӕхы дӕ баййӕфта+. Ӕмӕ дын дӕ рыст чи бамбардзӕн?+ Бастыгътой дӕ ӕмӕ дӕ ныппырх кодтой! Сыдӕй мӕлыс ӕмӕ хъамайы амӕттаг бадӕ!+ Ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ чи ӕрсабыр кӕндзӕн?+ 20 Дӕ фырттӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕнынц+. Хызы чи бахауд, ахӕм хъӕддаг фыстау алы уынджы тигъыл дӕр хуыссынц+, бафсӕстысты Йегъовӕйы судзгӕ мастӕй+, дӕ Хуыцауы ӕфхӕрдӕй»+.
21 Уӕдӕ, дӕ хорзӕхӕй, байхъус, ӕфхӕрд ӕмӕ расыг сылгоймаг+ – фӕлӕ сӕнӕй расыг нӕ+. 22 Афтӕ зӕгъы дӕ Хицау Йегъовӕ, дӕ Хуыцау, йӕ адӕмы сӕрыл чи тох кӕны+, уый: «Расыггӕнӕн нуазӕн дын дӕ къухӕй райсдзынӕн+. Ӕмӕ уыцы къусӕй, мӕ масты нуазӕнӕй, нал бануаздзынӕ+. 23 Ӕз ӕй ратдзынӕн, чи дӕ мӕсты кодта, уыдоны къухмӕ+, афтӕ дын чи дзырдта: „Ӕргуыбыр кӕн, цӕмӕй дыл ацӕуӕм“, ӕмӕ ды дӕ фӕсонтӕй скодтай зӕхх, уынг, ӕмӕ йыл цыдысты»+.