Иов
3 Ныр мын дӕс хатты бауайдзӕф кодтат.
Ӕмӕ афтӕ дурзӕрдӕ кӕй стут, уый уӕм худинаг дӕр нӕ кӕсы+.
4 Кӕд ӕцӕгдӕр фӕрӕдыдтӕн+,
Уӕд мӕ рӕдыд мӕхи нӕ уыдзӕн?
5 Кӕд мӕм сымах уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсут+
Ӕмӕ, ӕгады бынаты кӕй дӕн, уымӕй афтӕ зӕгъут, афтӕ дын хъуыди, зӕгъгӕ+,
6 Уӕд ӕй зонут, Хуыцау мыл сайдӕй кӕй рацыд,
Йӕ ахсӕн хыз мыл ӕрбаппӕрста ӕмӕ йӕ ӕрбалвӕста+.
8 Мӕ фӕндаг мын дурӕй амад къулӕй ӕрӕхгӕдта+, ӕмӕ мын дарддӕр ахизӕн нӕй.
Мӕ къахвӕндӕгтӕ мын нытталынг кодта+.
9 Мӕ кад мын байста+,
Мӕ сӕрӕй мын мӕ кадыхуд систа.
10 Алырдыгӕй мӕ цъӕл кӕны, ӕмӕ сӕфын,
Мӕ ныфс мын бӕласау ӕдбындзар тоны.
11 Йӕ маст мӕм судзы+
Ӕмӕ мӕ нымайы йе знагыл.
12 Йе ’фсӕдтӕ ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ фӕндаг аразынц, цӕмӕй мӕм ӕрбабырсой+,
Мӕ цатыры алыварс сӕ цатыртӕ ӕвӕрынц.
13 Уый афтӕ бакодта, ӕмӕ мӕм мӕхи ӕфсымӕртӕ дӕр хӕстӕг нал цӕуынц+.
Чи мӕ зыдта, уыдон дӕр мӕм сӕ чъылдым сыздӕхтой.
14 Ме ’мбӕлттӕ фӕцыдӕр сты+,
Мӕ зонгӕтӕ мӕ ферох кодтой.
15 Ферох мӕ кодтой, мӕ хӕдзары цы ’рцӕуӕггӕгтӕ цӕры, уыдон+. Мӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ мӕ нымайынц ӕцӕгӕлоныл,
Ӕндӕрбӕстаджы хуызӕн сдӕн сӕ цӕсты.
16 Мӕ лӕггадгӕнӕгмӕ дзурын, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕтты.
Мӕхи дзыхӕй йын лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй мын фӕтӕригъӕд кӕна.
17 Мӕ комытӕф мӕ усӕн сӕнад+,
Мӕ мадызӕнӕгӕн, ме ’фсымӕртӕн, мӕ буары тӕфӕй сӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕны.
18 Гыццыл лӕппутӕ дӕр мыл сӕ былтӕ акъуырынц+.
Куыддӕр сыстын, афтӕ мӕ ӕфхӕрын райдайынц.
22 Хуыцау мӕ фӕдыл куыд зилы+, афтӕ сымах дӕр цӕмӕн зилут мӕ фӕдыл?
Мӕ буары фыдтӕ тонынӕй нӕма бафӕлладыстут?
23 Тӕхуды, мӕ ныхӕстӕ фыст куы ’рцӕуиккой!
Тӕхуды, ӕмӕ сӕ чиныджы куы ныффыссиккой!
24 Исчи сӕ ӕфсӕйнаг сартӕй+ ӕмӕ здыйӕ
Ӕнустӕм къӕдзӕхыл куы скъахид!
25 Ӕз ӕй зонын, мӕ Ӕлхӕнӕг+ ӕгас у.
Ӕз куы нал уон, уӕд уый фӕзындзӕн ӕмӕ мӕ зӕххы сӕрмӕ* ӕрлӕудзӕн+.
26 Мӕ царм мын бастыгътой, ӕмӕ мӕнӕ афтӕ дӕн!
Фыды мур мыл нал баззад, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы фендзынӕн.
27 Ӕз ӕй мӕхӕдӕг фендзынӕн+,
Ӕцӕгӕлоны цӕст нӕ, фӕлӕ йӕ мӕхи цӕст фендзӕн.
Мӕ уд бафӕллад ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй*.
28 Сымах дзурут: „Ома куыд зилӕм йӕ фӕдыл?“+ –
Цыма аххосджын мӕхӕдӕг дӕн.