Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 27
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Рацыд 27:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:1; 40:29; 2Аз 4:1; Дзт 13:10

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ», 10/2020, 11 ф.

Рацыд 27:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 4:25; 1Пд 2:28; Пс 118:27
  • +Рц 38:2; Нм 16:38; 1Пд 8:64

Рацыд 27:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:3; Лв 16:12; 1Пд 7:45

Рацыд 27:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 35:16

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ», 10/2020, 11 ф.

Рацыд 27:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:4

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ», 10/2020, 11 ф.

Рацыд 27:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:6; Нм 4:14

Рацыд 27:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:7; Нм 4:15

Рацыд 27:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 25:40; 1Аз 28:12; Хъд 7:44; Дзт 8:5

Рацыд 27:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 40:8; 1Пд 6:36; 8:64; Пс 84:10; 92:13; 100:4
  • +Рц 38:9

Рацыд 27:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:10

Рацыд 27:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:11

Рацыд 27:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:12

Рацыд 27:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:13

Рацыд 27:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:14; 39:40

Рацыд 27:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:15

Рацыд 27:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 35:25; 38:18
  • +Рц 38:19

Рацыд 27:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:17

Рацыд 27:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 27:9

Рацыд 27:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:20; Нм 3:36

Рацыд 27:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 39:37; Лв 24:2

Рацыд 27:21

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «Ӕвдисӕнады».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 26:33; 40:3; Дзт 6:19; 9:2, 3; 10:20
  • +Рц 30:8; Лв 24:3; 2Аз 13:11
  • +Лв 21:21; Нм 16:40; 18:23; 2Аз 26:18
  • +Рц 28:43; 40:15

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Рац. 27:1Рц 38:1; 40:29; 2Аз 4:1; Дзт 13:10
Рац. 27:2Лв 4:25; 1Пд 2:28; Пс 118:27
Рац. 27:2Рц 38:2; Нм 16:38; 1Пд 8:64
Рац. 27:3Рц 38:3; Лв 16:12; 1Пд 7:45
Рац. 27:4Рц 35:16
Рац. 27:5Рц 38:4
Рац. 27:6Рц 38:6; Нм 4:14
Рац. 27:7Рц 38:7; Нм 4:15
Рац. 27:8Рц 25:40; 1Аз 28:12; Хъд 7:44; Дзт 8:5
Рац. 27:9Рц 40:8; 1Пд 6:36; 8:64; Пс 84:10; 92:13; 100:4
Рац. 27:9Рц 38:9
Рац. 27:10Рц 38:10
Рац. 27:11Рц 38:11
Рац. 27:12Рц 38:12
Рац. 27:13Рц 38:13
Рац. 27:14Рц 38:14; 39:40
Рац. 27:15Рц 38:15
Рац. 27:16Рц 35:25; 38:18
Рац. 27:16Рц 38:19
Рац. 27:17Рц 38:17
Рац. 27:18Рц 27:9
Рац. 27:19Рц 38:20; Нм 3:36
Рац. 27:20Рц 39:37; Лв 24:2
Рац. 27:21Рц 26:33; 40:3; Дзт 6:19; 9:2, 3; 10:20
Рац. 27:21Рц 30:8; Лв 24:3; 2Аз 13:11
Рац. 27:21Лв 21:21; Нм 16:40; 18:23; 2Аз 26:18
Рац. 27:21Рц 28:43; 40:15
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Рацыд 27:1–21

