Дыккаг закъон
30 Ӕппӕт ацы ныхӕстӕ уыл куы ’рцӕуой,– арфӕдзинӕдтӕ+ дӕр ӕмӕ ӕлгъыстытӕ+ дӕр, кӕй тыххӕй уын фехъусын кодтон, уыдон,– ӕмӕ уӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй ӕхсӕн ныххӕлиу кодта+, уыцы адӕмты ’хсӕн цӕргӕйӕ уӕ зӕрдыл куы ’рлӕууой+ 2 ӕмӕ куы раздӕхат уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ+ ӕмӕ йӕм куы хъусат, абон уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй куы ’ххӕст кӕнат, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фырттӕ дӕр+, 3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+. 4 Арвы кӕрон дӕр куы уат – уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ уырдыгӕй дӕр ӕрбакӕндзӕн ӕмӕ уӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн+. 5 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ кӕй бацахстой, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзыстут. Ӕмӕ уын араздзӕн хорздзинӕдтӕ ӕмӕ, уӕ фыдӕлтӕ цас уыдысты, уымӕй уӕ фылдӕр скӕндзӕн+. 6 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕхи зӕрдӕтӕн+ дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгты зӕрдӕтӕн дӕр сунӕт скӕндзӕн+, цӕмӕй уӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарзат ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй ӕмӕ цӕрат+. 7 Ӕмӕ Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, ӕппӕт ацы ӕлгъыстыты хай бакӕндзӕн уе знӕгты ӕмӕ уӕ йе сӕфт чи уыны, уӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны+.
8 Сымах та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхдзыстут ӕмӕ йӕм хъусдзыстут, ӕххӕст ын кӕндзыстут йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон+. 9 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын уӕ къухты фыдӕбонӕн раарфӕ кӕндзӕн+, ратдзӕн уын бирӕ зӕнӕг, бирӕ фос+ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад+, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг цард кӕндзыстут+, уымӕн ӕмӕ та Йегъовӕ цин кӕндзӕн сымахӕн хорздзинад аразгӕйӕ, уӕ фыдӕлтӕн хорздзинад аразгӕйӕ куыд цин кодта, афтӕ+. 10 Афтӕ уымӕн уыдзӕн, ӕмӕ сымах хъусдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕмӕ йын ӕххӕст кӕндзыстут йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ, ацы закъоны чиныджы фыст чи сты, уыдон+. Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ раздӕхдзыстут ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+.
11 Абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхст уын зынӕххӕстгӕнӕн нӕу, стӕй уӕ дард дӕр нӕу+. 12 Уӕларвыл нӕй, цӕмӕй зӕгъат: „Чи ссӕудзӕн уӕларвмӕ ӕмӕ нын ӕй чи ӕрхӕсдзӕн, цӕмӕй йӕ фехъусӕм ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм?“+ 13 Науӕд денджызы иннӕ фарс нӕй, цӕмӕй зӕгъат: „Чи ахиздзӕн денджызы иннӕ фарсмӕ ӕмӕ нын ӕй чи ӕрбахӕсдзӕн, цӕмӕй йӕ фехъусӕм ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм?“ 14 Уыцы дзырд дӕм хӕстӕг у, ис де ’взагыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы+, цӕмӕй йӕ ӕххӕст кӕнай+.
15 Мӕнӕ, абон уӕ разы ис цард ӕмӕ хорздзинад, мӕлӕт ӕмӕ фыддзинад+. 16 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдонмӕ, куы хъусат ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы уарзат+, йӕ фӕндӕгтыл ын куы цӕуат, йӕ фӕдзӕхстытыл+, йӕ уагӕвӕрдтыл ӕмӕ йын йӕ закъӕттыл+ фидар куы хӕцат, уӕд цӕрдзыстут+ ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзыстут. Ӕмӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ, цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уыцы зӕххыл арфӕ кӕндзӕн+.
17 Фӕлӕ уӕ зӕрдӕ Хуыцауӕй куы аздӕха ӕмӕ йӕм куы нӕ хъусат+, куы фӕрӕдийат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты раз уӕ зонгуытыл куы лӕууат ӕмӕ сын куы куват+, 18 уӕд та уын зӕгъын: сымах фесӕфдзыстут+. Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ цы зӕхмӕ бацӕудзыстут ӕмӕ цы зӕхх бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл бирӕ нӕ фӕцӕрдзыстут. 19 Арв ӕмӕ мын зӕхх ӕвдисӕн+: абон уӕ разы ис цард ӕмӕ мӕлӕт+, арфӕдзинад+ ӕмӕ ӕлгъыст+. Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат+ уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ+ дӕр. 20 Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+, хъусут ӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд ут*+, уымӕн ӕмӕ уын уый дӕтты цард ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон+, цӕмӕй цӕрат, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл»+.