Исай
46 Вил+ ныггуыбыр+, Нево ныкъкъӕдз. Сӕ гуымирытӕ+ сын сӕвӕрдтой хъӕддаг сырдтыл ӕмӕ хӕдзарон фосыл, фӕллад фосӕн систы хӕссинаг ӕмӕ уаргъ. 2 Уыдон ныкъкъӕдз уыдзысты, алкӕцыдӕр дзы ныггуыбыр уыдзӕн. Уыцы хуыцӕуттӕн сӕ бон нӕу сӕ гуымирыты фервӕзын кӕнын+, фос уаргъау кӕй фӕхӕссынц, уыдоны, ӕмӕ уыцы хуыцӕуттӕ сӕхӕдӕг* уацары бахаудзысты+.
3 «Байхъусут мӕм, Иаковы хӕдзарвӕндаг, сымах, Израилы хӕдзарвӕндагӕй ма чидӕриддӕр баззад, уыдон+. Ӕз уӕ уӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хастон, мады гуыбыны ма куы уыдыстут, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыл тыхстӕн+. 4 Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр ӕз уыцы Хуыцау дӕн+, уӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕд дӕр уын ӕз ӕххуыс кӕндзынӕн+. Ӕз архайдзынӕн+ ӕмӕ уӕ хӕсдзынӕн, ӕххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзын кӕндзынӕн+.
5 Кӕимӕ мӕ абардзыстут, чи у мӕн хуызӕн?+ Кӕимӕ мӕ абардзыстут, кӕй хуызӕн мӕ схондзыстут?+ 6 Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ се ’хцадонӕй сызгъӕрин ӕнӕвгъауӕй ӕркалынц ӕмӕ ӕвзист барӕнӕй сбарынц. Стӕй баххуырсынц зӕрингуырды, ӕмӕ дзы уый хуыцау саразы+. Ӕмӕ уыцы хуыцауы раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йын фӕкувынц+. 7 Се ’ккой йӕ фӕхӕссынц+, фӕхӕцынц ыл* ӕмӕ йӕ йӕ бынаты сӕвӕрынц, цӕмӕй уым лӕууа. Уый йӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкӕны+. Адӕймаг ӕм дзыназы, фӕлӕ йын уый дзуапп нӕ дӕтты ӕмӕ йӕ бӕллӕхӕй нӕ ирвӕзын кӕны+.
8 Адӕттӕ ӕрхъуыды кӕнут, цӕмӕй фӕныфсджын уат. Уӕ зӕрдӕмӕ сӕ айсут+, фыдгӕнджытӕ+. 9 Ӕрхъуыды кӕнут, райдианы, раджы заманты цы уыд+, уыдӕттӕ, ӕз кӕй дӕн Хуыцау+ ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй+, мӕн хуызӕн кӕй ничи у+. 10 Ӕз райдианӕй дзурын+, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый, раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ+. Ӕз зӕгъын: „Цы уынаффӕ рахастон, уый сӕххӕст уыдзӕн+, цыдӕриддӕр мӕ фӕнды – сараздзынӕн ӕй“+. 11 Ӕз фӕдзурдзынӕн, скӕсӕны чи ис, уыцы тугдзых маргъмӕ+, дард бӕстӕйы чи ис, уыцы лӕгмӕ, цӕмӕй мын мӕ уынаффӕ сӕххӕст кӕна+. Ӕз ӕй рахастон, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн+. Сфӕнд кодтон, ӕмӕ йӕ сараздзынӕн+.
12 Байхъусут мӕм, йӕ зӕрдӕ хивӕнд кӕмӕн у, уыдон+, рӕстдзинадӕй дард чи у, уыцы адӕм+. 13 Ӕз мӕ рӕстдзинад ӕрбахӕстӕг кодтон+. Уый дард нӕу+ ӕмӕ, цы ирвӕзындзинад дӕттын, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн+. Сионыл ратдзынӕн ирвӕзындзинад, Израилӕн ратдзынӕн мӕ рӕсугъддзинад»+.