1 Самуилы
23 Цасдӕры фӕстӕ Давидӕн фехъусын кодтой: «Филистимӕгтӕ Кеилы+ ныхмӕ хӕцынц ӕмӕ найгӕнӕн мустӕй хор хӕссынц»+. 2 Давид Йегъовӕйы бафарста+: «Ацӕуон? Ныццӕгъддзынӕн уыцы филистимӕгты?» Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ацу, ныццӕгъддзынӕ сӕ ӕмӕ Кеилы цӕрджыты фервӕзын кӕндзынӕ». 3 Фӕлӕ Давидӕн йӕ адӕм загътой: «Ам мӕнӕ Иудӕйы+ зӕххы астӕу стӕм, ӕмӕ уӕддӕр тӕрсгӕ кӕнӕм. Ӕмӕ Кеилмӕ филистимӕгты+ ӕфсады ныхмӕ куы ацӕуӕм, уӕд та куыд кӕндзыстӕм?!» 4 Давид та Йегъовӕйы ногӕй бафарста+. Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Сыст ӕмӕ ныццу Кеилмӕ, уымӕн ӕмӕ дын ӕз филистимӕгты дӕ къухмӕ дӕттын»+. 5 Гъемӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм Кеилмӕ ацыдысты, филистимӕгтимӕ схӕцыдысты ӕмӕ дзы тынг бирӕ ныццагътой, сӕ фос та сын ратардтой. Афтӕ Давид Кеилы цӕрджыты фервӕзын кодта+.
6 Ахимелехы фырт Авиафар+ та Давидмӕ Кеилмӕ алыгъд. Йемӕ ӕрхаста ефод+. 7 Иуцасдӕры фӕстӕ Саулӕн фӕхабар кодтой, Давид Кеилмӕ+ ӕрцыд, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Саул загъта: «Хуыцау мын ӕй мӕ къухмӕ+ радта* – йӕхи къахӕй бацыд, йӕ кулдуӕрттӕ ӕхгӕд кӕмӕн сты, уыцы горӕтмӕ». 8 Саул адӕмы иууылдӕр хӕстмӕ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй Кеилмӕ ныццыдаиккой ӕмӕ Давидыл ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕртыхстаиккой. 9 Давид базыдта, Саул йӕ ныхмӕ фыдвӕнд кӕй скодта+, уый. Ӕмӕ сауджын Авиафарӕн загъта: «Ефод-ма рахӕсс»+. 10 Стӕй Давид загъта: «О Йегъовӕ, Израилы Хуыцау+, дӕ цагъар фехъуыста, Саулӕн йӕ зӕрды кӕй ис Кеилмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мӕн тыххӕй ацы горӕт ныппырх кӕнын+. 11 Кеилы цӕрджытӕ мӕ Саулы къухмӕ ратдзысты? Ӕрцӕудзӕн Саул ардӕм, дӕ цагъар куыд фехъуыста, афтӕ? О Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, курын дӕ, дӕ цагъарӕн дзуапп ратт». Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «О, ӕрцӕудзӕн»+. 12 Давид та йӕ бафарста: «Кеилы цӕрджытӕ мӕн ӕмӕ мӕ адӕмы Саулы къухмӕ ратдзысты?» Йегъовӕ йын загъта: «Ратдзысты»+.
13 Уӕд Давид ӕмӕ йӕ адӕм, ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы+ бӕрц, сыстадысты ӕмӕ Кеилӕй рацыдысты, ӕмӕ сын гӕнӕн кӕм уыди, уымыты рацу-бацу кодтой. Саулӕн фӕхабар кодтой, Давид Кеилӕй кӕй ацыд, ӕмӕ уый дӕр йе ’фсад нал ракодта. 14 Давид цард ӕдзӕрӕг быдыры, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм рӕтты, Зифы+ ӕдзӕрӕг быдыры, хӕхты. Саул та ӕдзухдӕр йӕ фӕдыл зылди+, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухмӕ нӕ лӕвӕрдта+. 15 Давид тарст Саулӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Саул марынмӕ хъавыд. Уӕд Давид ӕмбӕхст Хорешы+, Зифы ӕдзӕрӕг быдыры.
