Давиды михтам.
16 Хъахъхъӕн мӕ, о Хуыцау, уымӕн ӕмӕ мӕхи де уазӕг бакодтон+.
2 Ӕз загътон Йегъовӕйӕн: «Ды дӕ Йегъовӕ. Мӕ хӕрзӕгъдаудзинад дӕуӕн ницы дӕтты+,
3 Фӕлӕ зӕххыл цы сыгъдӕджытӕ цӕры, уыдонӕн.
Уыдон, уыцы кадджын адӕм, сты мӕ цин»+.
4 Ӕндӕр хуыцауы+ фӕдыл чи алидзы, уыдонӕн сӕ мӕстытӕ фылдӕр кӕнынц.
Ӕз нӕ хӕсдзынӕн туджы кувинӕгтӕ+
Ӕмӕ сӕ нӕмттӕ мӕ дзыхӕй не схаудзысты+.
5 Царды мидӕг Йегъовӕ у мӕ хай+ ӕмӕ мӕ нуазӕн+.
Дӕумӕ ӕвӕрд у мӕ хай.
6 Бынӕн мӕм цы ’рхауд, уый мӕ зӕрдӕйӕн у ӕхсызгон+.
Цы мӕм ис, уымӕй райгонд у мӕ уд.
7 Ӕз арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн, мӕнӕн уынаффӕ чи дӕтты, уымӕн+.
Суанг мын ӕхсӕвы дӕр мӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕ фӕамонынц зонд+.
8 Йегъовӕ ӕдзухдӕр ис мӕ цӕстыты раз+.
Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс+.
9 Уый тыххӕй райы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ уый тыххӕй цин кӕнын+.
Суанг мӕ буарӕн дӕр тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн+.
10 Ды мын мӕ уд ингӕны+ нӕ ныууадздзынӕ.
Иузӕрдион дыл чи у, уый нӕ бауадздзынӕ арф ингӕн+ фенын.
11 Ды мын бацамондзынӕ царды фӕндаг+.
Хӕлар цӕстӕй мӕм кӕсыс ӕмӕ мӕ зӕрдӕ у цинӕй ӕфсӕст+.
Адӕймаг дӕ рахиз фарс лӕууа – уый циндзинад хӕссы ӕнустӕм+.