Псалом
Давиды псалом.
27 Йегъовӕ у мӕ рухс+ ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад+.
Кӕмӕй хъуамӕ тӕрсон?+
Йегъовӕ у мӕ царды фидар мӕсыг+.
Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй?+
2 Фыдгӕнджытӕ мӕм куы ’рбалӕууыдысты, цӕмӕй мӕ аныхъуырой+,
Мӕ фыдгултӕ ӕмӕ ме знӕгтӕ+,
Уӕд сӕхӕдӕг фӕкалдысты ӕмӕ ахаудысты+.
3 Мӕ разы ӕнӕхъӕн ӕфсад куы ӕрӕвӕра йӕ цатыртӕ+,
Уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзӕн мӕ зӕрдӕ+.
Мемӕ куы схӕцой+,
Уӕд дӕр ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн+.
4 Иу хъуыддаг куырдтон Йегъовӕйӕ+,
Бӕлгӕ дӕр уымӕ кӕнын+,
Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзары уон цӕрӕнбонты+,
Цӕмӕй уынон Йегъовӕйы рӕсугъддзинад+
Ӕмӕ йӕ кувӕндонмӕ кӕсынӕй бафсӕдон+.
5 Бӕллӕхы бон мӕ йе ’мбӕхсӕн бынаты* бааууон кӕндзӕн+,
Бамбӕхсдзӕн мӕ йӕ цатыры, сусӕг бынаты+.
Схӕсдзӕн мӕ бӕрзонд къӕдзӕхмӕ+.
6 Ӕмӕ уӕд ӕз, мӕ алыварс цыдӕриддӕр знӕгтӕ ис, уыдонӕн сӕ сӕрты кӕсдзынӕн+,
Ӕмӕ йын йӕ цатыры ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ – цины хъӕр кӕндзынӕн+.
Йегъовӕйӕн цӕгъддзынӕн ӕмӕ зардзынӕн+.
9 Ма мӕ бамбӕхс дӕ цӕсгом+.
Мӕстыйӕ дӕ лӕггадгӕнӕджы дӕхицӕй ма аппар+.
Ӕххуысгӕнӕг мын у+.
Ма мӕ ферох кӕн ӕмӕ мӕ ма ныууадз, о мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+.
13 Ныр кӕм уаин, Йегъовӕйы хорздзинад удӕгӕсты зӕххыл кӕй фендзынӕн, уый мӕ куы нӕ уырныдтаид, уӕд?+