16 Саулы фырт Ионафан сыстад ӕмӕ Давидмӕ Хорешмӕ ӕрцыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауы ныфсӕй+ бафидар кодтаид+. 17 Ионафан Давидӕн загъта: «Ма тӕрс+, мӕ фыд Саулы къухмӕ нӕ бахаудзынӕ. Ды уыдзынӕ Израилы паддзах+, ӕз та уыдзынӕн дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый мӕ фыд Саул дӕр зоны»+. 18 Стӕй Ионафан ӕмӕ Давид Йегъовӕйы раз бадзырд скодтой+. Ӕмӕ Давид баззад Хорешы, Ионафан та йӕ хӕдзармӕ ацыд.
19 Иуцасдӕр куы рацыд, уӕд Зифы+ цӕрджытӕ Саулмӕ Гивӕмӕ+ ссыдысты ӕмӕ йын загътой: «Давид ӕмбӕхсы+ махмӕ хӕстӕг, Хорешы+, зын бацӕуӕн кӕдӕм у, уыцы рӕтты, Гахилы+ къуыбырыл, Йесимонӕн+ рахизырдыгӕй. 20 Кӕд дӕ фӕнды+, о паддзах, уӕд ӕрцу, ӕмӕ дын ӕй мах дӕ къухмӕ ратдзыстӕм»+. 21 Уӕд Саул загъта: «Йегъовӕ уын раарфӕ кӕнӕд+, кӕй мын фӕтӕригъӕд кодтат, уый тыххӕй. 22 Уӕ хорзӕхӕй, ацӕут, ноджыдӕр ма йӕм уӕ цӕст фӕдарут, базонут, кӕмыты вӕййы ӕмӕ йӕ уым чи федта: афтӕ мын загътой, тынг хин, дам, у+. 23 Дзӕбӕх кӕсут ӕмӕ сбӕрӕг кӕнут, кӕм фембӕхсы, уыцы бынӕттӕ иууылдӕр, стӕй мӕм бӕрӕг ныхас ӕрхӕссут ӕмӕ уӕд уемӕ ацӕудзынӕн. Кӕд уыцы бӕстӕйы ис, уӕд ӕй Иудӕйы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн*+ дӕр бацагурдзынӕн».
24 Уыдон дӕр сыстадысты ӕмӕ Саулы разӕй Зифмӕ+ ацыдысты. Давид ӕмӕ йӕ адӕм та уыдысты Аравӕйы+, Маоны+ ӕдзӕрӕг быдыры, Йесимонӕн хуссарырдыгӕй. 25 Саул йӕ адӕмимӕ йӕ агурӕг ацыд+. Давидӕн уый тыххӕй куы загътой, уӕд ацыд къӕдзӕхмӕ+ ӕмӕ Маоны ӕдзӕрӕг быдыры ӕмбӕхст. Саул уый куы базыдта, уӕд Маоны ӕдзӕрӕг быдырмӕ йӕ фӕдыл бахӕццӕ+. 26 Ӕппынфӕстаг Саул хохмӕ бацыд иуырдыгӕй, Давид ӕмӕ йӕ адӕм та уыдысты хохӕн иннӕрдыгӕй. Давид хъавыд Саулӕй йӕхи айсынмӕ+, фӕлӕ Саул ӕмӕ йӕ адӕм Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн алырдыгӕй сӕ фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕдтой, цӕмӕй сӕ ӕрцахстаиккой+. 27 Уалынмӕ Саулмӕ ӕрбахӕццӕ фидиуӕг ӕмӕ загъта: «Фӕтагъд кӕн, филистимӕгтӕ нын нӕ зӕхмӕ ӕрбабырстой!» 28 Уӕд Саул Давиды ныууагъта+ ӕмӕ ацыд, цӕмӕй филистимӕгтимӕ схӕцыдаид. Уыцы бынат Фӕхицӕны къӕдзӕх дӕр уымӕн схуыдтой.
29 Давид та уырдыгӕй ацыд ӕмӕ ӕмбӕхст Ен-Гедийы+, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, уыцы рӕтты.