118 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ+,
Уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм+.
2 Израил зӕгъӕд:
«Йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+.
3 Аароны хӕдзарвӕндагӕй чи у, уыдон зӕгъӕнт+:
«Йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+.
4 Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон зӕгъӕнт+:
«Йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+.
5 Тыхст уавӕры фӕсидтӕн Йагъмӕ+,
Ӕмӕ мӕ Йагъ фехъуыста ӕмӕ мӕ ракодта уӕрӕх ранмӕ+.
6 Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн+.
Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?+
7 Йегъовӕ у мӕ фарс, чи мын ӕххуыс кӕны, уыдонимӕ иумӕ+,
Ӕмӕ ӕз сӕрыстырӕй кӕсдзынӕн, йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонмӕ+.
8 Зӕххон адӕймагыл зӕрдӕ дарыны бӕсты+
Дӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакӕн+.
9 Кадджын лӕгтыл зӕрдӕ дарыны бӕсты+
Дӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакӕн+.
10 Адӕмтӕ мыл иууылдӕр ӕртыхстысты+,
Фӕлӕ сын Йегъовӕйы номӕй ныхкъуырд лӕвӕрдтон+.
11 Ӕртыхстысты мыл, мӕ алыварс ӕрлӕууыдысты+,
Фӕлӕ сын Йегъовӕйы номӕй ныхкъуырд лӕвӕрдтон.
12 Мыдыбындзытау мыл ӕрӕмбырд сты+,
Фӕлӕ сӕ зынг пыхсыты артау уайтагъд ахуыссыд+.
Ӕз сын Йегъовӕйы номӕй ныхкъуырд лӕвӕрдтон+.
13 Асхуыстой мӕ, цӕмӕй ахаудаин+,
Фӕлӕ мын Йегъовӕ баххуыс кодта+.
14 Йагъ у ме ’мбӕхсӕн ӕмӕ мӕ тых+,
Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг+.
15 Рӕстгӕнджыты+ цатыртӕй+ хъуысы
Цины хъӕр, ӕрцыд сын ирвӕзындзинад+.
Йегъовӕйы рахиз къух аразы хъомысджын хъуыддӕгтӕ+.
16 Йегъовӕйы рахиз къух бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кӕны+.
Йегъовӕйы рахиз къух аразы хъомысджын хъуыддӕгтӕ+.
17 Ӕз нӕ амӕлдзынӕн, ӕз цӕрдзынӕн+,
Цӕмӕй хъусын кӕнон Йагъы хъуыддӕгтӕ+.
18 Йагъ мӕ карзӕй бафхӕрдта+,
Фӕлӕ мӕ мӕлӕты къухтӕм нӕ радта+.
19 Бакӕнут мын рӕстдзинады кулдуӕрттӕ+.
Ӕз сыл бахиздзынӕн ӕмӕ Йагъы кадджын кӕндзынӕн+.
20 Уый у Йегъовӕйы кулдуар+.
Рӕстгӕнджытӕ йыл бахиздзысты+.
21 Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ фехъуыстай+
Ӕмӕ сдӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг+.
22 Аразджытӕ цы дур аппӕрстой+,
Уый сси фисыны сӕйраг дур+.
23 Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ+,
Ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы+.
24 Уыцы бон скӕнӕг у Йегъовӕ+,
Ӕмӕ уыцы бон нӕ зӕрдӕ райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзыстӕм+.
25 О Йегъовӕ, курӕг дӕ стӕм, фервӕзын нӕ кӕн!+
О Йегъовӕ, курӕг дӕ стӕм, раарфӕ нын кӕн!+
26 Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!+
Арфӕ уын кӕнӕм Йегъовӕйы хӕдзарӕй+.
27 Йегъовӕ у нӕ Хуыцау+,
Ӕмӕ нын дӕтты рухс+.
Бӕрӕгбонмӕ чи цӕуы, уыдоны срӕсугъд кӕнут+ бӕлӕсты къалиутӕй+,
Суанг нывондхӕссӕны сыкъаты раз дӕр+.
28 Ды дӕ мӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ кадджын кӕндзынӕн+.
Ды дӕ мӕ Хуыцау, ӕз дӕ бӕрзонд кӕндзынӕн+.
29 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хӕларзӕрдӕ+,
Уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм+.