Псалом
Амонӕгӕн. Давиды зарӕг.
31 О Йегъовӕ, ӕз де уазӕг бакодтон мӕхи+.
Ма бауадз, цӕмӕй фӕхудинаг уон+.
Фервӕзын мӕ кӕн дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+.
2 Дӕ хъус мӕм ӕрдар+.
Тагъддӕр, фервӕзын мӕ кӕн+.
У мын къӕдзӕхыл ӕвӕрд фидар мӕсыг+,
Фидар хӕдзар, цӕмӕй фервӕзон+.
3 Ды дӕ мӕ айнӕг къӕдзӕх ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг+,
7 Мӕ зӕрдӕ цинӕй райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзынӕн де ’нувыд уарзтыл+,
Уымӕн ӕмӕ мын федтай мӕ мӕстытӕ+,
Базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар+
8 Ӕмӕ мӕ знаджы къухмӕ нӕ радтай+.
Мӕ къах мын сӕвӕрдтай уӕрӕх ран+.
9 Батӕригъӕд мын кӕн, о Йегъовӕ, мӕ бон нал у+.
Мастӕй бакуырм дӕн+, мӕ уд удыл нал хӕцы, мӕ мидӕг хъару нал ис+.
10 Мӕ цард мастимӕ йӕ кӕронмӕ фӕцӕуы+,
Мӕ азтӕ мыл дзыназгӕйӕ фӕивгъуыйынц+.
Мӕ тӕригъӕды тыххӕй мӕ хъару фӕцудыдта+
Ӕмӕ ме стджытӕ слӕмӕгъ сты+.
11 Ме знӕгтӕн+ сдӕн фидиссаг+,
Мӕ сыхӕгтӕ мыл худӕгӕй мӕлынц+,
Мӕ зонгӕтӕ мӕ тӕрсынц+.
Уынджы мӕ куы фенынц, уӕд лидзынмӕ фӕвӕййынц+.
12 Мард куыд ферох вӕййы, афтӕ ферох кодтой мӕн дӕр+.
Саст мигӕнӕны хуызӕн сдӕн+,
13 Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕй хъусын мӕ фыдкой+,
Алырдыгӕй дӕр у тӕссаг+.
Иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуой+,
Уӕд фӕуынаффӕ кӕнынц мӕ амарыныл+.
17 О Йегъовӕ, ма бауадз, цӕмӕй фӕхудинаг уон, уымӕн ӕмӕ дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ+.
Фӕхудинаг уӕнт фыдгӕнджытӕ+,
19 Куыд стыр у дӕ хорздзинад!+ Ды йӕ ӕвӕрдӕй дарыс, чи дӕ тӕрсы, уыдонӕн+.
Йӕхи де уазӕг чи бакодта, уыдонӕн дзы хай кӕныс
Адӕймаджы фыртты цӕстыты раз+.
20 Ды сӕ де ’мбӕхсӕн бынаты* бааууон кӕндзынӕ+,
Иумӕ фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдонӕй+.
Дӕ халагъуды сӕ бамбӕхсдзынӕ, сӕ ныхмӕ чи дзуры, уыдоны ӕвзӕгтӕй+.
22 Ӕз та мӕ фыртыхстӕй загътон+:
«Фесафдзысты мӕ дӕ цӕстыты разӕй»+.
Фӕлӕ мын ды мӕ лӕгъстӕтӕ фехъуыстай, ӕххуысмӕ дӕм куы дзынӕзтон, уӕд+.