Рацыд

27 Акъацийӕ скӕн нывондхӕссӕн. Нывондхӕссӕнӕн+ йӕ цыппар фарсы дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – фондз ӕлмӕрины. Йӕ бӕрзӕнд та хъуамӕ уа ӕртӕ ӕлмӕрины. 2 Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн сыкъатӕ+. Сыкъатӕ хъуамӕ цӕуой йӕхицӕй. Ӕмӕ нывондхӕссӕныл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕр+. 3 Скӕн ын, сойӕдзаг фӕнык кӕдӕм ӕвгӕной, ахӕм мигӕнӕнтӕ дӕр, стӕй белтӕ, къустӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ. Уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр скӕн ӕрхуыйӕ+. 4 Скӕн ын сеткӕ+ дӕр ӕрхуыйӕ. Ӕмӕ йын йӕ цыппар къуымы та бафидар кӕн цыппар ӕрхуы цӕджы. 5 Сеткӕ бавӕр, нывондхӕссӕны кӕрӕттыл цы фӕлгӕтгонд уыдзӕн, уый бынмӕ, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕуӕй куыд уа, афтӕ+. 6 Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сыл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕр+. 7 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ бавӕр цӕгты – нывондхӕссӕн куы хӕссой, уӕд хъилтӕ уыдзысты дыууӕрдыгӕй+. 8 Нывондхӕссӕн скӕн фӕйнӕджытӕй, мидӕгӕй афтид куыд уа. Хохыл дын ӕвдыст куыд ӕрцыд, растдӕр ӕй афтӕ сараз+.

9 Цатыры алыварс скӕн кӕрт дӕр+. Негевы ’рдыгӕй, хуссар фарс, кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ дӕргъырдӕм хъуамӕ уой сӕдӕ ӕлмӕрины. Хъуамӕ уӕфт уой гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. 10 Уыцы фарсӕн хъӕуы дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕвзистӕй+. 11 Цӕгат фарс дӕр ӕмбӕрзӕнтӕ дӕргъырдӕм хъуамӕ уой сӕдӕ ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн дӕр хъӕуы дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕвзистӕй+. 12 Кӕртӕн уӕрхырдӕм ныгуылӕнырдыгӕй цы ӕмбӕрзӕнтӕ уыдзӕн, уыдон та хъуамӕ уой фӕндзай ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн хъӕуы дӕс цӕджындзы ӕмӕ дӕс бынӕвӕрӕны+. 13 Кӕртӕн скӕсӕнырдыгӕй дӕр йӕ уӕрх хъуамӕ уа фӕндзай ӕлмӕрины+. 14 Бахизӕнӕй иуырдӕм ӕмбӕрзӕнты дӕргъ хъуамӕ уа фынддӕс ӕлмӕрины. Ӕмӕ сын хъуамӕ уа ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны+. 15 Ӕмӕ бахизӕнӕй иннӕрдӕм дӕр ӕмбӕрзӕнты дӕргъ хъуамӕ уа фынддӕс ӕлмӕрины. Ӕмӕ сын хъуамӕ уа ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны+.

16 Кӕрты бахизӕнӕн дӕр скӕн, йӕ дӕргъ дыууын ӕлмӕрины кӕмӕн уа, ахӕм ӕмбӕрзӕн. Бауаф ӕй ӕрвхуыз цъӕх ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. Цӕджындзтӕ йын хъуамӕ уа цыппар, ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – цыппар+. 17 Кӕрты алыварс цӕджындзтыл се ’ппӕтыл дӕр хъуамӕ уа ӕвзист фидаргӕнӕнтӕ ӕмӕ сӕ зӕгӕлтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕвзистӕй. Сӕ бынӕвӕрӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ+. 18 Кӕртӕн йӕ дӕргъ хъуамӕ уа сӕдӕ ӕлмӕрины+, йӕ уӕрх – фӕндзай ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнӕн йӕ бӕрзӕнд та хъуамӕ уа фондз ӕлмӕрины. Ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. 19 Цатыры лӕггад кӕнынӕн цы мигӕнӕнтӕ хъӕуы, уыдон иууылдӕр, стӕй цатыры къӕбӕлтӕ ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ+.

20 Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй дын хӕссой сыгъдӕг оливӕйы сой цырагъдарӕны кӕнынӕн, йӕ цырӕгътӕ ӕдзухдӕр куыд судзой+. 21 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны* цур чи ис, уыцы ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй+, рухс судза изӕрӕй райсоммӕ+. Уый у закъон ӕнустӕм, ӕмӕ йӕ Израилы фырттӕ+ хъуамӕ ӕххӕст кӕной фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын