147 Кадджын кӕнут Йагъы!+
Хорз у нӕ Хуыцауӕн зарын+,
Уый у зӕрдӕйӕн ӕхсызгон. Хуыцауы ӕмбӕлы кадджын кӕнын+.
2 Йегъовӕ аразы Иерусалим+.
Ӕмбырд кӕны, Израилы адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны+.
3 Уый дзӕбӕх кӕны+, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны+,
Бӕтты сын сӕ хъӕдгӕмттӕ+.
4 Стъалытӕ йын иууылдӕр нымад сты+,
Алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй+.
5 Нӕ Хицау у стыр Хуыцау, стыр у йӕ тых+,
Йӕ зондыл лӕджы зонд не ’ххӕссы+.
6 Йегъовӕ ӕххуыс кӕны сабыр адӕмӕн+,
Уый фегад кӕны фыдгӕнджыты+.
7 Йегъовӕйӕн кӕнут арфӕйы зарӕг+,
Дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъдмӕ зарут нӕ Хуыцауӕн+.
8 Уый арв бамбӕрзы мигътӕй+,
Зӕххӕн къӕвда ӕрцӕттӕ кӕны+,
Хӕхтыл сзайын кӕны цъӕх кӕрдӕг+.
9 Дӕтты хӕринаг сырдтӕн+
Ӕмӕ халоны лӕппынтӕн, хӕринаг куы фӕагурынц, уӕд+.
10 Уый нӕ кӕсы бӕхты хъарумӕ+,
Нӕдӕр адӕймагӕн йӕ къӕхты цӕрдӕгдзинадмӕ – йӕ зӕрдӕйӕн циндзинад уый нӕ хӕссы+.
11 Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн циндзинад хӕссынц, чи дзы тӕрсы, уыдон+,
Йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыцы адӕм+.
12 Ӕппӕл Йегъовӕйӕ+, о Иерусалим.
Кадджын кӕн дӕ Хуыцауы, о Сион+.
13 Уый дын дӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ сфидар кодта,
Раарфӕ дын кодта дӕ фырттӕн+.
14 Дӕ зӕххыл дын фарн ӕрцӕрын кодта+,
Мӕнӕуы хуыздӕрӕй дӕ ӕфсады+.
15 Зӕхмӕ ӕрвиты йӕ ныхас+,
Йӕ дзырд тынг тагъд тӕхы.
16 Уый дӕтты къуымбилы хуызӕн мит+,
Халас ныппырх кӕны фӕныкау+.
17 Дзулы муртау дӕлӕмӕ калы их+.
Йӕ уазалӕн чи бафӕраздзӕн?+
18 Рарвиты йӕ ныхас+, ӕмӕ атайынц.
Дымгӕ радымын кӕны+,
Ӕмӕ дӕттӕ цыхцырӕг фестынц.
19 Йӕ ныхас дзуры Иаковӕн+,
Йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ йӕ тӕрхӕттӕ – Израилӕн+.
20 Ӕндӕр никӕцы адӕмӕн дзуры уыдӕттӕ+,
Иннӕ адӕмтӕ йын нӕ зонынц йӕ тӕрхӕттӕ+.
Кадджын кӕнут Йагъы!+